ДИДИНДЖЫТÆ СÆВÆРДТОЙ ЦЫРТЫЛ

Донецкы Адæмон Республикæйы бон, 11 майы, ацы республикæйы фыццаг Сæргълæууæг Александр Захарченкойы номыл парчы, фæмардуæвæг хъайтарты цыртыл сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ. Ацы цырт Донецкæн балæвар кодта РХИ-йы территорийыл хæстон архайдтыты рæстæджы инвалидтæ æмæ фæцæфуæвджытæн æххуысы фонд.

Мадзалы хайад райстой дæлхай «Сæрмæт»-ы, «Дикая дивизия Донбасса», «Пятнашка»-йы хæстонтæ, Донецкы Адæмон Республикæйы Æхсæнадон палатæйы уæнг Юлия Гончарова, Тельмановскаг муниципалон зылды депутат Виктор Неер, ацы республикæйы Æхсæннацион æхсæнадон организацийы сæрдар Бæззаты Еленæ æмæ организацийы иннæ минæвæрттæ. «Вечная слава Героям» ахæм уæлфыстимæ венок Ирыстоны адæмы номæй Донецкæн радта хæрзаудæн фонд «Будем жить» (йæ сæргълæууæг Галина Висяч). Ацы фондæн бындур æрæвæрдтой сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмардуæвæг хъайтарты мæдтæ, хотæ æмæ цардæмбæлттæ.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ 11-æм майы Донецкы æмæ Луганскы Адæмон Республикæты сырæзтыл кæй сæххæст 10 азы.

 

Донбассæн – ирыстойнаг

гуманитарон æххуыс

Ирыстонæй Донбассмæ æрластой гуманитарон æххуыс. Арвыстой йæ хæрзаудæн фонд «Будем жить» (йæ сæргълæууæг Галина Висяч), волонтерон къорд «РайДай» (волонтер-координатор Мæрзойты Зæлинæ), «Согрей солдата» (Людмила Храбрых) æмæ Ирыстоны æппæт къуымты цæрджытæ. Гуманитарон æххуыс фыццаг райстой цæф хæстонтæ æмæ фронты раззаг хаххы æфсæддон службæгæнджытæ.

Донецкы гуманитарон уæз райста «Землячество Алании»-йы сæрдар Бæззаты Еленæ. Уый бацархайдта, цæмæй æххуыс рæстæгыл фæхæццæ уыдаид хæстонтæм. Афтæмæй уыдон лæвæрттæ райстой Куадзæн æмæ Уæлахизы бонмæ.

Хæстонтæ арфæйы ныхæстæ загътой æхсæнадон организаци «Землячество Алании» æмæ Адæмон гуманитарон штаб «Байрай Донбасс»-æн.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.