4-æм августы нæ горæты рынчындоны кæрты сихорафон цалдæр адæймаджы, æфсæддон уæлæдарæсы уæвгæйæ, фæнадтой 29-аздзыд бынæттон цæрæджы æмæ ма йæ стæй баппæрстой сæ автомашинæйы, æмæ йæ аластой.

Фæстæдæр æй ссардтой горæты хуссар хайы æмæ нады фæстиуæгæн бахаудта рынчындонмæ. Бынатмæ æвæстиатæй бацыдысты милицийы кусджытæ æмæ сбæлвырд кодтой хъаугъайы аххосæгтæ.

Куыд рабæрæг, афтæмæй 29-аздзыд æмбæстагæн 23-æм июлы чындзæхсæвы уæвгæйæ хъаугъа рауад  нæ горæты æндæр æмбæстагимæ, кæцыйæн йе ‘фсæр ацъæл ис хылы рæстæджы æмæ бахауд рынчындонмæ. Уыцы рынчын разынд нæ Хъахъхъæнынады министрады службæгæнæг, фæлæ милицимæ хъаст нæ балæвæрдта. Милицийы кусджытæ сæ хъавыдысты æрымдзых кæнынмæ, цæмæй сæ бафидауын кæной æмæ дарддæр сæ кæрæдзимæ зæрдæ ма хæссой. Бакодтой семæ профилактикон куыст æмæ æнхъæл уыдысты, ома, конфликт уый адыл фæцис.

Фæлæ 4-æм августы уыцы æфсæддоны æмбæлттæ балæбурдтой рынчындоны кæртмæ æмæ сæ маст систой се ‘мбалы фæнæмæгæй. Ам дзырд цæуы куыд æмæ йæ цахæм уа-вæрты систой сæ маст, ууыл. Иуæй, боныгон адæмы ‘хсæн фæнадтой адæймаджы. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ сæ алыварс æвдисæнтæй иуы дæр кæй ницæмæ æрдардтой, нæдæр ын йæ ус æмæ йæ сывæллæттæй фефсæрмы сты, кæцытæ бадтысты йемæ машинæйы. Иннæмæй та уыдысты æфсæддон уæлæдарæсы æмæ сæ машинæйыл дæр конд уыдис Хъахъхъæнынады министрады паддзахадон номыртæ. Ома нæ цы фæнды æмæ куыд фæнды, афтæ кæндзыстæм, махæн закъон фыст никуы ис.

Уый мæгуырау хъуыддаг у. Нæ фыдæлтæ цæрæнбонты сæ кæрæдзийы ‘фсармæй бирæ фыдбылызтæй бахызтой сæхи æмæ абоны онг дæр, æвæццæгæн, уый фæрцы уæвынад кæнæм. Æгæрыстæмæй ма-иу туджджынтæ дæр бафидыдтой.

Ӕмæ ныр цыдæр æнæсæр гоймæгтæ, сæхицæй хъомысджын хæстонтæ æнхъæлгæйæ, алæгæрстой æгас æхсæнадыл. Ацы хабар цы сывæллæттæ фехъуыстой, уыдон цахæм хатдзæгтæ хъуамæ саразой? Ома, искæй фæнæмынæн ницы у, адæм дын де ‘нæгъдау митæм куы кæсой, уæддæр сæ мацæмæ дар. Ӕгæрыстæмæй, се ‘фсæддон уæлæдарæсæй дæр, нæ фефсæрмы сты. Сæ фыдракæнд кæй цуры сарæзтой, æрмæст уыдоныл нæ бакалдтой цъыф, фæлæ ма ницæуыл ба-нымадтой сæ куыстуаты дæр æмæ сæ командирты дæр.

Ныридæгæн бæлвырд сты фыдгæнджытæ иууылдæр. Ацы факты фæдыл цы æрмæджытæ æрцыдис æмбырд, уыдоныл кусынц æфсæддон про-куратурæйы кусджытæ æмæ ‘ввахс рæстæджы исты тæрхон хаст цæудзæнис.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.