Мамсыраты Османы фырт Темырболаты царды хабæрттæй бирæ нæ зонæм. Бирæ нæ зонæм йæ аивадон уацмыстæй дæр. Ныртæккæ нæм дзы цы ис, уымæй дзæвгар фылдæр ныффыста æмæ литературæиртасджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй баззадысты йе ‘вахс адæймæгтæм.

Темырболат райгуырд 1843 азы Цæгат Ирыстоны Мамсыраты хъæуы. Фæстæдæр сæ бинонтæ æрцардысты Бруты хъæуы. Дыууадæс азы йыл куы сæххæст, уæд – 1855 азы ацыд ахуыр кæнынмæ Бетъырбухы кадетон корпусмæ, каст æй фæцис 1860 азы. Райста корнеты цин æмæ йæ службæмæ арвыстой Харковы областмæ. Уым уыд 1865 азмæ. Уæд йæ мадыфсымæр инæлар Къуындыхаты Муссæ ирон пысылмон адæмы сцом кодта  се ‘мдин Туркмæ. Темырболаты нæ фæндыд йе службæ ныууадзын, фæлæ йæ мады ‘фсымæры куырдиатыл «нæ» зæгъын йæ бон нæ баци, сразы ис сæ бинонтæ æмæ сæ хæстæджытимæ ацæуыныл. Темырболат Туркмæ цахæм зæрдæйыуагимæ ацыд, стæй цас фæсмон кæны, уый та бынтон æргомæй равдыста, Туркмæ ныццæугæйæ фыццаг цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдонæй сæ иу «Сагъæстæ»-йы.

Дысон бонмæ бафынæй

Ме уæнгтæ нæ куырдтой,

Мæ цæстытæ дзагъырæй

Æрцъынд кæнын нæ куымд-той.

Уæ! Нæ хæхтæ, нæ бæстæ,

Куыд ма цæрæм уæ фæстæ!…

 

Æрыгон, зæрдæргъæвд афицерæн гæнæн уыд, æмæ скодтаид иттæг хорз æфсæддон ка-рьерæ, фæлæ Темырболат нæ бацыд туркаг æфсадмæ. Царди Батманташы хъæуы, цагъта ирон хъисфæндырæй, арæх-иу каст Кавказы хæхты ‘рдæм, сæ мысгæйæ куыдта æмæ фыста æм-дзæвгæтæ. Кодта зæххы куыст æмæ, æндæр ирæттау, йæхи дардта уымæй, фæлæ йæ йæ бæстæ æмæ адæмæй дарддæр кæй ницы æндæвта, уый бæрæг уыд дæлдæрзагъдгонд æмдзæвгæйæ.

Нæ райгуырæн нæ бæстæ,

Удæн уддæр ды куы дæ!…

Цард н ‘агурæм дæ фæстæ,

Зæрдæйы уæлæ хуыд куы дæ!…

Уæд дæр, æмæ абон дæр фæцæрæн ис кæмфæнды дæр, фæлæ Темырболат йæ адæм æмæ йæ бæстæ афтæ тынг уарзта, æмæ йе ‘мдзæвгæтимæ чи базонгæ вæййы, уыдонæй алчидæр банысан кæны, зæгъгæ, Темырболаты Турчы зæххыл нæдæр хур тавта æмæ йын нæдæр уæлдæф фаг кодта. Ацы хъуыдытæ уый ирдæй æвдисы йе ‘мдзæвгæ «Дыууæ æмбалы»-йы, цыран уый хъынцъымгæнгæ, дзыназгæ дзуры:

Нал зонын зарджытæ, –

Зæрдæ хуылфы куы бахус.

Кæд дæ хъæуы хъарджытæ,

Уæд мæм дзæбæх æрбайхъус.

 

Темырболаты поэзийы, сæйраджыдæр, æвдыст цæуы Туркмæ лидзæг ирæтты трагеди. Иууыл тыхджындæр æнкъарæн æм у райгуырæн бæстæйы уарзт. Йæ зæрдæ риссы, йæ адæм дыууæ дихы кæй фесты æмæ иуран дæр сæ фыдыуæзæджы амондыл схæцынхъом кæй не сты, уый тыххæй. О, фæлæ афтæ зæгъæм, æмæ Темырболаты йе ‘нкъард æмæ уæззау хъуыдытæ бынтондæр «сбырстой», йæ ныфс бынтондæр «ацъæл», уый зæгъæн дæр нæй. Хъысмæты фыдæнæн дарддæр архайдта æмæ ныфс æвæрдта йæхийау фæсмонгæнæг ирон адæймæгтæн. Уый та бæрæг у йе ‘мдзæвгæтæй сæ иуы рæнхъытæй.

Кæмдæриддæр дæ цæуæт,

Нæхи дæ номæй куы хæссæм.

Цыфæнды тых ныл æрцæуæд,-

Æгад нæ сæрмæ нæ хæссæм.

Ацы дзырдтæ фидар удыхъæдæй рацæугæ сты, уыцы миниуджытæй Темырболат дæр хайджын бæргæ уыд, фæлæ йæ йæ  адæмы иу хайы рæдыд æмæ рыст бадомдтой æмæ йыл æхсай азы дæр нæма сæххæст, афтæмæй йæ райгуырæн бæстæм бæлгæйæ, минмин азтæм сæхгæд сты йæ цæстытæ.

                                                                                          ГÆЗЗАТЫ Иван