18 азы размæ æрцыд æбуалгъ фыдракæнд. Уый фæстæ нæ цард фæци дыууæ дихы. Алы аз дæр мах ссарæм Беслæны фыдбæллæхы амæттæгты рухс нæмттæ. Уыцы фыдохы бонтæ иу кæны бирæ æдæмты æнæхъæн дунейы дæр цыфыддæр фыдракæндты ныхмæ тохы. Не ‘ппæты хæс дæр у æдзард сывæллæтты, ныййарджыты, ахуыргæнджыты æмæ, сæ сæ царды аргъæй ирвæзын кæныныл чи архайдта, уыдоны рухс нæмттæ ссарын.

Æрвылаз мысдзыстæм Ирыстоны æдзард хъæбулты рухс æмæ сыгъдæг нæмттæ. Сæ номыл арвмæ урс бæлæттау тæхдзысты урс шартæ, адæм аргъуанты судздзысты мыдадзын цырæгътæ, лæудзысты æдзæмæй…

1-æм сентябрь ахуырдзау фæсивæдæн цины бæрæгбон у. Ацы бон адарддæр кæнынц сæ фæндаг зонындзинæдты дунемæ. Афтæ уыд æрвылаздæр. Фæлæ 2004-æм азы сентябры цаутæ мингай адæмæн фесæфтой ацы цины æнкъарæнтæ.

2004-æм азы 1-æм сентябры фыццаг дзæнгæрæджы зæлты бæсты иууылдæр æвдисæн уыдысты хæцæнгæрзты æхстытæн æмæ террористты фыдмитæн. Цины бæрæгбоны бæсты сывæллæттæ бахаудысты зындонмæ. Уæдæй рацыд 18 азы, фæлæ Беслæны рыст никæмæн къаддæр кæны.

Цытæ федтой, цы бавзæрстой, æвдисæн цæмæн уыдысты,  уыдонæн дур дæр нæ бафæраздзæн. Фæлæ уыцы æртæ боны адæм кæрæдзийы ныфсæй, кæрæдзийы æнцой лæугæйæ, æнхъæлмæ кастысты амынæтты кæд фервæзын кæндзысты, уымæ. Уырныдта сæ – нæ сæ ныууадздзысты…

Æрцыд абуалгъ фыдракæнд. Фæлæ нæхимæ ныхъхъус уæм, уый бар нын нæй. Мах хъæуы кæрæдзийы фарсмæ æнгомдæр æрбалæууын, афтæ саразын, цæмæй ахæм, кæнæ æндæр хуызы теракттæ макуыуал æрцæуой. Нæ сабырадон царды нын хъуамæ уой æдасдзинады гарантитæ.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.