иссаг у цард, фæлæ йыл чи хъуамæ дис кæна, уыцы адæм сæхиуыл дис кæнынхъом дæр куы нал сты… Дыууæ азы размæ Сомихстоны адæм растадысты, ахæм стад ракодтой æмæ зæхх сæ къæхты бын рызти; ахæм рызтæй рызти æмæ тас уыд, Севаны цад йæ дæргъæй-дæргъмæ цадбадæнæй куы ратыдтаид, уымæй. Цы уыд сæ растады сæр Фæскавказы иууыл рагондæр адæмæн? Рæстдзинад, дам, нæ хъæуы, коррупцийæн, дам,  хъуамæ йæ хурхыл бахæцæм, нæ уæййаг хицæутты, дам, ахæстоны батæрæм æмæ дам, Сомихстоныл амонды хур кæй фæрцы ракæсдзæн, уыцы Николджаны нæхицæн хицауæй рабадын кæнæм. Æмæ йæ рабадын кодтой…

Куыннæ сты æнахуыр диссаг адæм?.. Ахæм хуызджын революци фыццаг хатт сомихаг адæм куы арæзтаиккой, уæд ма сын бамбарæн, срастгæнæн ис: цæй, цы нæ вæййы, фæрæдыдысты, хуыздæр æнхъæл сын, алы хатт куыд вæййы, афтæ рауад… Фæлæ уыдонæй раздæр Соросы доллартæ ахæм революци бирæ æндæр рæтты сарæзтой: Гуырдзыстоны, Украинæйы æмæ афтæ дарддæр. Æмæ йæ сомихаг адæм тынг хорз зыдтой, Соросы доллартæй урæд разамонджытæ сæ бæрныуæвæг паддзахадты цæмæ æркæнынц, уый… Уæддæр нычъерпп сты, уæддæр ыл ныичъи сты æмæ сæхион акодтой – рабадын кодтой сæ Николджаны хицауæй. Сомихстоныл амонды хур куыд æмæ цы хуызы ракæсын кæнынмæ хъавы, уымæй дæр æй нæ бафарстой, афтæмæй…

Нæ дæр æй, йæ рабадæн бонæй фæстæмæ Сомихстоны бын минæтæ æвæрын куы райдыдта, уæд бафарстой: цы аразыс, цы ми кæныс, Николджан, цæуыл нæ сафыс!.. Йæ бынат дæр нæма æрхъарм кодта, афтæ йæ быдиттæй равдыста, Соросы лæппыз кæй у æмæ Уæрæсейыл, Сомихстоны иунæг æмцæдисоныл æддæмæ хæцын райдыдта. Æргомæй, æнæ уæлдай æфсæрмытæй æмæ хиуылхæцынтæй. Уайтагъд ахæстоны смидæг кодта, Сомихстоны зынгæдæр лæгтæй кæмæндæриддæр Уæрæсеимæ, Путинимæ æнгом ахастытæ уыдис, уыдоны. Иу ныхасæй, хуызджын революцийы рæстæджы иудадзыг йæ фæсонтыл тъæп-тъæпгæнгæ кæй рахæс-бахæс кодта, уыцы «весмешоччы» дзаг нытту кодта прлитикон-географион цъыссымы уæвæг Сомихстоны дарæг æмæ уромæг Уæрæсейыл. Гуымирæй, примитивонæй, æдзæсгомæй!

Æмæ йын ноджы æмдзæгъд кодтой. Хицауы бынаты йæ чи рабадын кодта, уыцы адæм. Афтæ нæ ахъуыды кодтой, Уæрæсейыл куы суæлæхох уæм, нæхицæй йыл æддæмæ куы ахæцæм, уæд нæ чи бахъахъхъæндзæн, дыууæрдыгæй нæм сæ къæдз кæрдтæ чи цыргъ кæны, уыцы æнусон знæгтæй…

Уый дын адæм æмæ царды диссæгтæ!

Куыднæ у диссаг ацы дуджы цард – Сомихстоны зæрдæ Хæххон Карабахы сæрыл йæ туг чи калдта, чи йæ бахъахъхъæдта, уыцы патриот Роберт Кочаряны ахæстоны чи сбадын кодта, уый ныр йæхæдæг нæ разы кæны, цæмæй ахæстоны сбада, Хæххон Карабахы кæй ауæй кодта, уый тыххæй!..

Ехх, Арцах, Арцах, рæсугъд æмæ сæрыстыр Арцах, куыд тæригъæд дæ, цы бон дыл акодта – бæлвырддæр зæгъгæйæ цы бон дыл акæнын кодта цавæрдæр уæййаг, Соросы æнæдаст лæппыз!..

Фæлтау куы никуы бахаудаин ацы алæмæты бæстæмæ, куы никуы базонгæ уыдаин йæ диссаджы æрдзыскондимæ, уыцы куыстуарзаг æмæ уазæгуарзаг  хуыцауысконд адæмимæ!..

Ныр уыцы фæрнджын, цагъдуæлдай адæм лидзынц сæ фыдæлты уæзгуытæй, арт æндзарынц сæ хидвæллойæ арæзт хæдзæрттыл, цæмæй сын знагæн хынджылæггагæн ма баззайой…

Кæд, дам, цæфæй нæ мæлыс, уый та дын – рæхуыст! Азербайджаны адæм сæ президентæй райдайгæйæ фæсмон æмæ зæрдæхудты бæсты цин кæнынц, хæрдмæ хауынц, рамбылдтам, дам, уæлахиз, дам, мах у. Цы рамбылдтой, кæуыл фæуæлахиз сты?.. Сывæллæтты кæй ныццагътой, уый уæлахиз хуыйны?..

Кæнæ… Кæд æй аскъуыддзаг кæндзæн адæймагад, зæхх, бæстæ, паддзахад кæй хъуамæ уой, уыцы фарст, цы барæнтæм гæсгæ хъуамæ хоной сæхи азербайджанæгтæ Хæххон Карабахы зæхх? Советон цардаразджытæ Хуссар Ирыстоны гуырдзыйы хъуыры куыд нытъыстой, афтæ Хæххон Карабахы та Азербайджанæн кæй ныллæвар кодтой, уый тыххæй? Уый дæр, æвæдза, царды диссæгтæм хауы! Уыцы рæстæджы Гуырдзыстон æмæ Азербайджанæн сæхи та Советон Цæдисы скондмæ бакодтой. Æмæ кæд уыдонæн уыдис Советон Цæдисы скондæй фæстæмæ рахизыны бар, уæд Хуссар Ирыстон æмæ Хæххон Карабахæн цæмæннæ уыдис Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны скондæй рахизыны бар? Æви адæм, наци, цы зæххыл цæрынц, уый сæ фыдæлты зæхх кæй у, уыцы æмбарынад æцæгæлон у нырыккон мæнг демократийæн? Хорз, алчи историк ма уæд, кæсын-фыссын алчи ма зонæд, фæлæ куыд ис ууыл баууæндæн æмæ Хæххон Карабах Азербайджаны историон зæхх у, кæд æмæ дзы ахæм горæт, ахæм район нæй, цалдæр рагон чырыстон аргъуаны кæм нæй! Кæд Азербайджаны историон зæхх у, уæд дзы иу мæзджыты сисы кæлдтытæ уæддæр цæмæннæ баззадысты?..

Хæххон Карабахы зæххыл йæ къах иу хатт дæр чи никуы рывæрдта, уый гæнæн ис æмæ ма бауырна, сомихы историон зæхх кæй у, уый, фæлæ уыцы фæрныг бæстæм чи бахауа, уымæ сыджыты къуыбæрттæ дæр сдзурдзысты сыгъдæг сомихаг æвзагыл.

Ныр ма цы баззад уыцы кæддæры фæрныг бæстæйæ, Соросы фæдон æй сæгъы сыкъайы батъыста, афтæ йæ бакъуындæджытæ кодта æмæ сомихаг адæмæн сæ къах атилæн дæр нал ис сæ фыдæлты, сæ историон зæххыл.

Уый дæр диссаг у, Пашиняны лæмæгъ политик æмæ стратег кæй хонынц. Нæу лæмæгъ, лæмæгъ куы уаид, уæд йæ бон нæ бауыдаид адæмы йæ фæдыл растын кæнын. Цы рцыд, уый æнæнхъæлæджы хабар нæу, йе гуыдзæджы аххосæй нæ  баззад Сомихстон састы бынаты. Уый йæ политикон нысан уыд, уыцы нысанмæ йæхи стратегион планмæ гæсгæ цыд, ахæм амынд ын уыд Соросы фондæй. Пашинянджаны Сомихстоны хицауы бынаты чи сæвæрын кодта, уыдонæн бынтондæр ницы уæлдай у, Хæххон Карабах сомихæгты уа æви азербайджанæгты, уыдонæн сæ политикон нысан у Фæскавказæй Уæрæсейы æндæвдады уидæгтæ стонын. Фæлæ та сын ацы хатт дæр Путин сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадын кодта – Уæрæсе Фæскавказы йæ позицитæ лæмæгъдæры бæсты фæкодта тыхджындæр. Æмæ Пашиняны йæ фын фæсайдта, Саакашвилийы куыд фæсайдта йæ фын августы хæсты, афтæ…

Фæлæ адæм тæригъæд сты. Тæригъæд сты уыцы хъуымызбыл сомихаг лæппутæ, æнæмсæр знаджы ныхмæ фæстаг сулæфты онг удуæлдайæ чи лæууыд, тæригъæд сты, сæ фыдæлты уæзгуытæй чи фæхауæггаг, уыцы адæм. Тæригъæд у сæрыстыр Арцах, афтæ мæнгардæй йæ кæй ауæй кодтой, уый тыххæй…

Цард диссаг кæй у, ууыл дзурæг у уый дæр æмæ Хæххон Карабах йæ мæрдты куы нæма баныгæдта, йæ хъæдгæмттæй нырма дæр туг куы лæдæрст, уыцы рæстæджы иуæй-иу аналитиктæ, уæлдайдæр гуырдзиаг тугмондаг политиктæ ацы æнæмсæр хæсты прецедент агурынмæ кæй фесты. Ома, иугæр Азербайджан æрхъавыд йæ «территоритæ» байсынмæ æмæ йын уый цасдæр-бæрцæй бантыст, уæд Гуырдзыстон цæмæннæ хъуамæ бафæлвара йæ «мицъа» байсынмæ?

Уымæн æмæ Хæххон Карабахимæ абаргæйæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз нымад паддзахадтæ сты, Уæрæсейы Федерациимæ сын бадзырдтæ арæзт ис дунеон барадон нормæтæм гæсгæ. Иннæмæй та Хæххон Карабахы сæрыл тох цæуы æрмæст Азербайджан æмæ Хæххон Карабахæн йæхи хсæн нæ, фæлæ Азербайджан æмæ Сомихстоны хсæн.

Фæлæ нæ уæддæр æмæ уæддæр  уый зæрдæ ма хъуамæ фæсайа. Цард æмæ адæм диссаг кæй сты, уый хъуамæ нæ зæрдыл дарæм алы уысм дæр. Искæй рæдыд нын зондзонæн хъуамæ уа, нæхи рæдыд – царды скъола…

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.