Нæ горæты Энгельсы уынгыл уæвæг раздæры кафе «Фарн»-ы бæстыхайы Алайнаг епархи райста арендæйы. Ныр уым баконд æрцыд хæрзаудæн хæрæндон æвæгæсæг æмæ æххуысхъуаг адæмæн. Æрвыл сабат дæр, йæ царды фæрæзтæ кæй нæ амонынц, уыцы иунæг зæронд адæмæн, сæ бон у ам басихор кæнын.

Æнæаргъ æмæ хæрзаудæн сихортæ Алайнаг епархи аразы 2008 азæй фæстæ-мæ. Уæдмæ  сихор кæнынмæ ацы категорийы адæм Аргъуанмæ цыдысты. Уым уый бæрц уавæртæ нæй, бацыд-иу дзы 10-15 адæймаджы. Бирæтæ та-иу  къуындæг уавæрты аххосæй сихор сæ хæдзæрттæм ахастой.

Ныр сæ авналæнтæ фæуæрæхдæр сты. «Фарн»-ы бæстыхаймæ Алайнаг епархийы кусджытæ ахастой сæ мигæнæнтæ – фынгтæ, бандæттæ. Епархийы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæм уыцы хъуыддаджы фæкастысты Хъахъхъæнынады министрады кусджытæ. Зæгъын хъæуы уый æмæ не ‘мбæстæгтæй æххуыс арæх кæй бацæуы дзуармæ. Адæм бахæссынц хæдзарон мигæнæнтæ, зæронд техникæ, дзаумæттæ, фæкæсынц æхцайы фæрæз-тæй дæр. Уый фæстæ сæ епархийы кусджытæ адæттынц æвæгæсæг бинонтæн. Куыд зонæм, афтæмæй нæ горæты бирæ ис рынчын зæрæдтæ дæр, кæцытæн нæй фадат хæрæндонмæ ссæуынæн. Уыдонмæ та епархийы кусджытæ фæуазæг вæййынц хæдзæрттæм, хъарм хæринаг сын бахæсгæйæ.

Епархийы хæрзаудæн хæрæндонæн къухдариуæг кæны мад Серафимæ. Уый зæгъы: «Нырма уал тыхст уавæры бахауæг адæмы сихорæй нæ бон у æрмæст къуыри иу хатт сифтонг кæнын. Фæлæ хæрæндоны куыст йæ гаччы куы сбада, уæд æнæаргъ сихортæ уыдзысты къуыри æртæ хатты. Хæлцад æмæ финанстæй дарддæр цæрджытæ хатт баххуыс кæнынц хæрзаудæн  архайдæй дæр. Сихор аразынмæ æрбацæуынц сæхи фæндæй не ‘мбæстæгтæ», – зæгъы Алайнаг епархийы мад Серафимæ.

Уымæй дарддæр ма динамонджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй «Рагон ирон æгъдаумæ гæсгæ, зианы фынгæй хæйттæ æрвыст цыд мæгуыр, кæнæ та уатон рынчын  адæймæгтæн. Ныр та иуæй-иу зианджынтæ æрбарвитынц сæ фынгæй хæйттæ хæрзаудæн хæрæндонмæ. Ис нæм тыхст, бирæ сывæллонджынтæ, сидзæр сывæллæттæ кæм ис, ахæм цыбыркъух бинонтæ дæр. Уыдон, цæмæдæр гæсгæ, æфсæрм кæнынц сихор кæнынмæ махмæ æрбацæ-уын. Фæлæ уым худинагæй ницы ис. Уыцы хæринæгтæ сты иумæйаг æмæ мах та кæнæм хæрзаудæн куыст», – зæгъы динамонæг.

Алайнаг епархийы минæвæрттæ ныртæккæ кусынц ахæстоны кувæндон самайыныл. Ныридæгæн куыст цæуы уымæн проект саразыныл. Цхинвайлаг ахæстоны се ‘мгъуыд чи æрвиты, уыцы ахæсттимæ динамонджытæ  фембæлынц æрвылкъуы-ри дæр. Бахæссынц сын хостæ æмæ уæ-лæдарæс, сæ бинонтæ дæрддзæф кæмæн сты, ахæмтæн. Епархийы службæгæнджыты ныхæстæм гæсгæ «Фембæлдтыты рæстæджы ахæсттæ сæхæдæг бахатыдысты махмæ æмæ фæндон бахастой сæхæдæг кæй бахæсдзысты исты фæрæзтæ. Ахæстоны къухдариуæгадмæ дæр рагæй уыд фæндон кувæндон саразыны тыххæй. Ныр дæр дзы ис чысыл кувæн къуым, фæлæ уый ис ныккæнды. Кувæндон та  хъуамæ уа райдзаст ран æмæ дзы бацæуыны бар алкæмæн дæр уа. Уымæ гæсгæ ку-вæндон арæзт æрцæудзæн æхгæд территорийы, фæлæ йын æвзæрст æрцæудзæн райдзаст бынат».

Динамонджыты ныхæстæм гæсгæ ахæстоны уæвджытæ алы хатт дæр зæрдæхæларæй фембæлынц епархийы кусджытыл, фæныхас кæнынц цардуагон æмæ дины фарстытыл. Бирæтæм дзы æрцæуы фæсмон, бакæнгæ фыдракæндты фæдыл. Стыр зæрдиагæй бакæсынц, цы литературæ сын ныууадзынц, уый. Бирæ фарстытæ сæм æрæмбырд вæййы радон фембæлдмæ.

Алайнаг епархийы патрианажы бын ма сты скъола-интернат æмæ зæрæдты хæдзары цæрджытæ дæр.

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.