Тæхуды, адæймаджы, – æппынкъаддæр иу скъуыд голладжы дзаг уæддæр, – президентон бынæттæ куы уаид!

Мæхи дзы иу дæр нæ хъæуы. Байуарин сæ дыгай-æртыгæйттæй, нæ ирон адæмæй нæ дудгæ-судзгæ дуджы Ирыстоныл иу уазал доны къус чи никуы бакалдта, афтæмæй ныр фондзазæй-фондзазмæ æвзæрстыты рæстæджы Президенты бынатмæ сæ сæрæй дуæрттæ чи фæтонынц, афтæмæй йæхи бафæрсынæн дæр чи нæу: «Алæма, цæй тыххæй хъуамæ уон сæ сæр-гълæууæг?» – уыдонæн дæр, чи зоны,  исчи сæ йæхиуыл æрхудид: «Мæ бинонтæ, мæ хиуæтты хъуыддæгтæ банывыл кæнын куынæ у мæ бон, уæд кæдæм бырсын?»

Фæлæ уыдон фынтæ сты. Схицау нын уа, нæ рагъыл бада, нæ къæбæр нын нæ дзыхæй скъæфамæ йæ быцъынæг чи тоны, уымæ ахæм хъуыды никуы æрцæудзæнис – Секъайы загъдау, нæ зонды цæст нæ уыны.

Фæрсджытæ та мæ арæх фæвæййы: «Ды та кæй фарс дæ?»

Æмæ уый тыххæй цæмæн хъуамæ рахъуыды-бахъуыды кæнон? Цæмæн хъуамæ æмбæхон мæ хъуыды? Мæ дзуапп кæддæриддæр кæ-мæнфæндыдæр цæттæ у: «Ирыстоны, ирон адæмы фарс!»

Бирæтæн уæд сæ фарст фæконкретондæр вæййы:

– Ныры Президент уыцы бынатмæ йæ кандидатурæ ногæй кæй раразмæ кодта, уый дæм куыд кæсы?

Æмæ сын дæттын æргом дзуапп:

– Æз мæ хъуыдытæ æрвылбон нæ раив-баив кæнын – æрдхорд иу бонæн ничи аразы. Знон кæй фарс уыдтæн, уый фарс абон цæмæннæ хъуамæ мауал уон кæнæ – абон кæй фарс дæн, уый фарс сомбон нал уыдзынæн?

Фæлæ уыцы фæрсджытæн сæхи дæр фæрсын æргом: горæты дæр нæм рухс æххæстæй куынæ ма уыд, ныр та уынгтæ дæр цыфæнды мæйдар æхсæвты цæхæртæ куы калынц, æнæхъæн Республикæйы иууыл дæрддаг къуымты дæр (хосгæнæндон «НАГУТНИ»-йæ дарддæр) электронон рухс куы ис, уый та уæм куыд кæсы? Нæ горæты уынгты иу фарсæй иннæ фарсмæ цъыф æмæ къанаутæй ахизæн куынæ уыд, низтæй тæрсгæйæ, маскæты, резинæ цырыхъхъыты куы цыдыстæм, уый нын ном кодта? Алы хъæутæм нæм фæндæгтæ кæй рæзынц, фондз азмæ æнæхъæн Республикæйы цæрджытæн æрдзон газ кæй хъуамæ уа, уый та уæм куыд кæсы? Нæ мыздтæ нæхи дарынхъом кæй кæнынц, уый уæм нымады нæу?

Адæймаг хорз хъуыддæгтæй куы райдайа æмæ сæ куы дарддæр кæна, уæд уый мæнмæ алы хатт дæр хорз кæсы. Æмæ ахæм адæймаджы ныхмæ, «Æз Дæуæй цæмæй къаддæр дæн»-ы тыххæй дуртæ тулын нæ хъæуы. Йæ фарсмæ балæууынмæ макуы хъуамæ зивæг кæнæм. Боныфæстагмæ, иу адæм стæм æмæ нæхи фыддæрадæн, – табу – уæ фарнæн, фæлæ, – дымгæйы ныхмæ ма хъуамæ ту кæнæм. Слæууæм нæ кæрæдзийы æнцой, нæ къах æмист акæнæм Ирыстоны фарнæн: «Æнгом цуанонтæ саг марынц, æнгом бинонтæ цард арынц», – уæд нæ, Цæгатæй нæм цы хур кæсы, уый хуыздæр батавдзæн. Æмæ йæ нæхицæн ма æвгъау кæнæм.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.