Ахуыргӕнинӕгты ахуыры аз бӕркадджын фӕззӕджы фыццаг мӕй райдайы, уӕд бакъахдзӕф кӕнынц скъолайы къӕсӕрӕй, уӕд ӕрлӕууынц сӕ ахуыргӕнджыты раз ӕмӕ сӕ хотыхджын кӕнынц зонындзинӕдтӕй, уӕдӕй райдайынц цардмӕ сӕ фыццаг амондджын къахдзӕфтӕ. Ӕмӕ мӕнӕ фӕцис фӕззӕджы кӕройнаг мӕй, бирӕ цыдӕртӕ базыдтой кӕстӕртӕ ацы рӕстӕгмӕ, ахуыры фӕлтӕрддзинадӕй фӕхайджын сты. Уыдон та фылдӕрбӕрцӕй сӕ къухты бафтыдысты сӕ ахуыргӕнджыты руаджы. Ахуыр-хъомылады хъуыддаджы сын ӕнтыстытӕ кӕй ис, царды раст фӕндагыл фыццаг уӕндон къахдзӕфтӕ кӕй акодтой, уымӕй та буц сты канд кӕстӕртӕ нӕ, фӕлӕ сӕ хъомылгӕнджытӕ дæр. Адӕймаджы сконд та афтӕ у, ӕмӕ циндзинадӕй зӕрдӕ куы байдзаг вӕййы, уӕд ын ӕрӕнцой нал фæзоны, ӕдзухдӕр фӕархайы, цӕмӕй уыцы хъӕлдзӕгдзинад ӕндӕртӕ дӕр банкъарой.

Ахуыры ӕртӕ мӕйы ӕнтысгӕйӕ ахицӕн кӕныны сӕраппонд ӕрӕджы Цхинвалы районы Къостайыхъӕуы астӕуккаг скъолайы райдиан кълӕсты ахуыргӕнджытӕ Гаглойты Тамилӕ, Козаты Валентинӕ, Джусойты Нелли ӕмӕ Цхуырбаты Альбинӕ сӕ ахуырдзаутимӕ бацӕттӕ кодтой ӕмӕ ауагътой цымыдисон мадзал ахӕм номимӕ «Сыгъзӕрин фӕззӕг».  Мадзаламонджытӕ уыдысты Бӕззаты Альмӕ ӕмӕ Джиоты Миланӕ. Уыдон ӕрдзырдтой афӕдзы ацы рӕстӕджы рӕсугъддзинад ӕмӕ нысаниуӕджы тыххӕй. Сценарийы фыццаг хъайтар Фӕззӕджы роль сӕххӕст кодта Мӕлдзыгаты Аланӕ ӕмӕ райзӕрдӕйӕ ӕрлӕууыд ӕмӕ цины ӕнкъарӕнтимӕ ӕрдзырдта бӕркадджын фӕззӕджы ахадындзинадыл. Уый фӕстӕ фӕхуыдта Тӕрхъусы, кӕцыйы хорз сӕххӕст кодта 2-ӕм къласы ахуыргӕнинаг Хуыбиаты Марат. Фӕз-зӕг цух нӕ вӕййы къӕвдатӕй ӕмӕ уыцы фӕлгонц радӕттыныл та бацархайдта Гаглойты Камилӕ. Уӕддӕр фӕззӕг тынгдӕр фидауы йӕ бӕркадджын тыллӕг ӕмӕ йӕ алыгъуызон кӕркӕ-мӕркӕ фӕ-лыстӕй ӕмӕ уыдӕттӕ та сценӕмӕкӕсджыты размӕ рахӕссыныл бацархайдта 4-ӕм къласы ахуырдзау Хуыбиаты Иннӕ.

Мадзаламонӕг цины ӕнкъарӕн-тимӕ ӕмдзӕвгӕ дзуры бӕркад-джын фӕззӕджы тыххӕй. Уӕдмӕ фӕзынд Тӕрхъус ӕмӕ сӕххӕст кодта хъӕлдзӕг хъазт. Фӕстӕ нӕ фӕлӕууыдысты фыццагкъласонтӕ дӕр ӕмӕ сӕ райгондӕй баз-задысты сӕ ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ ныййарджытӕ. Тӕрхъусы бынат ныр та бацахста Къӕвда ӕмӕ сывӕллӕттӕм сиды, цӕмӕй ма тӕрсой къӕвдайӕ, ӕрбамбырд сӕ кодта ӕмӕ сценӕйыл сцырын “Къӕв-да”- йы хъазт. Къаддӕр циндзинад нӕ банкъардтой ӕрӕмбырдуӕвджытӕ, фӕззӕджы иууыл ӕну-выддӕр хӕлар «Тыллӕг» йӕ монолог куы дзырдта, уӕд. Уый йе ‘мбӕлттӕм дӕтты фарстатӕ, мӕры цахӕм цӕхӕрадоны зайӕгойтӕ зайы ӕмӕ сын уыдон лӕвӕрд-той ӕмбӕлон дзуаппытӕ. Уый фӕстӕ та рахызтысты уыци-уыцитӕм, уыдон та уыдысты джитъри, къӕвда, хъӕндил, къабускӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ. Хъӕлдзӕг бӕрӕгбон ӕнӕ зарӕгӕй нӕ фидауы ӕмӕ ахуырдзаутӕ Тъотъоты Марат, Мӕлдзыгаты Аделинӕ, Гаглойты Эдуард, Саулохты Ланӕ, Басилидзе Аленӕ, Цхуырбаты Сӕрмӕт ӕмӕ ӕндӕртӕ сӕ арӕхстдзинад ӕвдыстой зарын, кафын ӕмӕ ӕмдзӕвгӕтӕ дзурынӕй.

Мадзал бахӕццӕ йӕ кӕронмӕ, Фӕззӕджы роль ӕххӕстгӕнӕг Мӕлдзыгаты Аланӕ дзаг хызынимӕ фӕзынд ӕмӕ йӕ дзаджджын хуынтӕй фӕхайджын кодта мадзалы архайджытӕ ӕмӕ уазджыты, ӕрбадтысты дзаг фынгыл ӕмӕ хъӕлдзӕг зӕрдӕйы равгимӕ фӕндараст загътой 2019 азы фӕззӕгӕн.                                                         

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.