20 май у, Ирыстоны ногдæр историйы тугæй фыст чи æрцыдысты, уыцы трагикон бонтæй сæ иу. Уыцы фыдракæнд уыд, 1989-1992 азты ирæтты  ныхмæ Гуырдзыстоны   геноциды иууыл карздæр æмæ æгъатырдæр эпизодтæй сæ иу.

1992 азы уалдзæджы тынг æндыгъд уыд уавæр Цхинвалы, гуырдзиаг фашисттæ алыгъуызон хæцæнгæрзтæй æхс-той горæт. Йæ хъахъхъæнджы-тæм кæд рæстмæ хæцæнгæрзтæ нæ уыд, уæддæр хъæбатырæй тох кодтой æмæ ныхкъуырд лæвæрдтой агрессорæн. Иууыл карздæр тохтæ цыд 9 майы. Уæд гуырдзиаг гарзджын баиугæндтæ хъавыдысты горæт бацахсынмæ, фæлæ та нæ хъæбатыртæ сæ ныхмæ фæлæууыдысты æмæ сæ фæндæй ницы рауад.   12 майы бабырстой Присы хъæумæ, амардтой 8 адæймаджы, уыдонæй дыууæйы ныссæстой сæ бронетехникæйы бын, 120 адæймаджы фæцæфтæ сты æмæ 500 адæймаджы та сæ хъæуæй лидзинаг фесты. Æртæ боны дæргъы Цхинвалы рынчындонмæ цæфтæй цы 120 адæймаджы бахаудысты, уыдонæй фæмард 15. Цхинвалы æмæ Знауыры районтæй 14 майы эвакуаци райдыдтой сывæллæтты æмæ сылгоймæгты. Адæм сæргой фесты æмæ цæгаты ‘рдæм лыгъдысты  Зары фæндагыл.

Уыцы æлгъыстаджы 20 майы бон дæр автобустæ, уæзласæн машинæтæ æмæ рог автомашинæтæ «царды фæндагыл» ластой адæмы, фæлæ уыцы фæндаг бирæтæн ссис, царды нæ, фæлæ мæлæты фæндаг.

11:45 сахатмæ æввахс  уæзласæн машинæ йæ гуыффæйыл лидзæг адæмæй йемыдзаг, афтæмæй араст Цхинвал-Зар-Дзауы фæндагыл. Горæтæй дзæвгар куы ахызтысты, уæд сæ ныфс бацыд, æнхъæлдтой, мæлæты дзыхæй раирвæзтысты. Фæлæ Зары  хъæуæй куы ахызтысты, уæд сæм хъæдæй, хъæддаг сырдтау, рахызтысты гæрзифтонг гуырдзиаг фашистты къорд æмæ гуырдзиагау хъæр æмæ хъыллистгæнгæ автоматтæй æхсын райдыдтой машинæты…  Фæмард лигъдæттæй  36 адæймаджы, уыцы нымæцы 10 сылгоймаджы, 8 – ацæргæ адæймаджы, дыууæ сывæллоны… Хуыцауы фæрцы сывæллæттæй цалдæр аирвæзтысты, сæ ныййарджытæ сæ сæ быны фæкодтой, афтæмæй.

Ацы æвирхъау цауы дыккаг бон  Цæгат Ирыстоны Сæйраг Совет ауагъта уæлвæткон сесси, цыран Иугонд Нациты Организацийæ æрдомдта, цæмæй æруромой, Гуырдзыстон ирæтты ныхмæ цы геноцид арæзтой, уый. Æртæ боны фæстæ та уыцы æвирхъау трагедийы ныхмæ Цæгат Ирыстоны Сæйраг совет уынаффæ райста, цæмæй æрæхгæдæуа, Цæгат Ирыстоны территорийыл Гуырдзыстонмæ цы газуадзæн цæуы, уый. Уæрæсейы политиктæ æмæ дунеон организацитæ дæр Гуырдзыстоны фæаххосджын кодтой сабыр цæрджыты ныццæгъдыны хъуыддаджы, кæцыты нымæцы уыдысты уæрæсейаг æмбæс-тæгтæ дæр. Уыцы рæстæджы Гуырдзыстоны къухдариуæгад, сæ “урс рувас” президент Эдуард Шеварднадзейы сæргълæудæй, æвæццæгæн, фæтарстысты дунейы бæстæты æрдыгæй фыдæхæй æмæ уыцы фыдракæнд  сæхи ‘рдыгæй схуыдтой хæстон фыдракæнд æмæ дзырд радта, кæй йæ раргом кæндзысты æмæ аххосджынтæ æфхæрд кæй баййафдзысты. Уыцы тугмондаг лæгмарты  Шевардна-дзе схуыдта æнæадæймæгтæ æмæ ирон æмæ гуырдзиаг адæмы знæгтæ. Уый «фидар» дзырд радта, æппæт дæр кæй сараздзæн фыдгæнджыты сбæ-рæг кæныны тыххæй. О, фæлæ хъуыддаг ууыл нæ фæцис. Гуырдзыстоны генералон тæрхондон цырд-цырд ауагъта фæдагурæн куыстытæ æмæ фæаххосджын кодта ирæтты, ома, дам, уыдон нæ фæнды, цæмæй рæстдзинад сбæрæг уа. Хуссар Ирыстоны Гуырдзыстоны бæрнджын, кæцы бадт Тбилисы, Робинзон Тушурашвили та фыдракæнды фæаххосджын кодта Звиад Гамсахурдиайы фарсхæцджыты. Уый фæстæ Шеварднадзе дæр сразы Тушурашвилийы ныхæстыл æмæ ууыл фесты «урс рувасы» «фидар» дзырдтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, сабыр цæрджыты ныццæгъдын æрмæст хæстон фыдракæнд нæу, фæлæ у геноциды акт дæр.

Дарддæр гуырдзиаг фарс нал архайдта ацы фыдракæнды аххосджынты сбæрæг кæныныл, уымæн æмæ  лигъдæтты фæцæгъдын кодта Тбилис йæхæдæг. Уый бæрæг уыд, Зары трагедийы удæгас чи баззад, уыцы Пухаты Вадимы ныхæстæй дæр. Уый куыд радзырдта, афтæмæй фыдракæнд цы бынаты æрцыд, уымæ хæстæг хъæды уый федта БМП-йы фæд. Хæстон машинæйæн зын уыд бæлæсты ‘хсæнæй рахизын æмæ уым æрурæдта, цы лæгхортæ йыл уыд, уыдон сæ сау хъуыддаг куы бакодтой, уæд фæстæмæ аздæхт Чъехы хъæуы ‘рдæм. Уыцы рæстæджы фистæг æфсады хæстон машинæтæ уыд æрмæстдæр гуырдзиаг тыхон структурæтæм. Гуырдзыстоны никæй хъуыд аххосджынты рабæрæг кæнын, уымæн æмæ уый уыдаид хи ныхмæ цæуын.

Гуырдзыстон демократоныл нымайы, æрмæстдæр йæхи мидæг цы процесстæ цæуы, уыдоны. Сæ арæнтæй æддейæ цы демократон процесстæ цæуы, уыдон дунеон барады нормæтæм гæсгæ арæзт куы цæуой, фæлæ Гуырдзыстоны пайдайæн куынæ уой, уæд сæ Гуырдзыстон «нæ уыны» æмæ сæ нымайгæ дæр нæ кæны.

Æгæрыстæмæй ма АИШ дæр Æввахс Скæсæны «фидауынгæнæг» операци æххæст кæнгæйæ, рæдыдæй сабыр цæрджыты куы фехсы, уæд басæтты йæ рæдыдыл. Фæлæ уыцы хъару Гуырдзыстонмæ нæ уыд æмæ, æвæццæгæн, нæ дæр уыдзæн. Уыдон нæ басастысты æмæ абоны онг дзуапп нæ радтой, Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны цæрæг ирон сабыр цæрджытæн цы фыдмитæ фæкодтой, цы фыдракæндтæ сарæзтой, уыдоны тыххæй. Уый нæ, фæлæ ма 2008 азы августы хæсты рæстæджы дæр Цъунарыл цы гуырдзиаг хæстон техникæ æрбатыдта, уыдон бацахстой Зары фæндаг æмæ горæтæй цы сабыр цæрджытæ лыгъдысты сæ удтæ аирвæзын кæныны æнхъæл, уыдоны куынæг кодтой, басыгътой æмæ фехстой дæсгай машинæты æд бæлццæттæ. Уыцы фæндагыл чи цыд, уыдонæй аирвæзтысты иугæйттæ.

1989 азæй 2008 азмæ ирæтты ныхмæ  фыдракæндтæ чи са-рæзта, уыдон абон дæр уголовон бæрндзинад нæ хæссынц. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ Гуырдзыстон йæ фыдракæндтыл никуы басæтдзæн æмæ ирон адæмæй хатыр ракурдзæн, уый ныфс Хуссар Ирыстоны ма хъуамæ уа.  Уыцы фыдракæндтæн ныббарæн нæй.

Абон Гуырдзыстон Женевæйаг дискусситы рæстæджы Гуырдзыстоны æнæхъæндзинад сæндидзын кæнын  æмæ Ирыстонæй гуырдзиаг лигъдæтты фæстæмæ Хуссар Ирыстонмæ æрбаздахыны тыххæй кæд дзуры, уæд мах та хъуамæ раразмæ кæниккам, гуырдзиаг фарс цы фыдракæндтæ сарæзта нæ адæмы ныхмæ, уыдонæн саргъ кæнын. Уымæй дарддæр ма Хуссар Ирыстон абхазæгтæ æмæ нæ хæларадон паддзахадтимæ иумæ хæстон трибуналмæ хъуамæ æркæниккам, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ хæстон  фыдракæндтæ чи сарæзта, уыдоны.

Цалынмæ Гуырдзыстон йæ фыдракæндтыл нæ басæтта, ирон адæмæн цы геноцид сарæзта, уый æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад нæ банымайа, уæдмæ фидыдадыл дзырд дæр нæ цæуы. Уый у нæ адæмы фæндон.

Мæ уацы кæрон мæ банысан кæнын фæнды, уыцы трагеди чи сарæзта, уыдон æнхъæлдтой, зæгъгæ, ирæтты уымæй фæтæрсын кæндзысты æмæ сæ басæтдзысты, фæлæ уымæй нæ фæцудыдтой ирон адæм, уый нæ, фæлæ ноджы тынгдæр æрбангом сты æмæ цæуыл тох кодтой, уый сæ къухы бафтыд  – абон сты хæдбар паддзахад.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.