ИРЫ ДЗЫЛЛÆЙЫ СУДЗГÆ-ДУДГÆ  РЫСТÆН НÆЙ КÆРОН

Мæ зæрдæ, фест фыдохы бон дзæнгæрæг,

Дæ хъæлæсæй нæ Иры маст нæрæд,

Дæ цъæхахст дардыл азæлæд хъæргæнæг,

Дæ хъæрæй Зæхх йæ хъæбултыл кæуæд.

 

Беслæнæй абон судзаг марой хъуысы,

Мæрдон фæздæгæй баталынг нæ бон.

Нæ тæригъæдæй арвы къæй æнкъуысы,

Цæрдудæй мах куыд æвзарæм зындон!

ДЖЫККАЙТЫ Шамил

 

Фæллойгæнæг, зæхкусæг фæззæджы æнхъæлмæ фæкæсы йæ куысты бæркæдтæм. Ирыстоны дзыллæйæн та 2004 азы сентябры фыццаг бонтæ бæркады бæсты фыдох æмæ марой æрхастой. Беслæны 1-æм скъолайы скъоладзаутæн, зонындзинæдтæм хонæн дзæнгæрæджы бæсты, сæ сæртыл туджы зæйтæ ранхъæвзт. Иры адæм сæ сабиты цард, цин æмæ хъæлдзæг худтæй бавдæлон сты. 14 азы размæ Ирыстоныл æрцыд, хуымæтæг ныхæстæй зæгъæн кæмæн нæй, ахæм æвирхъау фыдох. Дыкъахыг тугхор лæгсырдты къухтæй сæдæгæйттæй бабын сты нæ хуыздæртæ, цыфыддæр знаг бахъавыди нæ зæрдæйы уидæгтæм, нæ сабитæм, нæ абон, нæ райсом, нæ фидæны хурскасты хурты-хуртæм.

Иры бæсты ахæм бинонтæ нæ баззадис, æвирхъау бæллæх кæй дуар нæ бахоста, кæй хæдзарæй нæ райхъуыст зæрдæхалæн хъарæг.

Нæ буц хистæртæй бирæтæ зæрдæскъуыд фесты æвзонг удты тæригъæдæй æмæ развæлгъау се ‘нусон бынатмæ ацыдысты. Иу адæймаджы фæхъуыд дæр зæрдæ куы сæнкъуысын кæны, уæд цалдæргай æрвон удтæ кæмæй фæхъуыд, уыцы рыст бинонтæн та цы ныфсытæ авæрæм, цæмæй сын фæрог кæнæм сæ зæрдæйы æнæкæрон хъыг?!

Нæй уыцы æртæ тугуарæн бонæн ферохгæнæн, террористон фыдракæнды зындоны арты чи баца-рæфтыд, нæ уыцы 334 зынгхуыст адæймаджы, уыдонæй 186-сабитæ, иннæтæ – ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ, хотæ, æфсымæртæ. Нæй рохгæнæн «Альфæ» æмæ «Вымпел»-ы Æнæнхъæлæджы цауты фæдыл министра-ды ирвæзынгæнджыты хъæбатырты мæлæтæн.

14 азы фæстæ ногæй æрбалæууыд фæззæджы фыццаг мæй – сентябрь, раздæр сыгъзæрин кæй хуыдтам, уыцы мæй, фæлæ уый никуыуал райсдзæн йæ сыгъзæрин хуыз. Сау хъулæттæй афæлдæхт, дудгæ, судзгæ рыст хъæдгæмттæй æнустæм баззайдзæн канд Ирыстоны цæрджыты нæ, фæлæ æппæт дунейы рæстаг адæмты зæрдæты.

Нæ саударæг ныййарджыты тæригъæдæй зæхх скъуыдтæ кæны, айнæг къæдзæхтæ фæркгай хауынц. Сæ тугæмхæццæ цæссыгыл къада куырæйттæ зилынц. Æппæт дунейы историйы бирæ æрцыд фыдракæндтæ, фæлæ дзы Беслæны æвирхъауы фыдбылызы хуызæн нæ уыд. Хæрам тыхтимæ хъазуатæй тохмæ хъуамæ цæттæ уæм æрвыл минут дæр. Терроризмæн йæ уидæгтæ арф сты. Кæд æмæ кæцырдыгæй дæ разы февзæрдзысты фыдгæнæг террористтæ, уый рагагъоммæ зын рахатæн у. Фæлæ сæ ныхмæ æмхъаруйæ, æмзондæй архайын хъæуы.

Бæргæ, Ирыстоны лæгты ракуывд æмæ фарны ныхасы ахæм хъомыс куы уаид, æмæ мæрдтæм фæндагæй æдзард хъæбулты цардмæ куы здæхтаиккой, уæд, 2004 азы 1 сентябры, Беслæны 1-æм скъоламæ бæрæгбонарæзтæй чи æрбацыд, уыцы сывæллæтты, сæ ныййарджыты, сæ хотæ æмæ æфсымæрты фæстæмæ æнæфыдбылызæй раздæхтаиккой сæ хæдзæрттæм. Фæлæ Дунескæнæг нæ радта уыцы амонд ирон адæмæн. 14 азы размæ, 3-æм сентябры 13 сахат æмæ 5 минутыл Беслæны 1-æм скъолайæ райхъуыст фыццаг срæмыгъд. 14 азы фæстæ та ногæй баиу уыдзысты 1-æм сентябры 1-æм скъолайы дзæнгæрæджы зæрдæуынгæггæнæг зæлтæ æмæ ирон адæмы кæуын æмæ хъарæг. Скъолайы кæрты æнустæм æрбынæттон сты зæрдæйы маст, сагъæс, хъыг, рис æмæ цæссыг.

Рæстæг, дам, зæрдæйы хъæдгæмттæ дзæбæхгæнæг у, фæзæгъынц, фæлæ ацы зæрдæвæрæн ныхасыл куыд ис баууæндæн, кæд æмæ, Беслæны æнаххосæй террористты къухæй чи фесæфт, уыдоныл цас фылдæр рæстæг цæуы, уыйас сæ бинонты, Иры дзыллæйы зæрдæниз тыхджынæй – тыхджындæр кæны, дудгæ-судзгæ рыстæн кæрон нæй æмæ йын нæдæр уыдзæн.  Ацы фыдохы тугуарæн бонтæ ирон адæмы историйы баззайдзысты æнустæм æлгъыстаг туглæсæны сау бонтæй.

Цыппæрдæс азы рацыд, Беслæны æвирхъау фыдракæнд арæзт куы ‘рцыд, уæдæй. Фыдгæнджытæ сабиты æхстой разæй æмæ чъылдымæрдыгæй, мардтой, сæ ныхмæ хъæддыхæй чи лæууыд, уыцы нæлгоймæгты æмæ сын сæ мæрдтæ æддæмæ рудзгуытæй калдтой.

Уас сæ тæригъæдæй террористтæ æлгъыст фæуæнт æмæ карз низæй фæхъæрзæнт! Æрцыдис, дунейы мидæг чи никуыма уыдис, ахæм фыдохы хъаймæт!

1-3 сентябры спортзалы къултыл конд хуызистытæм кæсгæйæ та ацы бонты адæм сæ цæссыг калдзысты. Ныййарджыты зæрдæхалæн хъарджытæм скъолайы сыгъд къултæ дæр хъæрздзысты. Сывæллæттæ, ахуыргæнджытæ, æрбацæуæг хъыггæнæг уазджытæ, ирвæзынгæнджытæ æрхæндæгæй дзурдзысты: «Кæмæн цы кодтой, æнаххосæй зæххон зæдтæ цæмæн бабын сты, «дон-дон» кæнгæйæ?»

Æртæ мысæн боны æнустæм, мысæн, сагъæссаг бонтæй баззадысты Иры дзыллæ æмæ æппæт дунейы рæстаг адæмы зæрдæты.

334 адæймаджы æдзардæй мæрдтæм чи барвыста, стæй сæдæгæйттæй рынчын æмæ сахъатæй кæй аххосæй баззадысты, уыдон сæ тæригъæдæй быныскъуыд бауæнт, Ирыстонæн ахæм æбуалгъы фыдракæндтæ чи скодта! Хуыцауы сконд зæдты æмæ бæсты фарны судзгæ азар æмæ фыдæхæй æлгъыст фæуæнт тугдзых сырдтæ.

Уæ зæрдæйы хорзæх уæ уæд, Ирыстоны рыст адæм! Хур уæ батавæд йæ зæрин тынтæй.

Гуылæрты Барис

 

РУХСМÆ ЦÆУГÆЙÆ СЫЛ АНЫГУЫЛД СÆ ХУР

Уыдон цин кодтой уыцы боны ӕрцыдмӕ, ӕнхъӕлмӕ йӕм кастысты ӕнӕрхъӕцӕй. Фӕззыгон бон ӕрдз дӕр йӕ кӕркӕ-мӕркӕ дарӕс бӕргӕ скодта, хъуамӕ сын сӕ циныл уый дӕр зӕрдиагӕй цин кодтаид…

О, уыдон хъӕлдзӕг зӕрдӕйы равгимӕ згъордтой сӕ уарзон скъоламӕ. Нымдгӕнгӕ, сӕ ный-йарджыты къухтыл хӕцгӕйӕ згъордтой фыццагкъласонтӕ дæр. Уыдон фыццаг хатт ӕрбакъахдзӕф кодтой скъоламӕ, фыццаг хатт хъуамӕ ӕрбадтаиккой партӕтыл ӕмӕ хъуыстаиккой, сӕ фыццаг ахуыргӕнӕгмæ. Зӕрдӕбын ныхӕстӕ сын ракодтаиккой сӕ ахуыргӕнджытӕ, хистӕркъласонтӕ ӕмӕ ныййарджытӕ, уыдон та цыдаиккой рухс сом-бонмӕ, уыдаиккой ахуыр ӕмӕ хорз  уагахасты цӕвиттойнаг. Фӕлӕ уыдонӕй фесты фыдӕнхъӕл, нӕ сын бантыст уыцы бæллиццаг фæндтæ ахуыры ӕмӕ царды сӕххӕст кӕнын.

Къаддӕр нӕ уыд сӕ циндзинад, ацы скъолайы йӕ ахуыры рӕстӕг чи ӕрвыста, уыцы ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр, се ‘ппӕт дӕр уыдысты цӕнӕвдылд, райзӕрдӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты абоны бӕрӕгбоны райдайынмӕ. Иннӕ ахӕм ныййарджытӕм бакӕсын уыд, сӕ хъӕбулты, сӕ чысыл хурты цинӕй радысты, хорз фидӕн сӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн, ууыл ӕууӕндыдысты, уыцы ныфс сӕ уыди. Фӕлӕ знаг та ӕндӕр хъуыдытӕ кодта, уый сфӕнд кодта ацы ӕбуалгъ хъуыддаг саразынмӕ, йӕхи йӕм бӕстон бацӕттӕ кодта. Ахæм у фыдгул, искӕйы хорздзинад, ӕндӕры хӕрзӕбон ӕй нӕ фӕнды, уӕд рынчын кӕны, уӕд ыл хур нӕ кӕсы. Ӕмӕ ӕрцыд трагеди, байсӕфтысты, бабын сты ӕнӕаххос адӕм, бавзарын сын кодтой бирӕ хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ фыдӕбӕттӕ.

2004 азӕй кӕд азтӕ рацыд, уӕддӕр рӕстагон адӕймӕгты зӕрдӕтӕй нӕ рох кӕнынц уыцы æбуалгъы теракты амæттæгтæ. Дуне кӕй рисӕй нызмӕлыд, уыцы цардбӕллон ӕмбӕстӕгты рухс нӕмттӕ ӕнустӕм уыдзысты мысинаг. Фӕлӕ уӕддӕр ис рӕстдзинад, йӕ тых фылдӕр у, уый сӕттын никуы бакуымдта. Нӕ бакомдзӕн ныр дӕр ӕмӕ ацы теракт чи сарæзта, уыдон иууылдæр раргом уыдзысты, ратдзысты дзуапп рӕстдзинады раз.

   Хуыбиаты Никъала

 

ГÆДЖИТЫ Хадизæт

Ц Æ М Æ Н?

Фыццаг къахдзӕфтӕ ме скъоламӕ кодтон.

Фыццаг салам мӕ карӕнтӕн дзырдтон.

Фыццаг цинтӕ мӕ мидзӕрдӕйы хастон,

Мӕ алыварс сӕ’науӕрдгӕ тыдтон.

 

Мӕ хъӕбысы сырх дидинджытӕ хастон,

Сӕ хӕрздӕфӕй куыд тынг рӕвдыдтой мӕн.

Сӕ уындимӕ мӕ рӕсугъд царды барстон,

Узӕлыдтӕн сыл хъарм хурау, фӕлмӕн.

 

Ӕрбалӕууыдис фыццæгӕм сентябрь –

Мӕ фидӕны, мӕ рухс цардмӕ фӕндаг…

Фӕлӕ ӕваст мӕ царды дуне бамыр,

Фӕсыкк кодта мӕ рухс фӕндты ызнаг.

 

Ӕвиппайды нӕ фембӕрстон ӕппындӕр,

Мӕ цины бон кӕй баталынг мӕныл.

Мæ риу мын фехста сау ызнаг-цыфыддæр

Мӕ чысыл цард мыл банымӕг зӕххыл.

 

Нӕ дуне иу у, иумӕйаг нӕ зӕхх дӕр,

Бынӕттӕ дзы ӕппӕт адӕмӕн фаг…

Кӕй царды бон мӕ райгуырдӕй фӕкъаддӕр?

Мæ фӕзындӕй кӕй фӕкодтон хъӕстаг?

 

Кӕй хъыгдардта мӕ рӕзгӕ уд нӕ бӕстыл?

Мӕ сыгъдӕг удӕн чи разынд ызнаг?

Мӕ бӕллицты мын чи фескъуыдта ‘рдæгыл?

Мӕ фыццаг цин мын чи скодта фæстаг?

 

Мӕ сыгъдӕг туг лӕсӕнтӕ кодта мӕрыл,

Мӕ риуы стӕг зынг нӕмыгӕй ныссаст…

Мӕ хъӕдгӕмтты мын бамбӕрзта мӕ риуыл

Цӕссыгкалгӕ мӕ дидинджыты баст.

 

Мӕ рӕзгӕ уд ӕрбаскъуыди терракты

Мӕ зӕрдӕ дзы кӕрдихгӕйттӕ фӕци

Цӕмӕн фӕцӕгъдынц ‘нафоны ӕвзӕнгты?

Цӕмӕн фӕисынц уыдонӕн сӕ цин?

 

Цӕмӕн фӕзынди а-зӕххыл терракттӕ?

Цӕмӕн калынц нӕ сабитӕн сӕ туг?

Нӕ адӕмӕн цӕмӕн ысты ызнӕгтӕ?

Цӕмӕн аразынц рухс цардӕй фыддуг?

 

Рӕхджы, уырны мӕ, ‘рцӕудзӕнис сӕ кӕрон –

Фыдызнагӕн цӕрӕнбон бирӕ нӕй.

Ӕмӕ та ногӕй срухс уыдзӕн нӕ сомбон.

Цӕрдзӕнис саби а-бӕстыл фӕрнӕй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.