Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварад бахатыд Уæрæсейы Федерацийы территорийыл аккредитацигонд паддзахадты æппæт дипломатон мисситæм, цæмæй æвзæрыл банымайой æмæ бæрндзинадмæ æркæной Гуырдзыстоны разамынады, кæцы аххосджын у адæймагады ныхмæ фыдракæндты. Ацы æнæадæймагон акты тыххæй зонæнтæ ма æрвыст æрцыдысты Уæрæсейы Швейцарийы Конфедерацийы минæварады цур Гуырдзыстоны интересты секцимæ.

Хуссар Ирыстоны ныхмæ гуырдзыйы агрессийы амæттæгты мысæн боны тыххæй Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварады пресс-релиз.

1992 азы 20 май ирон адæмы мысынады баззад, куыд иууыл тугæйдзагдæр акт Хуссар Ирыстоны ныхмæ гуырдзыйы гарзджын агрессийы рæстæджы. Трагикон цауты номхыгъды, кæцы хъысмæты бархъомысæй йедзаг у Ирыстоны ногдæр истори, ацы зæрдылдарæн бон ахсы сæрмагонд бынат.

Ацы бон Гуырдзиаг гарзджын баиугæндтæ æгъатырæй ныццагътой лигъдæтты колоннæ, кæцытæ лыгъдысты хæстон уавæры уæвæг æмæ гуманитарон катастрофæйы былыл чи уыдис, Хуссар Ирыстоны уыцы сæйраг горæт Цхинвал, кæцы алырдыгæй дæр уыдис æрхъулайы æмæ йæ æхстой гуырдзиаг æфсæдтæ. Сабыр цæрджытæн фервæзыны иунæг амал уыдис зынцæуæн æмæ тæссаг хæххон фæндаг, кæцыйы рахуыдтой «царды фæндаг».

Гуырдзыйы æфсæдтæ кæй сарæзтой, уыцы геноциды акт нæ уыдис спонтанон фыдракæнд. Лæгмартæ раздæр алцæуыл дæр ахъуыды кодтой æмæ сæхи хорз бацæттæ кодтой. Уыдон зыдтой, фæндагыл кæй цæуынц, хотых кæмæ нæ уыд, ахæм сабыр цæрджытæ, кæцытæ фæлвæрдтой сæ устыты, сывæллæтты, зæронд ныййарджыты хæсты цæхæрæй аласыныл Уæрæсейы Федерацимæ.

Æлгъаг, æгъатыр æмæ йæ карздзинадмæ гæсгæ срастгæнæн кæмæн нæй, ахæм фыдракæнды фæстиуæгæн мард æрцыдысты 36 сабыр цæрæджы, сæ фылдæр хай сылгоймæгтæ, зæрæдтæ æмæ сывæллæттæ. Зары трагеди, Ереды хъæуы трагеди, цыран 1991 азы марты гуырдзиаг салдаттæ удыгасæй баныгæдтой 12 сабырцæрæг ироны, афтæ ма мингай фæмардуæвæг сабыр цæрджытæ гуырдзыйы агрессийы рæстæджы, систы иууыл тæссагдæр фæрстæ адæймаджы цивилизацийы историйы. Сабыр цæрджыты амарыны тыххæй мысынады бон ссис æппæт амæттæгтыл хъынцъымы бон, кæцытæ фæмард сты гуырдзиаг агрессорты къухæй 1920-21, 1989-92 æмæ 2008 азты ирон адæмы геноциды рæстæджы.

Ацæугæ азтæм нæ кæсгæйæ, фæмардуæвджытыл хъынцъым нæ къаддæр кæны. Нæ хъыгдзинад æгæрон у æмæ рæстæгæн дæр йæ бон нæу фæкъаддæр кæна, нæ зæрдæты чи ис, уыцы рыст.

Хуссар Ирыстоны Мысæн æмæ хъынцъымы бон зæрдыл лæууын кæны, нæ адæм цахæм стыр аргъ бафыстой сæ хæдбардзинады тыххæй, цахæм хъизæмæрттыл æмæ зиæнттыл æй бахъуыд рацæуын.

Ацы бон республикæйы хъынцъым кæнынц, сæ цард сæ бæстæйы фидæны тыххæй, сæ сывæллæтты, сæ адæмы тыххæй чи радтой, æппæт уыцы æмбæстæгты тыххæй.

Абон, 20 майы, Паддзахадон тырысатæ æруагъдæуыд Цхинвалы сæйраг, Театралон фæзуаты æмæ Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварады территорийыл, фæмардуæвджытыл хъынцъымы нысанæн.

Хуссар Ирыстон ногæй сиды дунеон æмæхсæнадмæ, цæмæй æвзæрыл банымайа æмæ бæрндзинадмæ æркæна Гуырдзыстоны къухдариуæгады, кæцы аххосджын у сабырад æмæ адæймагдзинады ныхмæ фыдракæндты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.