Гуырдзиаг агрессийы амæттæгты мысæн бон — 28 апрелы Цъинагары хъæуы, знаджы нæмыгæй фæмардуæвджыты цырты цур ауагъдæуыд траурон митинг, цыран хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид, РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик, республикæйы Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг, политикон партиты æмæ республикæйы æхсæнады минæвæрттæ, Ленингоры районы администрацийы минæвæрттæ. Мадзалмæ æрбацыдысты фæмардуæвджыты бинонтæ, хиуæттæ æмæ хæстæджытæ, æрæмбырд сты æввахс хъæуты цæрджытæ, скъолаты ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæ.

Мадзалы райдиан республикæйы Президент Тыбылты Леонид дидинджытæ сæвæрдта фæмардуæвджыты цырты раз. Цырты раз дидинджытæ сæвæрдтой фыдохы мадзалы иннæ хайадисджытæ дæр. Уый фæстæ райдыдта мысæн мадзал, уагъта йæ Ленингоры районы администрацийы культурæйы хайады Цъинагары зонæйы сæйраг специалист Уалыты Зоя.

Уый цыбыртæй радзырдта, Ленингоры районæй гуырдзиæгты къухæй чи фæмард, уыдоны тыххæй.

«25 азы размæ, 1991 азы 28 апрелы гуырдзиаг тугмондаг гæрзифтонг æнæадæймæгтæ Гуры районы Бершуеты хъæуы æрдыгæй æрбацыдысты Цъинагары хъæуы сæрвæттæм, хъуамæ атардтаиккой цъинагайрæгты фос, фехстой фыййауы, мигæнæны хъæрмæ хъæуы фæсивæд абадтысты уæзласæн машинæйыл æмæ атындзыдтой, æхст кæцæй фæцыд, уырдæм. Гуырдзиаг абырджытæ сæ куы ауыдтой, уæд сыл нæмыг нызгъæлстой машинæйы гуыффæмæ. Фæдисонтæй чи цæф фæцис, авдæй та мæлгæ акодтой. Фæмардуæвджытæ уыдысты Бибылты Гиви, Хуыбылты Отар, Мæргъиты Отар, Хуыбылты Зауыр, Чертхъоты Славик, Дудайты Тенгиз æмæ Хуыбылты Таймураз», — загъта мадзал амонæг.

Дарддæр уый радзырдта, Ленингоры районæй ма знæгты къухæй ноджы чи фæмард, уыдоны тыххæй дæр. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй районы цæрджытæй гуырдзиæгты къухæй æдæппæтæй фæмард 24 адæймаджы.

Йæ ныхасы кæрон уый бузныджы ныхæстæ загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонидæн, Стыр Уæрæсейæн, уырыссаг хæстонæн.

«Абон Уæрæсейы уæрæсейаг салдаты фæрцы Хуссар Ирыстоны фысымиуæг кæны са-бырад. Уый тыххæй Стыр Уæрæсейæн зæгъын стыр бузныг.

Дæ сау дарæс акал ирон мад, мауал кал дæ цæссыгтæ, дæ хъæбул йе ’взонг цард нывондæн цы Ирыстоны тыххæй радта, уый дидин æфтаудзæн. Цæудзысты бонтæ, азтæ, фæлæ нæ фыдбоны сыхæгты къухæй нæ адæмæй чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ махæй рох никуы уыдзысты, цæрæнбонæм цæрдзысты нæ зæрдæты», — бахахх кодта Уалыты Зоя.

Уый фæстæ раныхас кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид.

«Мах абон ардæм æрцыдыстæм, цæмæй хайад райсæм мысæн мадзалы. Ивгъуыд æнусы 90-æм азты ацы трагикон цаутæ куы æрцыдысты, уæдæй фæстæмæ мах тох кæнæм, цæмæй Ирыстон ссæрибар уа уыцы уæззаудзинадæй.

Хуссар Ирыстон цадæггай размæ цæуы, фæлæ никуы ферох кæндзыстæм, цы трагикон цаутæ æрцыд, уыдоны.

Абон мах ардæм æрбацыдыстæм æмæ нæ сæр къул кæнæм, ацы хъæбулты чи схъомыл кодта, уыцы ныййарджыты раз, нæ сæртæ къул кæнæм, ацы хъæбулты нын чи радта, уыцы ирон адæмы раз, æмæ кæд уыдоны тыххæй нæма бирæ арæзт не ’рцыд, уæддæр архай-дзыстæм, цæмæй сæ рухс ном ма ферох уа. Мацы нæ хъуамæ ферох уа æмæ макæй хъуамæ ферох кæнæм.

Цы трагикон цаутæ ныл æрцыд, уыдон куы ферох кæнæм, уæд нæ Ирыстонæн размæцыд нæй. Мах æппæт дæр хъуамæ аразæм ныхасæй дæр æмæ хъуыддагæй дæр, цæмæй фæмардуæвджыты рухс нæмттæ рох ма уой, уый тыххæй.

Нæ бон цы у, уымæй хъуамæ æххуыс кæнæм фæмардуæвджыты ныййарджытæн, се ’ввахс адæмæн. Мах алы хатт дæр хъуамæ кæрæдзийы фарсмæ уæм. Мах абон хъæуы иудзинад. Стыр Уæрæсемæ бацæуыны фæндагыл лæуд стæм æмæ уыцы фæндаг махæн гом у æмæ уыдзæнис, нæхæдæг иумæ куы уæм æмæ нæ кæрæдзи куы æмбарæм, уæд.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ 1992 азы 14 июлы Хуссар Ирыстонмæ фида-уынгæнæг тыхтæ куы ‘рцыдысты, уæдæй фæстæмæ нæ зæхмæ æрцыд сабыр цард дæр. Фæлæ 2004 азæй райдайгæйæ, Гуырдзыстоны уæды президент Михаил Саакашвили Республикæ Хуссар Ирыстонимæ ахастытæ тыхы фæрцы аскъуыддзаг кæнын куы сфæнд кодта, уæд фидауынгæнæг тыхтæ куыд ирон батальоны хæстонтæ, афтæ уæрæсейæгтæ дæр — æрлæууыдысты йæ ныхмæ, уыдон аскъуыддзаг кодтой æндыгъд уавæр. Фида-уынгæнæг тыхты нысан æрмæст сабырад æрхæссын нæ уыд, фæлæ ма уыцы сабыр цард бахъахъхъæнын дæр.

Ивгъуыд азы трагикон цаутæ мысгæйæ, мах хъуамæ размæ цæуæм, хъуамæ нæ уырна хæлардзинад, нæхи ахуыр кæнæм разыдзинад æмæ быхсынадыл. Афтæмæй нæ республи-кæйы уæвынад кæндзæн стабилондзинад æмæ æдасдзинад», — банысан кодта Президент.

Мысæн мадзал — Цъинагары хъæуы
Мысæн мадзал — Цъинагары хъæуы

Тыбылты Леонид бахатыд Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг Босыкты Алексеймæ, РХИ-йы Хицауады уæнгтæм æмæ Парламенты минæвæрттæм, цæмæй æркæсой фæмардуæвæг лæппуты цырты алыварс территори схæрзарæзт кæныны фарстмæ.

Паддзахады сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй абон куыст цæуы æмæ дарддæр дæр куыстæуыдзæн æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæт сбæрæг кæныныл.

Дарддæр ныхасы рацыд РХИ-йы Парламентон комитеты сæрдар Гæбæраты Юри.

Уый бузныг загъта æрæмбырдуæвджытæн, ацы мысæн мадзалмæ кæй æрæмбырд сты æмæ фæмардуæвджыты рухс нæмттæ кæй нæ рох кæнынц, уый тыххæй.

Уый цæвиттонæн æрхаста иу цау: «Ивгъуыд æнусы 90-æм азы Республикæ Хуссар Ирыстонæн чысыл рæстæг дзæнæттаг Гасситы Зна-уыр куы къухдариуæг кодта, уæд æм кабинетмæ бацыдысты хæцæг лæппутæ æмæ йын афтæ дзурынц, зæгъгæ нын нæ къухтæ бастæй кæдмæ дардзыстут, гуырдзы нæ иугæйттæй цæгъдынц æмæ афтæмæй скуынæг уы-дзыстæм æмæ нæ бауадз нæ маст райсын. Гасситы Знауыр сæм хъуыста æнæсыбырттæй, стæй йæ бынатæй сыстад, бацыд рудзынджы цурмæ æмæ сын афтæ зæгъы: — Хорз уæ æмбарын, фæлæ сæ хъæлæсы сты Ленингоры районы ирон хъæутæ, уыдонимæ нын ницы бастдзинад ис æмæ сæ гуырдзиæгтæ куы аныхъуырой, уæд стæй цы бакæндзыстæм? Лæппутæ сæ сæртæ ныллæг æруагътой æмæ хатыр кургæ рахызтысты Знауыр Никъалайы фырты кабинетæй».

Гæбæраты Юри банысан кодта, зæгъгæ, алы уæлахиз дæр, цин дæр æмæ трагеди дæр нацийæн иу вæййынц.

«Абон нæ хæдбардзинад нымад кæй у æмæ сæрибар Ирыстоны кæй цæрæм, уыцы хъуыддагмæ алы ироны хайбавæрд дæр ис. Фæлæ алкæцы хайбавæрд иугъуызон нæ уыд, уымæн æмæ, республикæйы иннæ районты цæрджытимæ абаргæйæ, Ленингоры районы цæрджытæ уæззаудæр уавæры уыдысты. Уыдон уыцы уæззау уавæртæн куынæ бафæрæзтаиккой, уæд абон не знæгтæ ам хъæлдзæг мадзæлттæ уадзиккой».

Фæмардуæвджыты бинонты номæй раныхас кодта Чертхъоты Фаризæт, кæцыйæн знаджы нæмыгæй бабын йæ хъæбул. Уый раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн, ацы трагикон цауы мысæн бон кæй æрæмбырд сты æмæ сын се ’дзард хъæбулты ном кæй æрымысынц, уый тыххæй.

Мадзалы фæстæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид фæмардуæвджыты бинонтæн бакодта лæвæрттæ.

***

Мысæн мадзалы фæстæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид бацыд Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астæуккаг скъоламæ. Ахуыргæнджытимæ фембæлды рæстæджы Президент банысан кодта ахуыргæнæджы бæрзонд мисси. Уый бацымидис кодта скъолайы ахуыры уавæрмæ. Ахуыргæнджытимæ дзырдта куыст-мыздыл дæр. Ахуыргæнджытæ куыд банысан кодтой, афтæмæй райгонд сты сæ мыздтæй.

«Мах лæууæм куыстмыздтæ фæфылдæр кæныны къæсæрыл. Ацы фарстыл уынаффæ кодтон Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинимæ дæр, 2012 азы Мæскуыйы официалон балцы куы уыдтæн, уæд. Уый тыххæй Владимир Путин банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны царды æмвæзад, æндæр бæстæтимæ абаргæйæ, хъуамæ уа бæрзонддæр. 2013 азы январы нæ республикæйы куыстмызд фæфылдæр 40 проценты, иу азы фæстæ та — 10-12 проценты, уыцы рæстæджы дæргъы Хуссар Ирыстоны куыстмызд фæфылдæр 50 проценты. Æз зæгъдзынæн, уый хорз бæрæггæнæн кæй у, уый», — банысан кодта Президент.

Скъолайæн спортивон зал кæй нæй, уый тыххæй скъолайы директор Гусойты Ласко бахатыд Президентмæ спортивон зал саразыны тыххæй.

Залы арæзтады тыххæй Тыбылты Леонид бахæс кодта скъолайы директорæн йæхицæн, цæмæй уый дæр аскъуыддзаг кæна, цахæм зал хъæуы саразын, æмæ уый фæстæ скъуыддзаг æрцæудзæн.

«Республикæйæн ахсджиаг у фыццаджы фыццаг рæзгæ фæлтæрæн æмбæлон уавæртæ саразын», — бахахх кодта Тыбылты Леонид.

***

Паддзахады сæргълæууæг аныхас кодта Цъинагары цæрджытимæ дæр. Цъинагайрæгтæ куыд загътой, афтæмæй хъæуы цæрджытæн хъæууонхæдзарадон техникæ кæй нæй, уый сын æвзæрын кæны проблемæтæ.

Хъæуы цæрджыты ма тыхсын кодта, Захъор-Цъинагары фæндаг дард кæй у, уый дæр. Уыдон куыд загътой, афтæмæй Гром-Цъинагары фæндаг у цыбырдæр æмæ уый куы фæхуыздæр кæниккой, уæд сын Цхинвалмæ цæуын уаид æнцондæр.

Цъинагайрæгтæн Президент куыд баныфсæвæрдта, афтæмæй Цъинагар-Громы фæндаджы арæзтад райдайдзысты 29 апрелы, уырдæм æрбацæудзысты специалистты бригадæ æмæ æрæвналдæуыдзæн фæндаг схæрзарæзт кæнынмæ.

Фæстæмæ здæхгæйæ, Тыбылты Леонид æрлæууыд Абреуы хъæуы æмæ уым дæр аныхас кодта хъæуы цæрджытимæ. Уыдон тыхсынц, бынæттон телеуынынад сæм кæй не ’вдисы, уый тыххæй, афтæ ма сæ тыхсын кæны, фаг дон æмæ сæм медпункт кæй нæй, уый дæр. Уыцы фарстыты тыххæй Президент загъта, зæгъгæ, цыбыр æмгъуыдмæ скъуыддзаг æрцæудзысты уыцы проблемæтæ.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.