Зынгæ ирон поэт, драматург, литературон критик æмæ публицист Хацырты Сергийы райгуырдыл 100 азы сæххæсты цытæн  æрæджы Цхинвалы централон библиотекæйы ауагъдæуыд конференци йæ роман «Хæхты фæдисон»-ы тыххæй. Библиотекæйы кæсæн зал уыд бæрæгбонвæлыст, уыдис дзы Хацырты Сергийы чингуыты равдыст, къулыл конд уыд стенд, цыран конд уыдысты Сергийы къамтæ йæ хæлæрттимæ, хæстæджытимæ.

Мадзалы хайад райстой фыссæг Хъодалаты Герсан, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон,  Национ политикæ, культурæ, ахуырад, зонад, дин æмæ дзыллон информацион фæрæзты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Гæбæраты Юри, Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ирон литературæйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Плиты Серго æмæ бирæ æндæртæ.

Мадзал байгом кодта библиотекæйы директор Прокопенко Иринæ. Уый æрæмбырдуæвджытæн загъта бузныджы ныхæстæ, рæстæг кæй ссардтой æмæ сæм кæй фæуазæг сты, уый тыххæй.

Библиотекæйы кусæг Хъотайты Маринæ лæмбынæг æрдзырдта Хацырты Сергийы цард æмæ сфæлдыстадыл. Фыссæг райгуырд 1918 азы 1 марты Ленингоры районы Цъубены хъæуы. Дыууæ азы йыл куы цыд, уæд йæ мад амард æмæ йæ хъомыл кодта йæ нана. Æвзонгæй ацыд Цæгат Ирыстонмæ æмæ уым каст фæцис педтехникум, уый фæстæ райста уæлдæр ахуырад, фæцис аспирантурæ дæр. Куыста газеттæ «Æвзонг къомунист»-ы, «Рæстдзинад»-ы.

1955 азы æрцыд Хуссар Ирыстонмæ. Ам дæр куыста рауагъдад «Ирыстон»-ы, радиокомитеты, журнал «Фидиуæг»-ы прозæйы хайады редакторæй.  Фыста æмдзæвгæтæ, йе ‘мдзæвгæтыл ирон композитортæ бирæ зарджытæ ныффыстой, уыцы нымæцы «Горæты фембæлдтæн чызгыл», «Арф кæмтты Леуахи зилы» æмæ бирæ æндæртæ, уыдонæй бирæтæ систы адæмон.

Литературæйы ахæм жанр нæ баззад, Хацырты Серги йæхи кæм нæ бафæлвæрдта æмæ ирд фæд кæм нæ ныууагъта. Йе сфæлдыстады сæрмагонд бынат ис йæ роман «Хæхты фæдисон»-æн. Роман фыст у 1905-1907 азты реалон цаутыл, йæ хъайтартæ дæр æрымысæггаг не сты, фæлæ сты реалон адæймæгтæ.

Библиотекæйы методист Гуыззыдтаты Этери сæрмагондæй æрдзырдта ацы романыл.

Гуыззыдтаты Этери куыд банысан кодта, афтæмæй романы хъайтартæ Хуыбиаты Уасо, Хацырты Гæбила, Уæлгъа, Дриаты Антон сты историон хъайтартæ  – реалон адæймæгтæ.

ХИПУ-йы ирон-фæсарæйнаг факультеты студенткæ Дыгъуызты Алисæ æрæмбырдуæвджытæн радзырдта романы сæргæндтæй сæ иу – «Тбау Уацилла»-йы тыххæй, банысан кодта ацы бæрæгбоны нысаниуæг.

Плиты Серго дæр йæ рады йæ хъуыдытæ загъта, Хацырты Сергийы роман «Хæхты фæдисон» фæсивæды хъомыладыл куыд æндавы, уый тыххæй.

Хацырты Серги йæ роман куыд фыста, æмгæрттæуарзаг æмæ уазæгуарзаг кæй уыд,  йæ цæхх, йæ къæбæр йе ‘мгæрттимæ куыд дих кодта, æдзух йæ хæдзары фысджытæ æмæ сфæлдыстады фадыджы кусæг адæймæгтæ кæй æмбырд кодтой, æппæт уыдæтты тыххæй йæ мысинæгтæ радзырда Хъазиты Мелитон.

Хъодараты Герсан дæр радзырдта, Сергиимæ иумæ куыд куыстой радиокомитеты дæр æмæ журнал «Фидиуæг»-ы дæр, æмæ банысан кодта куыстмæ Хацырты Сергийы бæрнон ахаст.

Йæ рады Гæбæраты Юри та йæ хъуыдытæ загъта, Серги æвзонг фысджытæн куыд æххуыс кодта, сфæлдыстадон куыстмæ сæ куыд цырын кодта, уый тыххæй, уый банысан кодта романы ахадæн нысаниуæг.

Конференцийы ма фыссæджы сфæлдыстады æмæ мадзалы нысаниуæджы тыххæй сæ хъуыдытæ загътой республикон рынчындоны дохтыр-уролог Пæррæстаты Сæрмæт, аивæдты лицейы ахуыргæнæг Гæбæраты Фатимæ, горæты администрацийы культурæ æмæ спорты хайады хистæры хæдивæг Цхуырбаты Полинæ æмæ Ахуырады министрады минæвар Дриаты Нателæ.

Конференцийы æвзонг зарæггæнæг Кокион Аллæ азарыд Хацырты Сергийы чызг Азауы æмдзæвгæйыл фыст зарæг.

Кæронбæттæны библиотекæйы директор Прокопенко Иринæ Кады грамотæтæй схорзæхджын кодта мадзалы хайадисджыты иу къорды.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ мадзалы райдианæй йæ кæронмæ кæй зæлыдысты Хацырты Сергийы æмдзæвгæтыл фыст зарджыты зæлтæ.

Тедеты И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.