Самбойы æппæтуæрæсейон боны цытæн Беслæны уагъд æрцыд РЦИ-Аланийы Рахизфарсы районы гом турнир. Ерысты Хуссар Ирыстоны спортивон кад хъахъхъæдтой Дзауы самбойы скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Уыдонæн бантыст дыууæ майданы рамбулын. Æвзист призер ссис Бететы Андрей. Уымæн ахæм æнтыст йæ къухты бафтыд 54 кг уæзы категорийы. Хуссарирыстойнаг æвзонг богалтæй бронзæйон хорзæх та рамбылдта Гасситы Аслан. Уый та йæ тыхтæ фæлвæрдта 59 кг уæзы. Асланæн ма лæвæрд æрцыд сæрмагонд приз «Уæлахизмæ тырнындзинад»-ы тыххæй. Йæ хъомылгæнинæгты архайдæй райгонд баззад тренер Хъоцыты Тамерлан.

«Бететы Андрей финалы хæцыд Дзæуджыхъæуы минæваримæ. Тох фæцис 0:0 хыгъдæй, фæлæ тæрхонгæнджытæ уæлахиздзауыл банымадтой Андрейы ныхмæлæууæджы. Рахицæн кæнын ма мæ фæнды Карсанты Оле-гы. Уый хæцыд +66 кг уæзы. Йæ ныхмæлæуджытæй уыд кæстæр æмæ бирæ рогдæр, фæлæ уымæ æнæкæсгæйæ тох кодта кæронмæ», — банысан кодта Хъоцыты Тамерлан.

Турниры командон хыгъды Дзауы командæ бацахста æртыккаг бынат.

Уæгъдибар хъæбысхæст

Ирон богал Кцойты Алихан ссис Мурад Умахановы призтæ рамбулыны сæраппонд уæгъдибар хъæбысхæстæй турниры уæлахиздзау. Ерыстæ уагъд цыдысты дагъыстайнаг Хасавюрты. Алихан 92 кг уæзы категорийы финалы фæуæлахиз бынæттон спортсмен Мустафагаджи Маладибировыл.

Бронзæйон призертæ та систы Габуты Аслан (92 кг) æмæ Гаглойты Инал (97 кг).

Футбол

Футболæй Уæрæсейы фыццаг дивизионы фæлгæтты Дзæуджыхъæуы «Алани» фæд-фæдыл фæхæрд æртыккаг хатт. Ныр та дзæуджыхъæуккæгтæ 2:0 хыгъдæй фембылды сты Красноярскы «Енисей»-æн. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ 16-æм туры онг «Алани» кæй фæхæрд æрмæстдæр иу хатт æмæ турнирон таблицæйы цыд фыццаг бынатыл. Фæстаг æртæ хъазты командæ йæхи афтæ лæмæгъæй кæй равдыста, уый бандæвта турнирон таблицæйы йæ уавæрыл. Командæ ныр ахсы дыккаг бынат.

20-æм туры «Алани» Грознæйы фысымиуæг кæндзæн «Уфа»-йæн.

ХУРИТЫ Батрадз