1985 азы Советон Цæдисы Генералон секретарæй Михаил Горбачев æвзæрст куы æрцыд, уæд советон адæмы, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны цæрджыты цинæн кæрон дæр нал уыд. Адæм кæрæдзийæн арфæ кодтой, Советон Цæдисæн абаргæйæ æвзонг генералон секретарь кæй уыдзæн, уый тыххæй. Уымæн æмæ Горбачевы размæ нырма Цæдисы сæргълæууæг  уыд ацæргæ æмæ рынчын Леонид Брежнев. Уый Цæдисæн къухдариуæгад кодта 18 азы дæргъы. Брежневы рæстæг социалон планы нымад цæуы иууыл стабилондæр рæстæгыл. Советон адæм истой лæвар ахуыр æмæ медицинон лæггæдтæ, ифтонг цыдысты цæрæнуатæй. Фæлæ уæддæр ресурсты экспорты дæлбарад, æфсæддон хæрдзтæ æмæ коррупци æркодтой экономикæйы мидцоппаймæ (застой). 80 азты райдианы Брежневы алыварслæуджытæ фылдæр тыхстысты сæхи интересты тыххæй æмæ уадиссаг ницæмæ дардтой иумиагæй паддзахады интерестæ. Йæ алыварслæуджытæ рынчын лидеры хорзæхджын кодтой алыгъуызон хорзæхтæй æмæ йын уымæй йæ зæрдæ æлхæдтой. Фæлæ уæддæр Брежневы рæстæг нымад цæуы иууыл сабырдæр æмæ стабилондæр рæстæгыл. Абон дæр ма фехъусæн ис ахæм ныхæстæн, зæгъгæ, Брежнев куынæ амардаид, уæд нæ цард афтæ не схæццæ уыдаид.

Брежневы амæлæты фæстæ Генералон секретарæй Юрий Андропов æвзæрст куы æрцыд, уæд адæм сулæфыдысты сæ риуты дзаг, уымæн æмæ уый уыд раст æмæ домаг секретарь. Уæлдай хъусдард аздæхта куысты дисциплинæмæ. Уый рацыд, паддзахадон æмæ партион аппараты кусджытæн цы привилегитæ лæвæрд цыдысты, уыдоны ныхмæ. Андропов æй фенын кодта йæхи цæвиттоныл, привилегиты фылдæр хайæн «нæ» зæгъгæйæ. Андропов райдыдта тох кæнын социалистон системæйы экономикон эффективондзинад фæбæрзонддæр кæныны тыххæй. 1983 азы райдыдта «адæмон хæдзарады управленийы кардиналон рацарæзты бирææмгъуыдон программæ»-мæ бацæттæ кæныныл. Фæлæ уый бирæ нæ бакуыста ацы бæрнон бынаты, уæззау низы фæстиуæгæн ахицæн цардæй.

1984 азы йæ амæлæты фæстæ Генералон секретарæй нысан æрцыд 73-аздзыд Константин Черненко, кæцы ацы бынаты бакуыста æрмæстдæр иу аз. Ацы ацæргæ рынчын адæймаджы уавæрмæ кæсгæйæ-иу адæймаг йæхæдæг стыхст æмæ адæм Горбачевы æрбацыдыл уымæн цин кодтой. Фæлæ уæд хъуыды дæр ничи акодтаид, Михаил Горбачевы рæстæджы  хъомысджын Советон Цæдис кæй ныппырх уыдзæн, ууыл. Советон Цæдисы æппæт æфсымæрон бæстæтæ фехъусын кодтой сæ хæдбардзинады тыххæй. Ныгуылæны Горбачевы нымайынц иууыл кадджындæр политикыл, уымæн æмæ уый ныппырх кодта, цы хъомысджын Цæдисæй тарстысты, уый. Горбачев Цæдисæн къухдариуæгад кодта 1991 азы 25 декабры онг. Йæ правленийы рæстæг историмæ бацыд, куыд рацарæзты æмæ адæмæн экономикон сæрибардзинад радтыны рæстæг, афтæ. Горбачевы рефор-мæтæ æркодтой массон æгуыстдзинадмæ, тоталон дефицитмæ æмæ бирæнымæц пад-дзахадон куыстуæтты ликвидацимæ. Горба-чевы сæвзарыны фæдыл адæмы цин æнæ-хъуаджы фæцис æмæ йæ адæм абоны онг дæр æфхæрынц, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны адæм дæр. Советон Цæдис кæй ныппырх кодта, уый фæстиуæгæн ирон адæм бирæ фыдæвзарæнты бахаудтой. Хуыздæйраг нæ уыд бирæ æндæр адæмты цард дæр.

30 азы размæ,   1991 азы 22-æм январы Горбачев йæ къух æрфыста Барамындыл финансон æрзылдæй иууыл егъаудæр – 50 æмæ 100 сомы купюрæтæ сисыны тыххæй. Хъуамæ ивд æрцыдаиккой 1961 азы хуызы банкноттæ. Ацы процесс сæххæст кæнынæн лæвæрд цыдис æрмæстдæр æртæ боны. Бæстæйы цæрджытæ паникæйы бахаудтой. Адæм æфснайæн кассæты раз лæууыдысты тыгуыртæй. Æппæт Советон Цæдисы активонæй ивд цыдысты зæронд купюрæтæ, кæцытæ уæвынад кодтой 30 азы. Æфснайæн лагъзты сисæн уыд æрмæстдæр 500 сомæн, баивынæн та – 1000 сомы онг, уыимæ пенсиисджытæн уыд æрмæстдæр 200 сомы баивыны бар. Цъус æхца йедтæмæ кæй нæ ивтой, уымæ гæсгæ адæмæй фылдæр æхца кæмæ уыд, уыдон сæ æрвыстой, цъус æхца кæмæ уыд, уыцы хиуæттæм, цæмæй сæ уыдон баивтаиккой. Бирæтæ та, æгæрыстæмæй, æлхæдтой цалдæргай билеттæ поездтæ æмæ хæдтæхджытæм, цæмæй сæ фæстæдæр фæстæмæ радтаиккой кассæ-мæ. Райсом раджы адæм лыгъдысты æфснайæн кассæтæм, цыран-иу сæвзæрд стыр радтæ. Ацы æхцайы реформæйæн уыд тынг æвзæр фæстиуджытæ, адæмæй бирæтæ фесæфтой, сæ цæргæ-цæрæнбонты цы æхца фæтымбыл кодтой, уыдоны æмæ сæ абоны онг дæр нæма райстой. Уыдис ахæм цау дæр, цæвиттон, æхцатæ баивыны æмгъуыд куы фæцис, уæд иу боны фæстæ   Дзæуджыхъæуы цæрæг чумæданимæ бацыд паддзахадон бангы бæстыхаймæ. Бакодта йæ æмæ дзы ракалдта 50 сомон купюрæтæ æмæ сæ басыгъта фæндагыл цæуджыты раз. Иууыл зынаргъдæр арты æхцатимæ сыгъд адæмы æууæнк  дæр рæсугъд æмæ ирд сомбоны тыххæй…

30 азы размæ 1991 азы 2-æм апрелы Советон Цæдисы цалдæр хатты фæфылдæр продукттæ, сæудæджерадон товартæ, тарифтæ æмæ лæггæдты аргъ. Æргъты фæфылдæр кæныны нысан уыд экономикæйы дисбаланс аиуварс кæнын æмæ дефициты ликвидаци, фæлæ уый ноджы фæарфдæр кодта кризис. Советон æмбæстæгты цардуагон æмвæзад цæхгæр æрхауд. Æппæт бæстæйы милуангай бинонтæ бахаудтой гæвзыккдзинады уавæрты. Цæрджытæ схæрамзæрдæ сты, нал æууæндыдысты хицауадыл.

Уыцы рæстæджы официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, продуктты æмæ товарты аргъ сырæзт 65-70 проценты. Метройы ацæуыны аргъ 5 къапеккæй сырæзт 15 къапеккмæ. Дзулы аргъ фæфылдæр æртæ хатты (20 къапеккæй 60 къапеччы онг. 1990 азы апрелы мæимæ абаргæйæ стуры фыдызгъæл 1 сом æмæ 97 къапеккæй схызт 7 сомы 90 къапеккмæ, фых тахынæгы аргъ фæфылдæр 2 сомы æмæ 70 къапеккæй 8 сомы æмæ 90 къапеччы онг. Товартимæ уавæр ноджы февзæрдæр, сæ аргъ кæй схызт, уымæ нæ кæсгæйæ æнкъардæуыд сæ дефицит. Уый размæ лæвар цы лæггæдтæ уыдысты, уыдоны тыххæй ныр хъуыд фидын, кæцыты аргъ схызт 23,8 процентæй. 1990 азимæ абаргæйæ хъæууон хæдзарады кондады гуырахст 1990 азимæ абаргæйæ фæкъаддæр 13 проценты. Æрхауд ахсджиаг товарты рауагъд: хъуымац, къахыдарæс, трикотаж æмæ афтæ дарддæр.

Уæд газет «Известия» фыста: «2-æм апрелы дæр Мæскуыйы магазинтæ уыдысты афтид, уый размæ бон куыд уыдысты, афтæ». Паддзахадон бюджет ницы райста товарты аргъ фæфылддæр кæнынæй. Уый хыгъд социалон æндыгъддзинад рæзтис. Донбасс, Кузбасс æмæ Воркутайы шахтерты куыстурæдтæ фæтынгдæр сты. Куыстмызд фæфылдæр кæныны æмрæнхъ, уыдон домдтой Горбачевы отставкæ, Советон Цæдисы Уæлдæр Советы ныппырх кæнын, Коммунистон партийы исады национализаци æмæ афтæ дарддæр. Шахтертæм æрбаиу сты сæдæгай фæллойадон коллективтæ æппæт Советон Цæдисы. Куыстурæдтытæ æрлæууыдысты æрмæстдæр уæд æмæ сын хицауад куы баныфсæвæрдта, зæгъгæ, куыстуæтты иу хай раконд æрцæудзæн республикон юрисдикцимæ цæдисы бюджетмæ æфтиæгты ахыгъд æруромгæйæ».

1991 азы сæрды цæрджыты хæлцадон продукттæй сифтонг кæнын афтæ тынг скарз, æмæ хицауады бахъуыд бадзурын Хуссар Африкæйы республикæйæ  нартхор æмæ Хуссар Кореяйæ та пырындз æрбаласыны тыххæй. Советон Цæдисы æнкъардæуыд фæлхасадон базары æххæст хæлæттагдзинад æмæ практиконæй товарты æппæт хуызты тоталон дефицит. Михаил Горбачевы правленийы рæстæг бирæ адæмтæн, уыцы нымæцы ирон адæмæн дæр æрхаста тугкалд æмæ цæссыг…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.