Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъ-хъæнынады министрады дæлбар Ка-детон скъолайы æрæджы уыд хæрзаудæн фонд «Мир-Мост-Осетия»-йы премитæ радтыны цытджын церемони. Ацы фонды директор Тадтаты Таймураз куыд фехъусын кодта, афтæмæй ног ахуыры азæй Кадетон скъолайы хуыздæр ахуыргæнинæгтæ исдзысты Суворовы номыл Цæгат-Кавказаг ахуыргæнæндоны рауагъдон, инæлар-лейтенант Алексей Шишков æмæ хуссарирыстойнаг хъайтар, дзæнæттаг Багаты Амираны номыл стипендитæ.

Цытджын мадзалы хайад райстой РХИ-йы Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Сабанты Инал, Кадетон скъолайы директор Баликъоты Фатимæ, фонды директор Тадтаты Таймураз æмæ ахуыргæнинæгты ныййарджытæ.

Тадтаты Таймуразы ныхæстæм гæс-гæ, стипендитæ исдзысты 10 ахуыргæнинаджы. «Иттæг хорз чи ахуыр кæна, уыдонæн сæ нымæц куы фылдæр уа, уæд мах бацархайдзыстæм, цæмæй стипендиисджыты нымæц фæфылдæр уа», – банысан кодта фонды директор. Уый фæстæ æфсæддон ахуырадон уагдоны дæс хуыздæр ахуыргæнинагæн радта фонды премитæ. Кадеттæ сæ хорз ахуыр æмæ æхсæнадон царды сæ активон архайды тыххæй райстой фæй-нæ фондз мин сомы бæрц премитæ æмæ бузныг загътой фонды директорæн.

Тадтаты Таймураз цытджын æмбырды æппæт æрæмбырдуæвджытæм фæхæццæ кодта фонд «Мир-Мост-Осетия»-йы цæстдарæн советы уæнг Андрей Сергеевы арфæйы ныхæстæ. Андрей Сергеев арæх балæууы Кадетон скъолайы фарсмæ æмæ сын алыварсонæй дæр баххуыс кæны. Таймураз ма зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, 2022 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрад æмæ фонд «Мир-Мост-Осетия»-йы ‘хсæн бафыст æрцыд сразыдзинад æмæ уый фæлгæтты Кадетон скъолайы базæйыл фонд сарæзта бирæ ахсджиаг социалон-гуманитарон проекты. «Бæрæг куыд у, афтæмæй уыцы проекттæй иу у, ахуыргæнинæгты схорзæхджын кæныны хъуыддаг, кæцытæн хуыздæр æнтыстытæ вæййы сæ ахуыры, спорты, культурæйы, скъолайон æмæ æхсæнадон царды», –  загъта Таймураз.

Кадетон скъолайы директор Баликъоты Фатимæ йæ уазджытыл фембæлд стыр æхсызгонæй, бузныг сын загъта сæ архайды тыххæй скъолайы сæраппонд æмæ уый фæстæ раарфæ кодта, премитæ чи райста, уыцы ахуыргæнинæгтæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Сабанты Инал дæр арфæйы ныхæстæ загъта кадеттæн æмæ сын йæ цæст бауарзта ноджы хуыздæр æнтыстытæ сæ ахуыры, цæвиттойнаг цы уой æмæ Райгуырæн бæстæйæн аккаг фырттæ æмæ чызджытæй цы басгуыхой. Уый ма бузныджы ныхæстæ загъта Тадтаты Таймуразæн, Кадетон скъолайы фарсмæ кæй балæууыд æмæ сын кæй баххуыс кодта, уый тыххæй.

Кадетон скъола Цхинвалы байгом 2011-æм азы. Уыдон фыццаг ахуыр кодтой нæ горæты 7-æм скъолайы бæстыхайы, уый фæстæ та æрбынат кодтой Мæскуыйаг микрорайоны 1-æм скъолайы. Фæлæ сын кълæстæ нæ фаг кодта, стæй физикон цæттæдзинад кæм истаиккой, уыцы уæрæх бынат æмæ сын уавæртæ кæй нæ уыд. Фæстæдæр сын Ирыхъæуы бацæттæ кодтой бынат æмæ дзы ахуыр кæнынц фæрнæй.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.