Æнæхъуаджы фæцис сæ тох

Азербайджаны президент Ильхам Алиев рагæй сидт карабахаг сомихæгтæм бафидауыны тыххæй. Сæрмагондæй бацæттæ кодта реинтеграцийы фæдыл социалон-экономикон пълан дæр. Арцахы цæрджытæ та йæ ныр бамбæрстой, сæ бон кæй нал у азербайджайнаг æфсады ныхмæ лæууын æмæ сæ рæхджы кæй скуынæг кæндзысты. Æмæ сразы сты Алиевы бадзырдтыл, æрæвæрдтой се ‘хсæнгæрзтæ. 19 сентябры Ӕфсæддон операцийы рæстæджы фæмард 25 адæймаджы, 138 адæймаджы та райстой алыгъуызон цæфтæ, се ‘хсæн 11 сывæллоны дæр.

Уæлхох-Карабахаг Республикæ 30 азы дæргъы тох кодта йæ хæдбардзинадыл, фæлæ йæ фарсмæ ничи балæууыд, æххуысы къух æм ничи бадардта. Ӕгæрыстæмæй йæ уал азы дæргъы Сомих дæр нæ банымадта хæдбар паддзахадыл, кæд æмæ иу этнос сты, уæддæр.

Советон Цæдисы ныппырхимæ 1991 азы Арцах расидт хæдбардзинад Азербайджанæй æмæ дзы райдыдтой хæстон архæйдтытæ. Уæды рæстæджы сæм Сомихæй бирæ бархионтæ ныццыдис æххуысмæ æмæ сæ фæрцы карабахæгтæ бахъахъхъæдтой се ‘рыгон паддзахад.

2020 азы хæстон архæйдтыты рæстæджы Азербайджан йæ дæлбар бакодта Уæлхох Карабахы территорийы фылдæр хай. Цы 3 мин квадратон километр ма дзы баззад хæдбарæй, уый дæр 2023 азы контроль кæ-нын райдыдта Азербайджан.

Сомихстоны премьер-министр Николь Пашинян 2023 азы 19 сентябры уайтагъд «йæ рæзтæ ахсæста», зæгъгæ, Сомихы гарзджын тыхтæй иу хæстон дæр нæй Арцахы территорийыл. Ӕгæрыстæмæй ма АИШ-æн дæр йæ фæндтæ йæхи фæндиаг нæ рауадысты. Уыдон æнхъæлдтой, Сомихстон æнæмæнг рахæцдзæн йе ‘мтуг адæмы сæрыл æмæ Фæскавказы рауайдзæн масштабон хæст. Фæлæ Пашинян разынд тæппуд æмæ æнæбæрнон лидер.

Хуымæтæг адæм 19 сентябрæй фæстæмæ аразынц протестон акцитæ Сомихы разамынады ныхмæ, Пашиняны хонынц уæйгæнæг. Барадхъахъхъæнæг органтæ ахсынц митингты хайадисджыты, къуылымпы кæнынц протестон акцитæ уадзыны хъуыддаг. Уымæн æмæ йæ æмбарынц, Сомихстоны тыхон структурæтæ дæр аххосджын кæй сты Арцахы радтыны хъуыддаджы.

Пашинян ма цы сараза, уый нал зоны æмæ Арцахы трагедийы аххосджын кæны Уæрæсейы. Йæ ныхæстæ банымайæн ис абсурдыл. Сомихстон йæхицæн æнцад-æнцойæ сбадт æмæ æнхъæлмæ кæсы, сомихаг нацийы проблемæтæ исчи кæд аскъуыддзаг кæндзæнис. Ӕмæ сын æххуыс дæр цы хуызы хъуамæ бакæна Уæрæсе, кæд æмæ Уæлхох Карабах Сомихстонмæ ницы бар дары, уæд?

Хъуыддæгтæм лæмбынæг куы æркæсæм, уæд бæрæг у, Сомихстоны разамынад Уæлхох Карабахы кæй «ауæй» кодта 2022 азы. Фарон горæт Прагæйы фембæлдысты Пашинян æмæ Алиев. Уым бафыстой бадзырд, кæцыйы фæстиуæгæн Сомихстон Арцахы банымадта Азербайджаны территорийыл æмæ дзы зæгъгæ цы проблемон фарстатæ ис, уыдонмæ ницыуал бар дары, нымайы сæ Азербайджаны мидæггагон хъуыддæгтыл. Комкоммæ зæгъгæйæ, Сомихстон йæ къух систа Арцахыл.

Абоны бон кæд Сомихаг æхсæнад ис æндыгъд уавæры. Гæнæн ис æмæ уый расайа ре-волюцимæ æмæ Пашиняны раппарой. Фæлæ Арцахы фæстæмæ нал раздахдзысты.

Уæрæсейæн Пашинян ницы пайда хæссы æмæ йæ раппæрст хъыг никæмæн уыдзæн. Æрмæстдæр æнæ змæстытæн, ома демократон æгъдауæй! Цæрджыты фылдæр хай ныгуылæны рдæм сæхи куы ивазой, уæд ног премьер дæр Пашинянæй хуыздæр нæ уыдзæн. Уымæ гæсгæ Уæрæсе æнхъæлмæ кæсы, сомихæгтæ сæ зонд кæд æрæмбардзысты æмæ йæ кæд рахатдзысты, ныгуылæн бæстæтæ сæ æрмæстдæр пайда кæй кæнынц.

Арцахы цæрджыты хъысмæт бæллиццаг нæу. Тынг бирæтæ уæрæсейаг фидауынгæнæн тыхты æххуысæй лидзынц хуыздæр цардагур æндæр рæттæм, тæрсынц Азербайджаны разамынад сын сабырæй цæрыны фадат куы нæ радта.

Æнæхъуаджы фæцис сæ тох

Сомихстон куыд паддзахад уæвынад кæны æрмæстдæр Уæрæсейы фæрцы. Уый йæ хъахъхъæны æддагон знæгтæй, уый йын æххуыс кæны материалон æгъдауæй. Фæлæ ныгуылæны рдæм куы азилой, уæд се намонд æрцæудзæнис. Ис ма сын æххуысгæнæг Иран дæр, фæлæ сын уыимæ ахæм æнгом ахастытæ нæй. Турк æмæ Азербайджан се ‘нусон знæгтæ та æппынæдзух архайдзысты Сомихстоны æрдæлæмæ кæныныл. Фидæны æнæ-мæнг байсдзысты Сюникы област дæр, цæмæй Турк æмæ Азербайджан сурзæххыл баиу уой æмæ сæ рагон бæллиц сæххæст уа. Сомихстон ахæм лæмæгъ паддзахад у æмæ сæ ных-мæ иунæгæй нæ фæлæудзæнис.

Йе ‘ргом аздæхта ныгуылæн æрдæм рагон Сомихы бæстæ…

Куыд фæзæгъынц. «мæлдзыгæн йе намонд куы æрцæуы, уæд ыл базыртæ базайы»?

ДЖИОТЫ Алыксандр

 

 

 

КАРАБАХ

Дунеон глобалон ивддзинæдтæй йедзаг XX-æм æнусы та цымæ цы фыстой ацы бирæ зындзинæдтæ бавзарæг бæстæйы тыххæй?

Цымыдисаг фарстайы дзуаппы нысанæн уæ зонгæ кæнæм зындгонд уырыссаг поэт, публицист, тæлмацгæнæг, æхсæнадон архайæг Городецкий Сергейы уац «Карабах»-имæ. 1919 азы йæ ныммыхуыр кодта журнал  «Кавказское слово»-йы.

Городецкий Сергей

Алы паддзахадæн, алы нацийæн дæр ис йæхи фæдзæхстгонд фидар. Адæмы истори амонды фæндагыл куы ацæуы, уæд уыцы фидар свæййы культурон æмæ политикон царды центр. Хъысмæты зынæвзарæнты рæстæджыты та уый свæййы националон царды бындур, йæ æндидзынады æмæ йæ ныфсы сакъадах. Сомихаг адæмæн номхыгъдæй сæ ахæм нысаниуæгджын бынат уыдис æмæ у Хæххон Карабах.

Æрдз ын йæхæдæг радта ахæм егъау нысан. Карс æмæ Севаны бæрзæндты фæстæ Карабахы цы æвадат хæхтæ ис, уым дыууæ мин азæй фылдæр сомихæгтæ сæ нацийы намысы сæраппонд ныхкъуырд лæвæрдтой цæугæ цардгæнæг знæмты бабырстытæн. Этнографион æгъдауæй, хæдзарады уагæвæрдæй иугонд уæвæг æмæ иумæйаг сомихаг æвзагыл дзурæг Карабах ссис Сомихстонæн йæ гæнах. Ахæм нысан ын уыдис ив-гъуыды рæстæджы, ис ын абон æмæ йын уыдзæн фидæны дæр, уымæн æмæ Сомихы зæрдæ – Арараты дæлвæз – æнæ Карабахæй бахъахъхъæнæн нæй. Историйы дæргъы æнæнымæц бабырстыты уылæнтæ урæдта Карабахы гæнах. Цæугæдæтты дæлвæз фæндæгтыл-иу знаг искуы куы бахъуызыд, уæд та дзы никуы бафæстиат кодта. Мелик-æлдæртты бæстæ Сюник – афтæ хуындис Карабах рагон заманты – йæхи хъаруйæ сырдта йæ зæххæй знаджы. Истори фæлхатт кæны æмæ та æрцыди уыцы цау.

Æрдз æмæ истори Карабахы адæмæй сфæлдыстой ирд æмæ зынгæ фæлгонцы хицæутты. Æнæхъæн дунейыл хæлиугонд карабахæгтæ кæмфæндыдæр æнцон базонæн сты. Сæ уæрæх уæнгты айтыгъдæй, удуæлдай хъæбатырдзинадæй, æдас равгæй, хæдхуыз хивæнддзинадæй, цæстуынгæ хъæддыхдзинад æмæ ныфсхаст уагæй, бинонты патриархалон æгъдауæй – уыдæттæй иумæ тынг зæрдæмæдзæугæ сты карабахæгтæ. Растдæр цыма сæ алкæй удысконды дæр иумæ æрбамбырд сты рагон сомихаг лæджыгъæдтæ. Æмæ кæд историйы залым митæ ацы монон хæзнатæ сомихаг нацийы æхсæн æмткæй æрмынæг кодтой, уæддæр сыгъдæгæй баззадысты карабахæгты удварны. Бæрзонд, мызыхъхъ æмæ фидарамад адæм ирвæзыны сæраппонд кæддæр ацыдысты хæхтæм, уым сыгъдæг уæлдæфы æрфидар сты æмæ сæхи бахъахъхъæдтой дæлвæзты цæрæг адæмты фыдазар низтæй. Сомихы националон мысынад хъуамæ бахъуыды кæна бирæ зындгонд карабахаг нæмттæ. Сæ курдиат æмæ сæрæндзинад кæм нæ равдыстой, иу ахæм фадыг дæр нæй. Политикæ, литературæ, æхсæнадон архайд, базарад – алцыдæр ссис сæ куысты æнтыстджын тыгъдад. Бирæ цæвиттонтæ æрхæссæн ис уымæн æмæ сын æххæстæй банымайæн кæй нæй, уымæ гæсгæ уын уæ зæрдыл æрлæу-уын кæндзынæн цалдæр зынгæ карабахаг номы: æхсæнадон архайджытæй Арам Паша æмæ Сако Саакян; æфсæддон дæсныйадæн Карабах балæвар кодта инæлар Лазаревы; сæудæджерады дæр дзæвгар карабахæгтæ уыдис – зæгъæм, Константин Амбарцумян. Литературæйы дæр бирæ сты: чиныгуадзæг Лео, «Армянский Вестник»-ы – Амиров; æппынфæстаг, сомихаг газеттæй сæ фылдæрæн сæ редактортæ карабахæгтæ сты.

Уыйбæрц зынгæ нæлгоймаг архайджытæ радтæг Карабах сфæлдыста, растдæр зæгъгæйæ та, сыгъдæгæй бахъахъхъæдта патриархалон уагæвæрдыл хæст рагон сомихаг сылгоймаджы типаж дæр. Йæ культурæ æмæ йæ царды уаг бонзонгæ уæвгæйæ, Карабах абон дæр нæ фесæфта фыдæлты намыс.  Тамерланы рæстæджы-иу куыд æрбамбырд кодтой се ‘фсæдтæ, афтæ та ныр дæр, æмæ меликтæ бахъахъхъæдтой Карабахы хæдбардзинад. Шушæйы эпизод нæ фæивта Нури-Пашайы фæхæрды ныв. Раздæрау, ома, иннæ бабырстыты рæстæджыты-иу куыд æрцыди, афтæ та ныр дæр  хъахъхъæнджыты хахх æнæвнæлдæй баззад. Ахæм у Карабахы нысан Сомихстонæн. Æнæмæнг, уый йæ нысан куы фесæфтаид, уæд хæдуагæвæрды идейæ тынг æлхъывддзинад бавзæрстаид. Карабахимæ иудзинад та Сомихæн ратдзæн сæрæн культурон тыхы æрбаивылд. Уыцы ты-хæн йæ уылæн ныггуылф кæндзæн гæныстон Сомихы тыгъдады ‘рдæм, уд дзы бауаддзæн æмæ афтæмæй Карабах сæххæст кæндзæн йе ‘нусон нысан.

Алы адæмыхатт дæр ныртæккæ агуры йæхи фæндаг.  Цас фылдæр культурон æнхъизæнтæ разына ноггонд нацитæм, уыйбæрц хуыздæр уыдзæн сæ фидæн. Сомихы культурон царды центр та ис Карабахы.

Раст зæгъгæйæ, Сомихстон хъарм денджызы былмæ тырнын райдыдта. Гæнæн ис æмæ уырдыгæй йæм ныггуылф кæной Карабахæй Сомихстоны цæгатаг кæронран аразæг тыхтæ дæр. Фæлæ ахæм уавæры дæр Ка-рабах нæ фесафдзæн йе нæфæцагайгæ, æнусты дæргъы бæлвырдгонд культурон фонды нысан.

Сергей Городецкий «Кавказское слово»,

  1. III. 1919 Вестн. обществ.

наук АН Арм.ССР.-1988.-№ 5. С. -73-75….

 http://www.nashasreda.ru

ДАМБЕГТИ Иринæйы

Тæлмац

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.