Хуссар Ирыстоны адæм, Уæрæсейы адæмимæ иумæ, февралы мæйы 23-æм бон кадджын æгъдауæй бæрæг кæнынц æмæ йæ адæмы бахъахъхъæнынмæ æппынæдзух цæттæ чи у, уыцы нæлгоймæгты æмæ сылгоймæгты бæрæгбон.

23 февралы Цхинвалы районы Дменисы хъæуы Культурæйы хæдзары, куыд æрвылаз, афтæ ныр дæр кадджын уавæры уыдис бæрæгбон. Аив фæлыст залмæ æрбацыдысты Цхинвалы районы администрацийы культурæйы управленийы кусджытæ Чертхъоты Дали æмæ Санахъоты Маринæ, хъæуы администрацийы кусджытæ, хъæуы цæрджытæ, скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ. Мадзалы организатортæ Культурæйы хæдзары директор Икъаты Ануси, библиотекæйы кусджытæ Æлборты Мадинæ æмæ Джиголаты Заремæ бацархайдтой, цæмæй мадзал рауадаит цымыдисон.

Хъæуы цæрæг фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæй ардæм хуынд æрцыдисты Джиголаты Гамлет, Бестауты Хох æмæ Бестауты Алан.

Хистæркъласон Уалыты Аслан доклады банысан кодта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты иумиаг знагыл фæуæлахизмæ Хуссар Ирыстоны хайбавæрд.

Нæуæдзæм азтæй 2008-æм азы онг хъизæмæрттæ куыд æвзæрстой адæм æмæ Ирыстоны сæрвæлтау бирæтæ æрхастой сæ цард.

«Махæн нæ хæс у нæ традицитæ хъахъхъæнын, Фыдыбæстæйыл æнувыддзинад чи равдыста, уыдонæн. Рох нæ ма хъуамæ уой хæстонтæ-интернационалисттæ. Махæн нæ хæс у уыдонæн лæггад кæнын», – загъта докладгæнæг.

Уалыты лæппу ма банысан кодта, зæгъгæ, абон мах сæрыстыр стæм, сæрмагонд æфсæддон операцийы хайад чи исы, сæ хистæрты хæстон традицитæ аккагæй чи дарддæр кæны, кадимæ чи æххæст кæнынц се службæ, уыцы лæппутæй. Мæ зæрдæ сын зæгъы, цæмæй сæрæгасæй, æнæнизæй æмæ уæлахизимæ æрыздæхой сæ хæдзæрттæм!

«Зæххыл адæм бæргæ хæларæй куы цæриккой, фæлæ алы рæстæджы дæр дунейы уавæрмæ гæсгæ æфсæддоны дæсныйад у тынг кадджын.

Махæн, æрыгон лæппутæн, нæ хæс у æфсады балæггад кæнын, цæмæй суæм Фыдыбæстæйы æцæг хъахъхъæнджытæ. Мах хъуамæ бæрзонд хæссæм нæ Ирыстоны кад», – йæ ныхас бакæрон кодта Уалыты лæппу.

Арфæйы ныхæстæ ма ракодтой Культурæйы хæдзары директор Икъаты Ануси, Дменисы хъæуы депутат Къуезерты Арсен æмæ хъæууон администрацийы сæргълæууæг Лолоты Æхсар.

Уый фæстæ сценæмæ ракодтой æрхонгæ уазджыты – фыдыбæстæхъахъхъæнджыты æмæ сын арфæты фæстæ Икъаты Ануси бакодта зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Дменисы фæсивæд, ома, скъоладзаутæ кастысты æмдзæвгæтæ. Æмдзæвгæтæ аив бакастысты Уалыты Аслан æмæ Ланæ, Сидамонты Владик, Хацырты Фатимæ æмæ Лолоты Давид. Зæрдæмæхъаргæ уыд Хацырты Фатимæ йæ фыдыл цы æмдзæвгæ ныффыста, уый. Хацырты Артур фарон фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы, сидзæрæй баззадысты æртæ сывæллоны.

Скъоладзаутæ азарыдысты цалдæр зарæджы (бацæттæ сæ кодта Культурæйы хæдзары кусæг Лолоты Иринæ). Сæххæст кодтой ирон адæмон кæфтытæ (аивадон къухдариуæггæнæг Козаты Родион). Уæлдай къухæмдзæгъд кодтой кæстæрты скетчтæ «Рæдыд фæндаг» æмæ «Къæрныхтæ»-æн.

 ДЗЕБЫСАТЫ Гуло

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.