Алы нацийæн дæр йæ фидæн уæд уыдзæн рæсугъд, кæд æмæ йе ‘взаджы нормæтæ цæуой хъахъхъæдгонд. Цас фылдæр кусой æвзаджы лингвисттæ, уыйас сæхимæ фылдæр хæс хъуамæ исой  ахуырадон уагдæтты ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнджытæ, æвзаджы тыххæй зонæнтæ рæзгæ фæлтæрæн æххæстæй амоныны хъуыддаджы. Уыцы хæс кæуыл уа, уыдон хъуамæ æппынæдзухæй кусой, фыццаджыдæр, сæхиуыл, ахуыр кæной, лингвистттæ цы ногдзинæдтæ хæссынц  æвзагзонынадмæ, уыдон, зоной сæ фидарæй æмæ сæ бон уа сабитæн сæ сӕ кармæ гæсгæ амонын. Ирон æвзаг у тынг аив æмæ хъæздыг æвзаг, уый тыххæй домы, цæмæй йыл кусой фылдæр рæстæг, хъæздыгæй хъæздыгдæр кæной рæзгæ фæлтæры зонындзинæдтæ. Æрмæстдæр ахæм бæрнон куысты руаджы уыдзæн райсæн иттæг хорз бæрæггæнæнтæ ирон æвзагзонынады ахуырады æмæ йын уыдзæн размæдзыд фидæн.

15 майы нæ республикæйы банысан кодтой Ирон æвзаджы бæрæгбон. Уый цытæн уагъд æрцыдысты алыгъуызон мадзæлттæ, цыран дзырд цыд, ирон æвзаг цы фæлварæнты бахауд, цы ивддзинæдтæ йæм фæзынд нæ рагфыдæлтæй фæстæмæ æмæ цы уавæры ис ныртӕккӕ, æппæт уыдæттыл. Амынд цыдысты рæзгæ фæлтæрæн, ирон  æвзаг кæй у нæ ма-дæлон æвзаг æмæ йæ кæй хъæуы уарзын, дзурын ыл аив æмæ ма кæй хъæуы кад кæнын нæ рагфыдæлты æгъдæуттæн дӕр.

Иу ахæм мадзал 18-æм майы уагъд æрцыд нæ горæты скъола-интернаты скъоламæ цæттæгæнæн къорды хъомылгæнинæгтæ, 6-æм къласонтæ æмæ нæ горæты сывæллæтты 10-æм рæвдауæндоны 5-7 азы кары хæццæ къорды хъомылгæнинæгтимæ.

Мадзал бацæттæ кодтой скъола-интернаты хъомылгæнджытæ Бекъойты Маринæ, Санахъоты Мая, Джиголаты Зӕринæ, сывæллæтты 10-æм рæвдауæндоны хъомылгæнæг Куымæридтаты Ланæ æмæ музыкæ амонæг Остъаты Олеся,

Мадзалмæ хуынд æрцыдысты РХИ-йы Ахуырады министрады минӕвар Хæныкъаты Азæ, г. Цхинвалы администрацийы ахуырады  хайады кусӕг Гæджиты Луизæ, скъолайы хъомылгæнинæгтæ æмæ ныййарджытæ.

Мадзалы райдайæны хъомылгæнæг æмæ мадзаламонæг Бекъойты Маринæ  цыбыртæй æрдзырдта ирон æвзаджы историйыл æмæ Ирон æвзаджы бæрæгбоны равзæрдыл. Банысан кодта, ирон æвзаг кæй у нæ мадæлон æвзаг æмæ нæ сæйраг хæс у, цæмæй йæ зонæм тынг хорз, ахуыр æй кæнæм æрвылбон дæр. Уый фæстæ скъола-интернаты хъомылгæнинæгтимæ ӕрдзырдтой  æвзагсæттæн æмхъæлæсон мыр  «Х»-йыл, кӕцыйӕн йӕ нысаниуӕг уыд ирон дзырдтæ, дамгъӕ «Х»-йæ чи райдайынц, уыцы дзырдтӕ бафидар кæнын. Уый фæстæ мадзаламонæг сабитæн дзырдта ирон æмбисæндтӕ ӕмӕ сӕ нысаниуӕгыл. Сабитæ зыдтой тынг бирӕ ӕмбисӕндтӕ. Уый фӕстӕ аив сӕххӕст кодтой зарæг «Мах стæм æвзонг талатæ».

Сабитæ уыдысты хорз зæрдæйы равгыл, дзуапп кодтой тынг хорз æмæ равдыстой сæ зонындзинæдтæ. Уый та дзурæг у ууыл, уыдонимæ ирон æвзагыл куыст кæй цæуы ӕмбӕлон æмвæзадыл.

Хъомылгæнæг ма радзырдта сабитæн, нæ рагфыдæлтæм алы бæрæгбоны дæр кæй уагътой бæхты дугътæ ӕмӕ цы уыд сӕ нысаниуæг. Хъомылгæнинæгтæ ахъазыдысты «Бæхты дугътæ»  æмæ бӕндӕн ивазыны хъӕзтытӕй.

Мадзалы нывæстмæ гæсгæ сценæмæ хуынд æрцыдысты  скъола-интернаты  6-æм къласы ахуыргæнинæгтæ  Дзанайты Олег, Кӕсойты Кетино,  Хъуылымбегты Эрик ӕмӕ иннӕтӕ.  Уыдон аив бакастысты ирон æвзаджы тыххæй фыст  æмдзæвгæтæ «Ме ‘взаг», «Æз дæн ирон», «Ирон лæг» æмæ æндæртæ.

Цæттæгæнæн къорды сабитæ ма равдыстой инсценировкæ «Теремок» ирон æвзагмæ тæлмацæй.  Банысан кæнын хъæуы, ам сабитæ кæй равдыстой театралон цæттæдзинад, æххæст кодтой сæ ролтæ æнæкъуылымпыйæ, уыдысты хъæлдзæг æмæ сæ архайдæй сӕхӕдӕг дӕр истой  æхцондзинад.

Уый фæстæ сценæмæ хуынд æрцыдысты 10-æм рæвдауæндоны хъомылгæнинӕгтæ. Уыдон дæр равдыстой чысыл сценари «Мад æмæ фырт». Аив бакастытсты ирон æвзаджы тыххæй æмдзæвгæтæ.  Куыд фысымтæ, афтæ уазджытæ дæр уыдысты хъæлдзæг, сæ кармæ гæсгæ сæ зонындзинæдтæ дæр уыдысты зæрдæмæдзæугæ æмæ кæд нырма чысылтæ сты, уæддæр равдыстой сæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад ӕмӕ ӕнувыддзинад. «Мах сывæллæтты рæвдауæндоны сабиты æрбахуыдтам нæхимæ, сæйра-джыдæр, уый нысанæн, цæмæй нæ сабитæ зоной кæрæдзи, хъомыл сæ кæнæм кæрæдзимæ æмгарадон æмæ хӕлар ахаст дарын. Афтæ ма сабитæ кæрæдзийæ райсынц ног зонæнтæ, æмæ вæййы афтæ, ахуыргæнæджы амынд зынтæй чи фæахуыр кæны, уый йе ‘мкарæнтæй уайтагъд райсы уыцы зонæнтæ. Уымæ гæсгæ иумӕйаг ахуыртæ уадзынæн ис стыр хъомыладон нысаниуæг»,- загъта кæронбæттæны Бекъойты Маринæ.

Хуыгаты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.