Юстицийы службæгæнджыты профессионалон бæрæгбоны Хуссар Ирыстоны Юстицийы министр Лалыты Залинæ фембæлд дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттимæ æмæ сын радзырдта, ведомство йæ сырæзтæй фæстæмæ куыд ивта, цахæм закъæттыл куыстой æмæ кусынц, абон министрады раз цы хæстæ æвæрд ис æмæ сæ куыд æххæст кæнынц, уыдоны тыххæй.

«Æз тынг æхсызгонæй исын арфæтæ. Бузныг  сæ хъарм ныхæстæ æмæ фæндиæгты тыххæй. Æз фæндвидарæй зæгъдзынæн Юстицийы министрад кæй кусы æмæ дарддæр дæр кæй кусдзæн нæ республикæйы хæрзæбонæн.

Куыд республикæйы æххæстгæнæг органтæн сæ фылдæр, афтæ нæ ведомство дæр арæзт æрцыд 1992 азы 27 майы.  2019 азы коллектив бахатыд Президентмæ, цæмæй 27 май нысан цæуа Юстицийы кусджыты боныл. Кæй зæгъын æй хъæуы, Бибылты Анатоли нæ куырдиатыл сразы æмæ ныр æртыккаг аз нысан кæнæм нæ профессионалон бæрæгбон», – журналисттæн радзырдта Юстицийы министр Лалыты Залинæ.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, паддзахад размæ куыд цыд, афтæ ивта Юстицийы министрад дæр, ивтой йæ функцитæ. Ныртæккæ министрады кусы 300 адæймаджы бæрц.

Дарддæр министр радзыдта, ведомствойы раз цы хæстæ ис, уыдоны тыххæй.

Бæрæг куыд у, афтæмæй республикæйы цæрджытæн алы хатт фадат нæ фæвæййы юридикон æххуыс райсыны тыххæй адвокат баххуырсынæн. Уыцы хъуыддаг, бирæ хатт баст вæййы куыд æхцайы фæрæзты хъуагдзинадимæ, афтæ æмбæстæгтæ сæ бартæ æмæ Хуссар Ирыстоны цы закъæттæ уæвынад кæнынц, уыдон куыд æмбæлы, афтæ кæй нæ зонынц, уыимæ дæр.

Лалыты Залинæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй  министрад йæ разы æрæвæрдта иу къорд хæсы, кæцыты сæххæст кæндзысты 2021 азы. Уыцы хæслæвæрдтæй иу у барадон нигилизм скуынæг кæнын. Уыцы фарстмæ министрад бацыд  стыр бæрндзинадимæ. Бакуыстгонд æрцыд концепци, программæ æмæ Президенты барамынды проект.

Министры ныхæстæм гæсгæ, цыбыр рæстæгмæ уый тыххæй æппæт документтæ æрвыст æрцæудзысты Президентмæ æмæ йæм бахатдзысты, цæмæй системон суа æнæаргъ юридикон æххуыс.

«Уыцы нормæ фыст у наториаты закъондæттынады бындурты тыххæй закъоны, ахæм æххуыс кæны адвокатты палатæ дæр, фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, уыцы фадыджы куыст хъуамæ уа системон», – загъта министр.

Юстицийы министр куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйы æппæт административон иуæгты дæр ис нотариалон  конторæтæ, уыдонæн уæлæмхас сæ бæрны бакондæуыд æнæаргъæй юридикон æххуыс бакæныны функцитæ.

Министрады сæргълæууæг куыд бамбарын кодта, афтæмæй æнæаргъæй æххуыс кæндзысты æнæзмæлгæ мулчы барты регистрацийы фæдыл хайадтæ дæр.

Лалыты Залинæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй йæ дæлбар министрад бацæттæ кодта телеалæвæрд «Вестник Закона». Ацы алæвæрды руаджы адæмæн хъусын кæндзысты, алы æмæ алы фадгуыты Юстицийы министрад цы кусы, уыдæтты тыххæй.

Министр радзырдта, бакуыстонд кæй æрцыд  цæрæнуатон политикæйы тыххæй закъоны проект, цыран нысан æрцыд æмбæстæгты æххуырст цæрæнуатæй сифтонг кæнын, уый фæстæ йæ балхæныны баримæ.

«Закъоны проект ис  Президенты Администрацийы æмæ Хицауадмæ. Ныфс мæ ис, ног къуыри йæ Парламентмæ кæй арвитдзысты æмæ тагъд рæстæджы ист кæй æрцæудзæнис, уымæй», – загъта министр.

Ведомствойы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, уыцы функци Юстицийы министрадмæ нæ хауы, фæлæ 2020 азы Президент Бибылты Анатоли Парламентмæ æмæ адæммæ йæ Ныстуаны министрадæн бахæс кодта, цæмæй бакуыстаиккой  цæрæнуатон политикæйы тыххæй закъоны проектыл, цæрæнуат хынцын æмæ йæ дих кæныны фадыджы. Уæвæг закъоны бындурыл бакуыст æрцыд закъоны проект, кæцыйы сконды ис ног нормæ, «социалон æххуырсты» бæсты нысан æрцыд «æххуырст цæрæнуат, фæстæдæр æй балхæныны баримæ». Закъоны проектмæ гæсгæ, æмбæстаджы цæрæнуат куы хъæуа, кæнæ йæ йæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæнын куы фæнда, уæд хъуамæ горæты кæнæ районы администрацийы хыгъды слæууа, йæхи срегистраци кæна æмæ бадзырдыл йæ къух æрфысса  æххуырст цæрæнуат райсыны æмæ йæ уый фæстæ балхæныны баримæ. Уыцы цæрæуаты аргъ нæ уыдзæн, цас ыл бахардз уа, уымæй фылдæр.

Министр радзырдта 2021 азы 1-æм январы йæ тыхы бацæуæг паддзахадон æмæ æмбæстагон службæйы тыххæй закъон æххæстхъомысæй кæй нæма кусы, уый тыххæй дæр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Закъон йæ тыхы бацыд 2021 азы 1-æм январы, фæлæ нырма æххæстхъомысæй нæ кусдзæн, цалынмæ йæ дæлзакъонон акттæ ист не ‘рцæуой, уæдмæ. Президенты бахæсмæ гæсгæ, уыцы закъон æххæстхъомысæй хъуамæ скуса июны мæйы.

«Бæрæг аххосæгтæм гæсгæ, закъон ист нæ цыд. Ныры къухдариуæгад аскъуыддзаг кодта æмæ радта ахæм хæслæвæрд, цæмæй бакуыстæуа паддзахадон æмбæстагон службæйы тыххæй закъоныл. Уый фæстиуæгæн æрмæст закъоныл нæ бакуыстæуыд, фæлæ ма – архайды уæрæх планыл дæр, кæцыйы сфидар кодта республикæйы  Хицауад. Мах куыстам уыцы планмæ гæсгæ, кæцыйы нысан уыд паддзахадон æмбæстагон службæйы тыххæй закъоныл бакусын. Уыдис ма дзы дыууæ закъоны проект æмæ 30-40 дæлзакъонон акттæ», – загъта Лалыты Залинæ æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ауагъдæуыд организацион-штатон мадзæлттæ æмæ бæрæг æрцыдысты паддзахадон æмбæстагон службæгæнджытæ функционалмæ гæсгæ, иннæтæ та раконд æрцыдысты бюджетон фадыгмæ.

Министр дзуаппытæ радта журналистты æндæр фарстатæн дæр.

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.