Знауыры районы цалдæр азы размæ цы дыууæ æртæуæладзыгон корпусы сы­рæзт, уыдонмæ хæстæг уыд сæри­бар фæзуат æмæ ныр та уым сырæзт корпустæм æнгæс ноджы иу æртæ-уæладзыгон хæдзар.

Æмткæй республикæйы, æмæ Знауыры районы дæр цæрæнуатон проблемæ ныр­ма ис фыццаг бынаты. Уымæн æмæ 30 азы дæргъы социалон хæдзæртты арæзтад районы нæ цыдис. Знауыры поселочы би­рæ ис, сæ бон сæхи фæрæзтæй хæдзар са­разын, кæнæ сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæнын æнæ хицауады æххуысæй кæмæн нæу, ахæм бинонтæ. Цæры дзы, Гуырдзыстоны мидæггаг районтæй 1991 азы чи ралыгъдысты, ахæм бинонтæ. Басыгътой, ныппырх сын кодтой сæ хæ­дзæрттæ æмæ сын абоны онг дæр аккаг уавæртæ нæма ис цæрынæн. Ацы æртæ корпусы дæр æххæстбæрцæй нæ аскъуыддзаг кæндзысты проблемæ, фæлæ ног æртæуæладзыгон хæдзары цы 18 фатеры ис, уыдон уавæр фæхуыздæр кæндзысты. Уыдонæн сæ номхыгъд сбæрæг кæндзæн сæрмагонд къамис æмæ ног азмæ амонд­джын бинон­тæ балидздзысты сæ фатер­тæм.
Хæдзар та сарæзтой нырыккон домæн­тæм гæсгæ æмæ дзы цæрынæн уыдзæн æппæт уавæртæ дæр. Æртæуæладзыгон корпусмæ ис дыууæ бахизæны. Фатертæ сты дыууæ æмæ æртæхатæнонтæ. Дыу­уæхатæнонæн йæ фæзуат у 65 квадратон метры, æртæхатæнонæн та – 75. Хæдзары бын та ис иумæйаг ныккæнд. Уым сæрибарæй саразæн уыдзæн алы бинонтæн дæр хи­цæн ныккæндтæ. Сабитæн та кæрты сарæзтой хъазæн фæз. Фатерты хицæуттæ сæ машинæтæ кæм уромой, ахæм фæзуат дæр дзы ис.
Хæдзар сарæзта бынæттон арæзтадон фирмæ «Престиж» Инвестпрограммæйы фæрæзтæй. Фирмæйы сæргълæууæг Беппиты Иналмæ хорз фæлтæрддзинад ис. Уый размæ ам цы дыууæ хæдзары сырæзт, уыдон дæр ацы арæзтадон фирмæ са­рæзта.
Знауыры районы администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй хæдзар районы балансмæ лæвæрд куы æрцæуа, уæд æр­кæсдзысты, цæрæнуат райсыны ном­хыгъды цы адæм ис, уыдонмæ. Се ‘хсæнæй æв­зæрст æрцæудзысты иууыл тыхстдæртæ. Фа­те­рты хицæутты куы сбæрæг кæна къа­мис æмæ сæм дæгъæлтæ куы радтой, уымæй фæстæмæ ам цы куыстытæ уа, уыдон æххæст кæндзысты районы цæрæнуатон-ком­муналон хæдзарады кусджытæ.
Администрацийы ныфс æвæрынц, фа­тертæ уарыны процедурæ кæй нæ адаргъ кæн­дзысты. Æмæ рады чи лæууы, уыдон Ног азы сæ ног фатерты кæй фембæлдзысты. Номхыгъды ис æвзонг бинонтæ дæр. Ахæм категоритæн кæд æмæ лæвæрд æрцæуа, уæд сын уый хорз стимул рат­дзæн районы æрбынат кæнынæн.
Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады куыд зæгъынц, афтæмæй хицауад дарддæр дæр архайдзæн социалон цæрæ­нуæттæ аразыныл, кæй зæгъын æй хъæуы, Инвестпрограммæйы руаджы.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.