Мадзал уагъд цыд Волонтеры националон ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон боны цытӕн, кӕцы нысан кӕнынц   5 декабры.

Хуссар Ирыстоны фӕсивӕды минӕвӕрттӕ хайад райстой бархионты ӕхсӕнадӕмон форумы куысты, кӕцы ацыд 2-5 декабры Сочийы, – хъусын кӕны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕ.

Форум ӕрӕмбырд кодта 7 мин ӕвзонг адӕймаджы Уӕрӕсе ӕмӕ ӕввахс фӕсарӕнтӕй, кӕцытӕ ӕрцыдысты сӕ фӕлтӕрддзинад равдисынмӕ ӕмӕ  бархион инициативӕты райрӕзтыл ӕрныхас кӕнынмӕ. Мадзалы сӕйраг темӕты ‘хсӕн уыд волонтерты хайадист национ  проектты реализацийы.

Форумы хайадисджытӕ бабӕрӕг кодтой социалон уагдӕттӕ, хӕрзаудӕн фондтӕ, зонгӕ кодтой волонтерон архайдимæ. Афтӕ ма бархионтӕм ӕнхъӕлмӕ каст кусӕгон программӕ: дискусситӕ ӕмӕ мастер-къластӕ номдзыд экспертты хайадистӕй, сесситӕ ӕхсӕнадӕмон ӕмгуыстады фӕдыл, ӕхсӕнадон иугондтӕ ӕмӕ социалон инициативӕты равдыстытӕ.

Уымӕй дарддӕр форумы фӕлгӕтты ауагъдæуыд ӕппӕтуӕрӕсейон конкурс “Уӕрӕсейы бархион-2019”-ы уæлахиздзауты хорзӕхджын кӕныны  церемони.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.