Президент Тыбылты Леонид йæхимæ райста Уæрæсейы Федерацийы Хуссар æфсæддон зылды командагæнæджы хæдивæг инæлар-лейтенант Андрей Гурулевы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл дислокацигæнæг Уæрæсейаг 4-æм æфсæддон базæйы командир, гвардийы булкъон  Александр Кравцовы.

«Абон мæнæн мæ бон нæ уыд, службæйы ног бынатмæ ацæуыны размæ дын бузныджы ныхæстæ ма загътаин. Бузныджы ныхæстæ зæгъын мæ фæнды сæрмагондæй дæуæн, Леонид Харитоны фырт, æмæ Хуссар Ирыстоны æппæт адæмæн, нæ иумæйаг ахастытæ æмбарыны тыххæй, æрмæст мæнмæ уарзон æмæ хæлар ахасты тыххæй нæ, фæлæ ма нæ хæстонтæм ахасты тыххæй дæр. Мæ уд кæддæриддæр сымахимæ уыдзæн æмæ кæддæриддæр цæттæ дæн æххуысмæ», – загъта Андрей Гурулев.

Паддзахады сæргълæууæг дæр бузныджы ныхæстæ загъта инæлар-лейтенант Андрей Гурулевæн йæ зæрдæбын ныхæсты тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, не ‘мгуысткæнынад, кæцы фидар цæудзæн Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырды реализацийæ, гæнæн ис, цæвиттон суа бирæтæн.

«Хуссар Ирыстоны территорийыл абон 4-æм æфсæддон базæ кæй ис, уый нæ респуб-ликæйы стабилондзинады фактор у. Уæрæсейаг æфсæддонты фæрцы  мах нæхи хатæм æдасæй, уый тынг хорз у», – бахахх кодта Президент.

Уый байрай загъта цыппæрæм æфсæддон базæйы командир, гвардийы булкъон Александр Кравцовæн дæр, кæцы ацы бынаты кусдзæн гвардийы булкъон Михаил По-лищукы бынаты.

«Мæн ныфс ис Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрад æмæ цыппæрæм æфсæддон базæйы ‘хсæн дарддæры æмархайдæй сæвзæргæ традициты фæл-гæтты, нæ адæмты интерестæ хъахъхъæныны сæраппонд», – загъта Президент.

Раздæр Андрей Гурулев куыста Уæрæсейы Федерацийы 58-æм армийы командиры бынаты.

Фембæлды хайад райстой РХИ-йы Æдасдзинады советы секретарь Плиты Анатоли æмæ РХИ-йы Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.