18 августы Гуырдзыстоны Америкæйы Иугонд Штатты минæвар Ян Келли бацыд Хуссар Ирыстонимæ арæнмæ æввахс гуырдзиаг хъæу Ергнетмæ, цыран фехъусын кодта, зæгъгæ, «оккупаци бирæ нæ ахæсдзæн æмæ ацы арæны нысæнтæ бирæ нал баззайдзысты».

Ацы хъусынгæнинаджы тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр сарæзта комментари.

Уый куыд загъта, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæнмæ æввахс америкæйаг минæвары хъусынгæнинаг уыд Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинад сæндидзын кæныны тыххæй кураторы фæстаг бафæлвæрды хуызæн.

«Паддзахадон арæнмæ хæстæг уыцы ритуалон раныхас фылдæр уыд раздæры ныхæсты хуызæн, фæлæ хицæн кодта иу хъуыддагæй; ацы хатт акцийы организаторты ацæргæ лæджы лæггæдтæ нал бахъуыдысты», – загъта Медойты Димитр.

Америкæйаг минæвары зæрдыл æрлæууын кæнын   хъуыд, Паддзахадон арæн, кæцыйы уый федта йæхи цæстæй, у реалондзинад æмæ сырæзт Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны агрессийы фæстиуæгæн.

«Гуырдзиаг къухдариуæггæнджыты дæр æмæ сæ ныгуылæйнаг кураторты дæр нæ фæнды феной уæвæг æцæгдзинад, фæлæ уый у ахæм, æмæ 2008 азы августы Гуырдзыстоны тыхæй сабырдзинадмæ куы æркодтой, уæд Фæскавказы фæивта политикон картæ, йæ уæлæ фæзындысты Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхаз.

Афтæ кæй дзурынц, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз оккупацигонд сты Уæрæсейæн, уымæн нæй нæдæр фактон æмæ нæдæр барадон бындур», – банысан кодта РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр.

Сæрмагондæй ма Келлийы тыххæй уый йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, «9 азы дæргъы регионы сабыр æмæ æнцойад кæй уыд, уый фæстиуæгæн гæнæн уыд хатдзæг саразынæн, Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинадæн тас кæй нæ у, уый тыххæй. Æнæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæй Гуырдзыстон ссис ИНО-йы нымад паддзахад».

Гуырдзыстон æмæ НАТО-йы æнгом æмгуыстады рæстæджы ахæм хъусынгæнинæгтæ сты катайаг, уымæн æмæ цырын кæнынц тбилисаг политикты реваншистон монцтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.