Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан знон фембæлд хуссарирыстойнаг æвзонг спортсменты къордимæ. Уыдон 5-æм декабры хайад райсдзысты Мæскуыйы уагъдцæуæг VI-æм æмфыдыбæстæйонты дунеон хъæзтыты.

Фембæлды ма хайад райста Хуссар Ирыстоны «Россотрудничество»-йы минæварады къухдариуæггæнæг Сергей Скворцов.

Бæстæйы разамонæджы цæст æвзонг спортсментæн бауарзта æнтыстытæ, уымæн æмæ цы ерысты хайад исдзысты, уым æрмæст сæхи нæ, фæлæ æвдисдзысты сæ тренерты, ныййарджыты æмæ æгас Ирыстоны. Æрсидт сæм, цæмæй ноджы аккагæйдæр равдисой сæхи æмæ нæ республикæйы.

Бæстæйы разамынады æвæджиаг хæс та у, цæмæй нæ рæзгæ фæлтæры фарс лæууа æмæ сæ раст фæндагыл здаха. Ныфс бавæрдта, фæстæмæ уæлахизимæ æмæ майдантимæ кæй æрæздæхдзысты Ирыстонмæ.

Сергей Скворцов дæр æнтыстыты фæндиæгтимæ банысан кодта, Уæрæсейы æмæ уымæн æддейæ цæрæг сывæллæттæ хайад кæй райсдзысты дунеон хъæзтыты. Хуссар Ирыстонæй æвзонг спортсментæ волейбол, стъолы теннис æмæ шахмæттæй уæлахиздзауты ’хсæн хæлардзинад сфидар кæныны нысанæн уагъд цæуынц ацы хъæзтытæ.

Уым ма хайад исдзысты сывæллæттæ æндæр бæстæтæй. Нæ хуссарирыстойнаг рæзинаг фæлтæ-рæн фадат уыдзæн се ’мцахъхъæнтимæ ныхас кæнынæн спорты фадыджы æнтыстытыл æмæ æндæртыл.

Хусарирыстойнаг æвзонг спортсментæ æрмæст ерысты хайад нæ исдзысты, уыдонмæ æнхъæлмæ кæсы егъау культурон программæ дæр.

Мæскуымæ куы ныццæуой, уæд ерысты хайадисджытæн уагъд æрцæудзæн экскурси горæты. Бабæрæг кæндзысты павильон «Космос», ВДНХ æмæ тематикон парк «Патриот». Уымæй дарддæр сын фадат уыдзæн мæскуыйаг командæтæ «Спартак» æмæ «Динамо»-йы хоккейы матчмæ бакæсынæн, хоккейы дунеон легендæтимæ æввахсмæ ныхас кæнынæн. Мадзæлтты кæрон та сын уагъд æрцæудзæн дискотекæ.

Бузныджы ныхæстæ загъта Президент Гаглойты Аланæн, æмбаргæ ахаст кæй равдыста ацы æвзонг спортсменты балцмæ срæвдз кæныны хъуыддагмæ.

Æвзонг спортсменты тренертæ Дзабиты Роланд æмæ Кæсойты Изетæ дæр бузныджы ныхæстæ загътой бæстæйы разамынадæн æмæ ныфс бавæрдтой спорты фадыджы дарддæры хорз æнтыстытæй.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ æвзонг æмфыдыбæстæйонты ацы дунеон хъæзтытæ сты дунеон спортивон ерыстæ фæсарæнты цæрæг æмфыдыбæстæйонты сывæллæтты ’хсæн. Ацы ерыстæ организаци кæнынц «Россотрудничество», Уæрæсейы Спорт æмæ Ахуырад æмæ зонады министрадтимæ иумæ. Сæ инициатор у парти «Единая Россия», уагъд та цæуынц 2015 азæй фæстæмæ. Хуссар Ирыстонæй спортсментæ фæстаг дыууæ азы хайад нал райстой ерысты коронавирусы пандемийы рапарахаты аххосагæй.

Къæбулты Маринæ