РХИ-йы Ветеринарон æмæ фитосанитарон цæстдарды паддзахадон службæйы (Югоссельхознадзор) минæвæрттæ сæ къухдариуæггæнæг Мæргъиты Аланы сæргълæудæй хайад райстой Кæсæг-Балхъары Республикæ æмæ РЦИ-Аланийы фæдыл «Россельхознадзор»-ы управленийы эгидæйы бын уагъдцæуæг мадзалы.

Управленийы къухдариуæггæнæг Рустам Абдулхаликовы сæрдариуæгадæй уагъд æрцыдысты 2017 азы IV-æм квараталæн барадæй пайдагæнæн фæстиуджытыл гом  уынаффæтæ.

Мæргъиты Алан комментаритæ радта форумы куысты тыххæй.

«Цæгат Кавказы Хæххон-металлургон институты уагъдцæуæг тымбыл фынджы хайадисджытæ уыдысты алыгъуызон фадгуытæй. Хуынд æрцыдысты РЦИ-Аланийы Æрдзон министрады, прокуратурæйы, таможнæйы, амалиуæггæ-нæг æмæхсæнады, æхсæнады, муниципалон арæзтты, «Росприроднадзор», «Роспотребнадзор», «Росреестр»-ы территориалон органты минæвæрттæ. Афтæ ма дзы хайад райста Кæсæг-Балхъары Республикæ æмæ РЦИ-Аланийы фæдыл «Россельхознадзор»-ы управленийы къухдариуæггæнæджы хæдивæг Вера Беликова.

Мадзалы рæстæджы дзырд цыд ацы фадыджы ног нормативон домæнты тыххæй, специалисттæ дзуапп лæвæрдтой хайадисджыты фарстытæн, кæцыты мидис уыд контролон-цæстдарæн функциты куысты гъæд фæбæрзонддæр кæныны тыххæй. Махæн уый хорз практикæ у, куыд пайдайы информаци райсыны планы, афтæ сыхаг республикæтимæ æмгуыстад æрнывыл кæныны  фæдыл дæр.

«Югоссельхознадзор»-ы сырæзтæй фæстæмæ нæ цæгатирыстойнаг коллегæтæ махæн кæнынц, саргъгæнæн дæр кæмæн нæй, ахæм консультативон æххуыс. Сæрмагондæй, нæ лабораторийы куыст æрнывыл кæныны, нормативон-барадон базæ саразыны, квалификаци фæбæрæзонддæр кæныны фарстыты фæдыл, уый тыххæй сын зæгъын стыр бузныг.  Ныфс мæ ис дарддæры æнтыстджын æмгуыстадæй. Хицæнæй мæ бузныг зæгъын фæнды мадзалы организатортæн йæ сæргъ Рустам Зурабы фырт, афтæмæй. Уый нын ныфс бавæрдта управленийы эгидæйы бын уагъдцæуæг нысаниуæгджын мадзæлттæм нæ кæй хондзысты, уымæй».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.