18-æм июны Хуссар Ирыстоны адæм йæ фæстаг фæндагыл афæндараст кодтой РХИ-йы сгуыхт нывгæнæг, скульптор  Бекъойты Алан Кучукы фырты.

Уый райгуырд æмæ схъомыл Цхинвалы. Скъолайы фæстæ каст фæцис Тугъанты Махарбеджы номыл Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндон. Уыд Хуссар Ирыстоны Нывгæнджыты цæдисы уæнг æмæ бирæнымæц скульптурæты автор. Республикæйы цæрджытæн  хорз зонгæ уыд Цхинвалы  йæ скульптурон композицитæй, цыртытæй. Уыдон ‘хсæн сты зынгæ ахуыргонд, публицист, Адæмон фыссæг Джуссойты Нафийы цырт, нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы кæрты æвæрд Советон Цæдисы хъайтар Мамсыраты Хадзы-Умары цырт, Хетæгкаты Къостайы скверы поэмæ «Фатимæ»-йы хъайтары скульптурæ, Мамсырайы фырты уынджы фонтанимæ «Влюбленная пара»-йы скульптурæ æмæ бирæ æндæртæ. Йæ иннæ зынгæ куыст – дагъыстайнаг поэт Расул Гамзатовы бюст та æвæрд æрцыд Вокзалгæрон уынджы. Къаддæр æнтыстытæ йын нæ уыд нывкæнынады аивады дæр. Уæлдай хуыздæр ныв кодта пейзажтæ. Сгуыхт нывгæнæджы  нывтæй  бирæтæ  æвæрд сты аивадæн аргъгæнджыты сæрмагонд коллекциты.

Йе ‘ппæт цард нывонд уыд йæ уарзон дæсныйадæн. Æгæрыстæмæй, йæ рынчынæй дæр иууылдæр йæ зæрдæ дзырдта йæ уарзон дæсныйадимæ. Загъта-иу зæгъгæ, мæнæ сдзæбæх уыдзынæн æмæ адарддæр кæндзынæн мæ куыстытæ… Фæлæ йын хъысмæт æндæр фæндаг равзæрста æмæ йын нал бантыст кæронмæ йæ пълæнттæ сæххæст кæнын. Уый фæлдыста йæ райгуырæн горæт æмæ йæ радтæг адæмы хæрзиуæгæн. Йæ оригиналон идейæтæ здæхт уыдысты, цæмæй Цхинвалы уынгтæ уыдаиккой рæсугъд æмæ зæрдæмæдзæугæ.

Бекъойты Алан уыд  йæ райгуырæн Ирыстоны æцæг патриот. Чи йæ зыдта, уыдон æй бахъуыды кæндзысты хæларзæрдæ æмæ æгъдауджын адæймагæй.

Рухсаг у, Алан!

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.