2009 азы 10-æм сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымадта Боливариаг Республикæ Венесуэлæ. Уый уыд не ‘взонг республикæйы царды ахсджиаг политикон цау.  Венесуэлæ у æртыккаг бæстæ, кæцы Уæрæсе æмæ Никарагуайы фæстæ райста Хуссар Ирыстоны тыххæй ахæм бæрнон æмæ ахсджиаг уынаффæ йæхицæн уæззау рæстæджы. Уый тыххæй Хуссар Ирыстоны адæм алыхатт дæр бузныг уыдзысты Венесуэлæйæ.

Нæ бæстæты ‘хсæн арæзт æрцыдысты дипломатон ахастытæ, уыд паддзахадон визит Венесуэлæмæ. Хуссар Ирыстоны лæмбынæг сæ хъус дарынц хæларадон Венесуэлæйы цаутæм. Мах хæцæм бæстæйы къухдариуæгады архайдтыты æвварс социалон-экономикон проблемæтæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй, кæцытæ сæвзæрдысты Республикæйы вазыгджын экономикон уавæры фæдыл, æмæ нæ ныфс ис, æввахс рæстæджы уавæр кæй фæхуыздæр уыдзæн, уымæй.

Хуссар Ирыстон æмæ Венесуэлæ фæнд кæнынц дарддæр дæр хæларадон ахастытæ фидардæр кæнын, кæцытæ сæвзæрдысты нæ бæстæты ‘хсæн авд азы дæргъы. Куыд зонæм, афтæмæй РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фæхуындмæ гæсгæ, ацы аз июлы мæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны уыд Боливариаг Республикæ Венесуэлæйы Минæварады делегаци, йæ сæргъ Альваройы хъуыддæгты рæстæгмæ æууæнкджын Санчес Кордеро, афтæмæй.

Визиты фæлгæтты уынаффæ кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Венесуэлæйы ‘хсæн алыгъуызон фад-гуыты æмархайд æмæ æмгуыстады перспективæтыл, дарддæры рæзтыл æмæ дыууæварсон ахастыты бадзырдон-барадон базæ практикон мидисæй баххæст кæныныл.

2016 азы 10-æм августы Каракасы æууæнчы грамотæтæ Боливариаг Республикæ Венесуэлæйы Президент Николас Мадуро Моросмæ радта Боливариаг Республикæ Венесуэ-лæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Козаты Нариман.

Боливариаг Республикæ Венесуэлæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, ууыл 7 азы сæххæсты боны цытæн Боливариаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Делси Родригес Гомесмæ арфæйы тел арвыста РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.