Фараст азы размæ Уæрæсе банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад.

2008 аз, 26 август. Ацы бон райсомæй ницы уыйбæрц хицæн кодта хæсты фæстæйы иннæ бонтæй. Нал хъуыстысты мæлæтхæссæг æхстытæ. Хæст фæци, фæлæ дарддæр уавæр куыд уыдзæн, уый бæлвырдæй ничи зыдта. Ал-чидæр æнхъæлмæ каст ног хабæрттæ фехъусынмæ. Адæмы ‘хсæн цыдысты ахæм ныхæс-тæ, зæгъгæ, ма кæд сæндидздзæн нæ горæт, æмткæй нæ республикæ. Иутæ та дзырдтой, зæгъгæ, нæ Уæрæсе афтæ нæ ныууадздзæн æмæ тагъд рæстæджы нæ горæт, нæ республикæ дидин калдзæн.  Нæ адæм æй нымайынц æфсымæрон бæстæйыл, историон æмæ монон æгъдауæй æввахс бæстæйыл æмæ сæ уымæ гæсгæ стыр ныфс уыд Уæрæсейы Федерацийæ.  Фæлæ уал уæдмæ адæм, уæззау хъизæмæрттæ бавзарыны фæстæ, сындæггай се ‘муд цыдысты æмæ, кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ архайдта хæсты уæззау фæстиуджытæ æмæ фæдтæ аиуварс кæныныл.

Йæ бинонтæй гуырдзиаг фашистты къухæй кæмæн бабын, уыцы зианджынтæ фылдæр рæстæг уыдысты уæлмæрдты, архайдтой сæ мæрдты ингæнтæ бабæстон кæныныл. Йæ хæдзар кæмæн басыгъд æмæ ныппырх, уыдон та архайдтой сæхицæн рæстæгмæ балæууæндæттæ ссарыныл. Йæ цæрæн бынат кæмæн аирвæзт, уыдон дæр нæ баззадысты æнæ хъуыддагæй – сыгъдæг кодтой æмæ æфснайдтой æрдæгпырх къуымтæ, кæртытæ. Иудзырдæй, хæст алкæмæндæр ссардта йæхи «куыст». Уыцы тугуарæн хæст нæ ахызт ацы рæнхъыты авторы фатеры иувæрсты дæр, кæд тыхджын нæ, уæддæр ыл йæхи рахафта. Уæззау артиллерийы æмæ танкты æхстыты тыхджын уылæнтæй нæ фатеры æрбахизæны дуар фæиппæрд йæ бынатæй æмæ нал дæр гом кæнын куымдта æмæ нал дæр – æхгæнын æмæ ивинаг фæци. Знаджы нæмыгæй цæрдхуынкъ фæци нæ дарæсæфснайæн скъаппы дуар.

Егъау снаряды стыр схъис сæмбæлд фатеры раззаг стыр рудзынджы фæлгæтыл æмæ йæ йæ бынатæй фезмæлын кодта – стыр цæрдхуынкъ æй фæкодта. Нæмыг бахъыгдардта къæбицы къулы кафелы дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, ныппырх æмæ ныммур сты рудзгуыты æвгтæ се ‘ппæт дæр. Фæлæ уæддæр бузныг Хуыцау æмæ Уæрæсейæн, æппæт ранымад фыдбылызтæ, кæйдæрты уавæртимæ абаргæйæ, сæ койы аккаг дæр не сты, лыстæг хъуыддæгтæ сты. Фæлæ уыцы лыстæг хъуыддæгты дæр аиуварс кæнын хъуыд. Æмæ нын уыцы хъуыддаджы баххуыс кодта иу хуыцауысконд уырыссаг лæг. Уый тынг схæлар мæ цардæмбалимæ. Цæгат Ирæй, дам, æрцыдтæн æххуыс кæнынмæ. Тыхст адæ-мæн, дам, кæд истæмæйты сæ къух фæрог кæнин. Йæ ном Саня хуынд. Уый уæл-дай хуыздæр арæхст электрон куыстытæм. Йæ ныхæстæм гæсгæ, кæддæр уæлдæр ахуыргæнæндоны лекцитæ каст электротехникæйæ. Уый хорз арæхст авг лыгкæнынмæ дæр æмæ нын цыбыр рæстæгмæ нæ рудзгуытыл бакодта зæронд æвгты лыггæгтæ. Авг кæм не сфаг, уым та сыл целлофан байтыгъта. Ахæм куыстытæ кодтой мæ сыхæгтæ дæр. Цас-дæр рæстæг горæты уынгтæ не ссыгъдæг сты алыгъуызон пырхæнтæй, æвгты згъæлæнтæй. Афтæ мæм каст, цыма æппындæр никуыуал ссыгъдæг уыдзæн нæ чысыл, фæлæ хъайтар горæт. Фæлæ адæймаг диссаг у, сындæггай йæ гаччы бадын райдыдта. Къуыримæ райдыдтам куыстмæ цæуын, кæд горæты рухс нæма уыд, уæддæр электрогенераторы руаджы рацыд газеты фыццаг номыр дæр.

Æрбалæууыд 26 август. Сихорафон куысты кабинеты бадгæйæ мæм æрбайхъуыст ме ‘мкусæг Танделаты Виленæйы цины хъæлæба. Æз дæр уайтагъд рахызтæн коридормæ хабар базонынмæ. Уый мын загъта, зæгъгæ, ныртæккæ редакторы кабинеты телевизормæ кастæн æмæ, зæгъ, мæхи хъусæй фехъуыстон Уæрæсейы Федерацийы Президент Дмитрий Медведевы Барамынд Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы хæдбардзинад банымайыны тыххæй. Мах, редакцийы кусджытæ иууылдæр æрбамбырд стæм æмæ фырцинæй чи кæугæ кодта, чи та –  худгæ, афтæмæй кæрæдзийæн хъæбыстæ кодтам. Цин кодтам, æнусты дæргъы хуссайраг ирæттæ цæмæ бæллыдысты, ирон адæм йæ тугæй кæй балхæдта, уыцы хæдбардзинадыл. Горæт æхст, хъæлæба фестад, уынгты ахизæнтæ нал уыд, фæлæ ацы хатт нæ хæстон лæппутæ кодтой цины æхст. Адæмы цинæн ма кæм уыди кæрон, кæрæдзимæ хæрзæгкурæггаг цыдысты. Театралон фæзуаты адæм æрæмбырд сты æмæ æгæрон цин кодтой тугæй æлхæд хæдбардзинадыл. Фæстаг азты ахæм стыр циндзинад никуыуал банкъардтой Хуссар Ирыстоны цæрджытæ æмæ цин кодтой, кæд нырма сæ цæсгæмттыл æрхæндæгдзинад æнкъардæуыд, уæддæр. Бацыди сæ царды ныфс, бацыди сæ рухс фидæны ныфс æмæ нæ фæрæдыдысты. Ныр фараст азы нал хъусæм æхстыты хъæрмæ, нæ сывæллæтты нал æмбæхсæм нæмгуытæй ныккæндты къуымты. Æмæ уый кæуылты хæрзиуæг у, уый та хуссарирыстойнаг цæрджытæй хуыздæр чи зоны.

Хæстæфхæрд æмæ æнкъард Хуссар Ирыстон алырдыгæй йæ туджы мæцгæ хъæдгæмттæй хъæрзыдта æмæ йын æвдадзы хосау фæци, Стыр Уæрæсе йын йæ хæдбардзинад кæй банымадта, уый. Æппынфæстаг æфхæрд ирон адæмыл æрцыд стыр хæрзиуæг, сæххæст се ‘нусон бæллиц, сæ къухты бафтыд, дæргъвæтин азты удуæлдай тох цæуыл кодтой, уый – ирон тугæй æлхæд сæрибардзинад.

2008 азы 26 августæй фæстæмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ се ‘ппæт дæр райстой юридикон æгъдауæй хæдбар паддзахады æмбæстæгты нæмттæ. Уый тыххæй сын фæстæдæр (историйы фыццаг хатт) лæвæрд æрцыд сæрмагонд æвдисæндартæ – Республикæ Хуссар Ирыстоны паспорттæ!

Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон адæмы хъæдгæмттæ æгæр арф сты æмæ арф хъæдгæмттæ та æрæгмæ гас кæнынц… Æмæ кæддæр куы байгас вæййынц, уæддæр цæрæнбонтæм нысæнттæй баззайынц… Фæлæ афтæ стыр хъизæмæрттæ æмæ дудгæбæтты фæстæ хуссарирыстойнаг адæм сæрибарæй сулæфыдысты. Хуыцау зæгъæд, афтæ цы уа æнустæм! Уадз, Ирыстоны фидæны фæлтæртæ рæзæд сæрибар, хæдбар æмæ дидинæфтаугæ бæстæйы. Ирыстон макуыуал фенæт хæст!

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.