Алы фондз азы дӕр Хуссар Ирыстоны закъоны фæлгæтты демократон æвзæрстыты рӕстӕджы адӕм равзарынц паддзахады сæргълæууæджы. Алкæцы бæстæйы ацы процесс нывыл, ома, демократийы домæнтæн дзуаппдӕтгӕйӕ, нæ ацæуы – кӕмдӕрты президенты къæлæтджын йӕ командӕйы уӕнгтӕй искӕмӕ къухæй-къухмæ бахауы. Махмӕ уый нӕй. Махмӕ алыхатт дӕр  ӕвзæрстыты фæуæлахиз вæййы оппозици. Афтæ уыд фыццаг президенты рæстæджы, Кокойты Эдуарды, Тыбылты Леонид æмæ Бибылты Анатолийы рæстæджыты. Уый та нысан кæны, нæ адæммæ бирæ домæнтæ æмæ фæндиæгтæ кæй ис æмæ сæ хъæлæстæ, ныфс сӕ кæмæй вӕййы, уымæн кæй раттынц, уый.

Адӕмӕн сӕ фылдӕры фӕнды, цӕмӕй президент,  максималон ӕгъдауӕй куса. Мæн та, фыццаджыдӕр, фæндид, цæмæй махмæ уа ахæм президент, кæцы нацийы æркæндзæн иудзинадмæ. Абоны бон нӕм уый нӕй. Кæд Гаглойты Аланæн бантыса нацийы æрбангом кæнын, бӕрнон бынӕттӕ та хион-æддагон принципмæ гæсгæ нæ, фæлæ цы пайда æрхæсдзæн, зӕгъгӕ, ахæм принципмæ гæсгæ куыстмӕ иса, уӕд уыдзӕн ӕнтыстджын президент. Цæмæй хъуыддаг рауайа, уый тыххæй хъæуы æхсæнады политизаци фӕкъаддӕр кӕныныл бакусын дӕр. Ӕгæр политизацигонд у махӕн не ‘хсӕнад –  нал хъуыды кæнæм нæ царды ахсджиаг аспекттыл, хъуыды кæнæм, нæ рæстæг куыд арвитæм, нæхи уынæм депутатты, президентты позицийы. Ома, не ‘хсæнады дзӕвгар хайæн ис æнæнысанон амбицитæ. Йæ куысты цæсгомджынæй архайыны бӕсты хъуыды кæны хицауады æмæ парламенты уæлдæр бынæттыл. Уый раст нæу. Афтæ ма мæ банысан кæнын фæнды,  хицауады æртæ къабазы дард кӕй сты адæмæй. Уымӕн нӕй æууæнкдзинад хицауад ӕмӕ адӕмы ‘хсӕн. Зӕгъӕм, президент паддзахады сæргъы нӕма слæууы, афтӕмӕй чидӕртӕ  фӕцагайынц  йӕ фыццаг къахдзæфтыл цъыф калын.

Гаглойты Алан хъуамӕ æппӕтдӕр сараза, цæмæй хицауады къабӕзтыл, ома, æххæсткæнынад, закъондæттынад æмæ тæрхондоныл адӕм ӕууӕндын райдайой.

Цы банысан кæндзынæн Гаглойты Аланы позитивон къахдзæфты тыххæй фыццаг 100 боны? Фыццаджыдæр, Уæрæсейы Федерацийы президенты администрациимæ бадзырд,  цæмæй Зæрæмæджы таможнæйон пункты уадзæн архайд фæбæрзонддæр уа. Уæрæсеимæ арæн Хуссар ӕмӕ Цæгат Ирыстоны адæмæн ма хъуамæ уа цæлхдур, мах хъуамæ нæхи хатæм иумæйаг тыгъдады, стӕй Уæрæсеимӕ ахастытӕ дӕр хъуамӕ уой интенсивон, иугӕндзон. Растдæр уый фӕдыл Гаглойты Алан бадзырдта Уæрæсейы Федерациимæ, цæмæй таможнæйон пункты фадæттæ рауæрæх кæной æмæ уадзæн  фæбæрзонддæр кæной.

Æнæмæнгæй хъæуы ӕппӕт тыхон структурæты реформæ саразын, фыццаджыдæр, мидхъуыддæгты министрады, хуымæтæг кадрон ивындзинæдтæ фаг не сты.

Æхсызгон мын у, нӕ фембæлды рæстæджы нӕ президент кæй банысан кодта, зæгъгæ, университетмæ хъусдард лӕмбынӕгдӕр здахдзӕн, æххуыс кæндзæн æмæ сараздзæн æппæтдæр, цæмæй ХИПУ хъуагдзинад мацӕмӕй ӕвзара.

Æцæгæйдæр, кадрон политикæ у иууыл зын. Нæ кадрон потенциал у чысыл. Махмæ ис цъус адæм, кæцытæй зæгъæн ис хицауады æмæ æндæр паддзахадон структурæты бакусдзысты, уымæ гæсгæ иууыл аккагдæрты равзарын президентӕн  ӕнцон нӕу. Сæйраг у, цæмæй ацы хæсыл фæтых уа Алан Эдуарды фырт. Æмгъуыдтæн та ахæм нысаниуæг нæй. Сæйраг у, цæмæй адæм райгонд уой уыцы кадрæй.

Ацы сӕдӕ боны фӕдыл хатдзӕгтӕ кӕнын традици дӕр ныууадзын хъӕуы – ницы пайда у. Фыццаг азты алы президенты дӕр бауадзын хъæуы бакусын. Дыууæ азы бæрц куы рацæуа, уӕд хатдзӕгтӕ кӕнын ӕнӕмӕнг хъӕуы.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.