Æрдз сфæлдисы ахæм диссаджы хæларзæрдæ æмæ рæдау адæймæгты, кæцытæн сæ уд, сæ дзæцц вæййы искæмæн исты хорзы бацæуын, сæ бон цæмæй у, уымæй сын балæггад кæнын. Уыдон тыхст адæймаджы фæрсты никуы ахиздзысты, алы хатт дæр сæм æххуысы къух фæдаргъ кæнынц. Ахæм диссаджы хæларзæрдæ адæймаг у, абон мæ дзырды сæр кæуыл у, уыцы арфæйаг амалиуæггæнæг Гобозты Алан дæр. 

Гобозты Алан райгуырд Знауыры хъæуы. Йæ фыд а-дунейæ раджы кæй ахицæн, уымæ гæсгæ хæдзары уæз æрæнцад йæ чысыл уæхсчытыл. Хъæууон хæдзары та куыстытæй фылдæр цы ис, никуы фæуд кæнынц. Уый хæрзчысылæй ссис йæ мад Кæсæбиты Нинелæн, афтæ ма йæ дыууæ хойæн дæр ныфсы мæсыг. Истæуыл-иу куы тыхстис йæ ныййарæг мад, уæд-иу ын ныфсытæ авæрдта куырыхон лæгау.  Ахæм рæстæджыты-иу мады зæрдæ хурварс абадти. Йæхицæй-иу бабуц ис, ахæм фырт кæй хъомыл кæны, уымæй. Мад æппæт дæр арæзта  йе ‘ртæ хъæбулы царды раст фæндагыл бафтауыны тыххæй æмæ йæ къухты æфтгæ дæр бакодта. Абоны бон æртæ дæр сты цæвиттойнаг сæ алы хъуыддагæй дæр. Астæуккаг ахуырад райстой Знауыры астæуккаг скъолайы. Чызджытæй сæ иу кусы Знауыры районы рынчындоны медицинон хойæ æмæ нымад у йæ дæсныйады иттæг хорз специалистыл. Иннæ чызг цæры Дзæуджыхъæуы, дыууæтæн дæр ис бинонтæ æмæ сывæллæттæ. Фæлæ абон мæ дзырды сæр Аланыл у.

Ноджы ма йæ зæгъон, уый хæрзчысылæй фæцайдагъ хæдзарон куыстытæ æххæст кæныныл, алы хатт дæр-иу баххуыс кодта йæ мадæн. Алан астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты. Æркодта йæхицæн бинонтæ дæр. Ис сын дыууæ хъæбулы. Йæ цардæмбал Одыкъаты Мананæ кусы Знауыры районы милицийы хайады сывæллæтты хатæны æмæ арæх абæрæг  кæны, йæхæдæг кæцы ахуырадон уагдоны ахуыр кодта, уый – Знауыры астæуккаг скъолайы. Алан чысылæй райдыдта кусын, йæ дарддæры цардыл хъуыды кæнын æмæ ныр цалдæр азы кæны амалиуæггæнæджы куыст. Знауыры районы сарæзта фосдарды фермæ æмæ маргъдарды фабрикæ æмæ йæ къухты æфты хорз æнтыстытæ. Йæ фосдарды фермæ, æвæц-цæгæн, у иууыл стырдæр, ис дзы  120 сæрæй фылдæр фос. Цхинвалы магазинтæм æрласы æхсыр, цыхт, нæлхæ, рæвдуæттæ æмæ æндæр продукттæ, кæцытæ экологон æгъдауæй сты сыгъдæг æмæ сæ цæрджытæ æлхæнынц æхсызгонæй. 37-аздзыд амалиуæггæ-нæгæн афтæ æвзонгæй йæ къухты ахæм æнтыстытæ кæй бафтыд, ахæм стыр хæдзарад саразын ын кæй бантыст, уый у æрмæстдæр –  йæ куыстуарзондзинады фæрцы.

Гобозты Алан цыфæнды æнæвдæлон ма уа, уæддæр арæх абæрæг кæны, дыккаг хæдзары хуызæн ын чи ссис, фыццаг хатт кæсын, фыссын кæм базыдта, 11 азы дæргъы кæм ахуыр кодта, уыцы Знауыры астæуккаг скъолайы. Ахуырадон уагдоны педколлектив дæр фæцин кæнынц сæ раздæры рауагъдоныл æмæ йын бузныджы ныхæстæ фæзæгъынц, скъолайæн цы лæггæдтæ кæны, уыдоны тыххæй. Цæвиттон, Алан æрвылаз дæр баххуыс кæны скъолайæн хъæуæг дзаумæттæ самал кæ-нынæн. Ацы ахуыры аз дæр та уыд афтæ. Скъолайы компьютерон къласæн балхæдта æмæ бакæнын кодта жалюзитæ æмæ маскитон хызтæ. Маскитон хызтæ ма бакодта скъолайы буфеты рудзгуытыл, раивта  пластикæй арæзт цыппар рудзынджы цъæл æвгтæ дæр. Ивгъуыд аз та сын балхæдта спортивон инвентарь, уыцы нымæцы  –  пуртитæ æмæ æндæр ифтонг-гæрзтæ. Æввахс рæстæджы ма фæнд кæны скъолайы интерактивон фæйнæг бакæнын.

Знауыры астæуккаг скъолайы директор Хуыгаты Валя стыр бузныг у йæ раздæры хъомылгæнинагæй. «Арæх нæм æрбацæуы скъоламæ æмæ бацымыдис кæны, тынгдæр цæуыл тыхсæм, уымæ. Мах дзы æфсæрмы фæкæнæм, зæгъын, цас гæнæн ис æмæ нын ахæм лæггад кæнай, фæлæ уый уæддæр йæхион акæны æмæ нын алы ахуыры аз дæр  хъуамæ иу кæнæ иннæ дзаума балхæна. Æнæхъæн ахуыры аз нæм йæ хъус фæдары лæмбынæг. Педколлектив, ныййарджытæ æмæ дзы скъоладзаутæ иууылдæр сты райгонд», – загъта директор.

Чизоны, исчи афтæ ахъуыды кæна æмæ зæгъа, зæгъгæ,  йæ бон у æмæ æххуыс кæны. Фæлæ афтæ чи ахъуыды кæна, уыдон бынтон раст нæ уыдзысты, уымæн æмæ ис исы нæ мары, стæй дæр уæлдай финансон фæрæзтæ никæмæ ис. Уымæй дæр бирæтæн у сæ бон æххуысхъуаг бинонтæн, хицæн адæймæгтæн баххуыс кæнын, фæлæ алкæмæн йæ цæст нæ ба-уарзы ахæм хæрзаудæн архайд бакæнын. Æгæрыстæмæй ма бирæ фæрæзджынтæ се ‘ввахс хиуæттæн дæр куынæ баххуыс кæнынц. Иннæ ахæм, алы адæймагæн дæр ис йæхи сæрмагонд проблемæтæ, кæцытæ баст вæййынц финансон фæрæзтимæ. Проблемæтæ ис Аланæн дæр, фæлæ уый йæхицæй ратона кæны æхцайы фæрæзтæ, балхæны сæ æнæмæнгхъæуæг дзаумæттæ æмæ сæ цæстуарзонæй балæвар кæны йæ уарзон скъолайæн. Ахæм хæрзаудæн архайд кæнынц æрмæстдæр Гобозы фырты хуызæн стыр æмæ парахат зæрдæйы хицау адæймæгтæ æмæ сын Хуыцауы цæст ноджы фылдæр бауарзæд. Уый ма финансон æххуыс бакæны æххуысхъуаг æмæ тыхст уавæры бахауæг хицæн адæймæгтæн дæр æмæ йын уыдон дæр зæрдæбын арфæтæ фæкæнынц, ахæм аудгæ æмæ хъарм ахаст сæм кæй равдисы, уый тыххæй.

Знауыры районы астæуккаг скъолайы коллектив Хуыгаты Валяйы сæргълæудæй сæрыстыр сты сæ раздæры ахуыргæнинаг Гобозты Аланæй æмæ йын зæгъынц стыр бузныг йе ‘рхъуыды æмæ лæмбынæг хъусдарды тыххæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.