УФ-йы вице-премьер Марат Хуснуллин йæ хъус дардзæн Хъырым æмæ Калининграды областы рæзтмæ, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонимæ æмгуыстадмæ, афтæ ма координаци кæндзæн инфраструктурон проектты реализаци. Уый тыххæй дзырдæуы УФ-йы Хицауады Сæр-дары хæдивджыты ‘хсæн хæстæ адих кæныны тыххæй информацийы, кæцы мыхуыр æрцыд УФ-йы министрты кабинеты сайты.

Информацийы нысан цæуы, зæгъгæ, Хуснуллин координаци кæны æххæсткæнынадон хицауады федералон органты куыст, уыдонæн хæслæвæрдтæ дæтты Республикæ Хъырым æмæ горæт Севастополы социалон-экономикон рæзты федералон нысанон программæ бакусыны æмæ реализацийы фарстыты фæдыл, афтæ ма Калининграды областы социалон-экономикон рæзты, Республикæ Абхаз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстонимæ социалон-экономикон æмгуыстад. Координаци ма кæндзæн инфраструктурон проектты реализаци, уыцы номхыгъдмæ гæсгæ, кæцыйы сбæрæг кодтой УФ-йы Президент æмæ Хицауады Сæрдар. Хуснуллин йæ хъус дардзæн  УФ-йы арæзтад æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады æмæ экологон, технологон æмæ атомон цæстдарды фæдыл Федералон службæйы архайды сфидаргонд фадыгмæ.

Вице-премьер архайдзæн цæрæнуаты æмæ горæтон хæрзарæзтады фадыджы национ проектты фæдыл бакуыстыты, реализаци æмæ контролы фарстытыл, æдас æмæ гъæдджын автомобилон фæндæгтæ саразыны, федералон проекттæ «Чистая вода» æмæ «Оздоровление реки Волги»-йы федералон проектты хайы экологийы фадыгмæ. Афтæ ма йын бахæсчындæуыд 2024 азы онг магистралон инфраструктурæйы транспортон хайы комплексон планы модернизаци æмæ рауæрæхдæр кæныны реализацийыл архайын.

Хуснуллин райгуырд Казаны 1966 азы, каст фæцис Казаны финансон-экономикон институт,  рацыд цæттæдзинад Стырбританийы Гом университеты, у экономикон зонæдты кандидат.

1990-æм азты куыста Татарстаны коммерцион структурæты. 2001 азæй  рахызт Республикæ Татарстаны арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры бынатмæ. 2010 азы ноябры мæйы горæт Мæскуыйы мэрæй Сергей Собянины снысан кæныны фæстæ, ссис столицæйы горæтон арæзтады департаменты сæргълæууæг, æмæ иу мæйы фæстæ та –  горæты арæзтадон политикæйы фарстыты фæдыл Мæскуыйы мэры хæдивæг.

УФ-йы Хицауады ног бынаты Хуснуллины снысан кæныны фæстæ Собянин фехъусын кодта, зæгъгæ,  аргъ кæны Мæскуыйы арæзтадон комплексы Марат Хуснуллины  куыстæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.