Ацы къуырийы æрæвнæлдтой, микрорайон «Хурзæрин»-мæ цы хид арæзт ис, уый цалцæг кæнынмæ.

Куыд зонæм, афтæмæй ууыл цæуыны бар нал уыд. Æхгæд æрцыд майы мæйы бетонон блоктæй æдасдзинады нысанæн. Цæрджытæ сæ хæдзæрттæм цыдысты фæсвæд фæндагыл æмæ уымæй разы нæ уыдысты. Фыццаджыдæр,  Присы хъæуыл «Хурзæрин»-ы микрорайонмæ цы фæндаг цæуы, уый у бирæ дæрддзæфдæр. Стæй фæндаджы уæлцъар асфальт кæй нæу æмæ йыл машинæтæ цæугæйæ рыг кæй сысты, уымæй тынг тыхсынц  цæрджытæ.

Арæзтад æмæ Архитектурæйы министры хæстæ æххæстгæнæг Цоциты Зауыр афтæ зæгъы: «Хид рæстæгæй-рæстæгмæ æнæбары цалцæг цыд, йæ дзыхъхъытæ-иу ын рæстæгмæ сарæзтой. Уымæ гæсгæ хиды астæу бетон йе ‘фсæйнæгтæй фегом æмæ дзы бынмæ кæсгæйæ зынд цæугæдон. Къæвдабонты хидæй бынмæ дон лæдæрсыд егъау æфсæн цæджындзтыл, афтæмæй дон æфхæрдта бетоны æмæ уый дæр цадæггай хæлд».

Ивгъуыд къуырийы кæрон Хицауады Сæрдар Джусойты Константин æмæ Парламенты сæрдар Мæргъиты Аланæн фембæлд уыд микрорайон «Хурзæрин»-ы цæрджытимæ. Микрорайоны цæрджытæ бæстон радзырдтой, цы зындзинæдтæ æвзарынц фæндагыл цæугæйæ, уыдон. Хицауады Сæрдар æмæ Парламенты спикер дзырд радтой, кæй сын æркæсдзысты сæ фарстмæ æмæ кæй бацархайдзысты хид сцалцæг кæныныл. «Уыцы хæслæвæрд радтой Арæзтад æмæ архитектурæйы министрадæн. Куыстытæ мах бакæндзыстæм нæхи тыхтæй. 16-æм июлы æрæвнæлдтам хиды цалцæг кæныны фыццаг этапмæ. Фыццаджыдæр хъавæм донвæд фæивынмæ. Уыцы фæзуат сыгъдæг кæнæм зæронд бæлæстæй æмæ къутæртæй. Дыккаг этапы та архайдзыстæм хиды фундамент æмæ цæджындзтæ сфидар кæныныл. Змис, хуыр, цемент æмæ æндæр арæзтадон æрмæджытæ æмæ бетоны хæрзгъæддзинад бæрæг кæндзæн бынæттон «Технадзор». Куыстытæ куыд æххæст цæудзысты, уымæ та иудадзыг йæ цæст дардзæн Хицауады Сæрдар æмæ Арæзтад æмæ архитектурæйы министрад», –  зæгъы Цоциты Зауыр.

Фидардæр æмæ аивдæр суыдзæн ног хид. Уыдзæн дзы фистæгæйцæуджытæн дæр фæндаг, сараздзысты фыдбылызтæй бахизыны мадзæлттæ, цæмæй йыл бæлццæттæ æдасæй цæуой.

Мах цымыдис кодтам, хид капиталонæй сцалцæг кæнынæн сæм фаг техникæ ис, æви нæ? Уыцы фарстæн та Арæзтад æмæ архитектурæйы министрад ахæм дзуапп радтой: «Хиды сцалцæг кæнынæн пайда кæндзыстæм нырыккондæр фидаргæнæн арæзтадон æрмæджытæй, æфсæн-бетонон конструкцитæй. Аразгæ та йæ кæндзысты дæсны специалисттæ – æндадзджытæ, бетонгæнджытæ, бырæузилджытæ. Техникæйæ дæр æх­хæст стæм. Фыццаджыдæр, архайдзыстæм куысты хæрзгъæддзинадыл, стæй та, республикæйы разамонджытæ цы æмгъуыдтæ снысан кодтой, уыдон сæххæст кæныныл», – загъта Арæзтады министр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Sputnik Хуссар Ирыстон-æй ист къам

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.