1989-2008 азмæ гуырдзиаг фыдгæнджытæ Хуссар Ирыстоны иунæг хъæу дæр æвыдæй нæ ныууагътой, фæлæ фылдæр зиæнттæ кæуыл æрцыд, уыдонæй иу уыд Цхинвалы районы Хелцуайы хъæу. Райгуырæн къуым знæгтæй бахъахъхъæныны рæстæджы ацы хъæуæй гуырдзиæгты къухтæй фæмард цыппæрдæс æвзонг адæймаджы. Уый хъæуæн кæд у стыр зиан, уæддæр йæ фæсивæдæн нæ саст сæ тых æмæ æппæт фадæттæй дæр архайдтой, цæмæй сæ хъæу суæгъд кæной гуырдзиаг фыдгæнджытæй æмæ уыцы æнтыст сæ къухты æфтгæ дæр бакодта. Уыцы тохты чи фæмард, уыдонæй æхсæз уыдысты Чысиатæй.

Гуырдзиаг фыдгæнджытæ уæд хъæуы хæдзæрттæн басыгътой се ‘мбисæй фылдæр. Судзгæ кæй нæ бакодтой, уый дæр нæ уагътой æвыдæй. Ластой сын сæ фæллæйттæ.

Уыцы зынтæ чи бавзæрста, æмæ райгуырæн къуым чи хъахъхъæдта, уыдон цытæн Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты боны размæ Хелцуайы хъæууон клубы ауагъд æрцыд фембæлд. Хъæумæ фæуазæг сты Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Инал, районы культурæйы хайады минæвæрттæ, вокалон къорд «Ирон фæндыр» æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ.

Хелцуайы хъæууон клубы сæргълæууæг Лолоты Джульеттæ  зæрдæбынæй бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн.

Уый фæстæ ма раныхас кодтой æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн арфæйы ныхæстæ дзырдтой Сатихъары библиотекæйы сæргълæууæг Æлборты Маринæ, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ Дыгъуызты Никъала æмæ Дыгъуызты Мераб, Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Инал æмæ æндæртæ.

Кадетон æмæ Сатихъары скъолаты ахуыргæнинæгтæ та Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытыл фыст æмдзæвгæтæ кастысты ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Районы аивадон къорд «Ирон фæндыр»-ы уæнгтæ та сæххæст кодтой цалдæр зарæджы.

Кæронбæттæны Лолоты Джульеттæ зæрдылдарæн лæвæрттæ бакодта Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ Чысиаты Ренат, Чысиаты Уырызмæг, Асаты Вадим, Уалыты Юри, Дыгъуызты Мераб æмæ Дыгъуызты Никъалайæн.

ГÆЗЗАТЫ Иван

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.