Фæстаг дыууæ мæйы дунейы хъусдард здæхт у Хæххон Къарабахы цæуæг цаутæм. Республикæйы 27 сентябрæй  10 ноябрмæ цыдысты тæссаг хæстон цаутæ, кæцыйы рæстæджы официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ фæмард сты 4-5 мин адæймагæй фылдæр, сæдæгай адæймæгтæ фæцæфтæ сты, мингай цæрджытæ систы лигъдæттæ. Хæххон Къарабахы цæуæг трагикон цаутæм лæмбынæг сæ хъус дардтой хуссарирыстойнаг адæм дæр. Къарабахы цæрджыты уæззау уавæры тыххæй мах, ирон адæмæй хуыздæр чи бамбардзæн, уымæн æмæ нæхæдæг дæр рацыдыстæм ахæм сындзджын фæндæгтыл дæргъвæтин азты дæргъы. Æмбисонд афтæ куы у, дæ мады мард, дам, уымæн зæгъ, йæ мад, дам, кæмæн амард. Бæргæ сын тынг хорз æмбæрстам сæ рыстдзинады тыххæй, фæлæ цы нæ бон уыд. 

Фæлæ табу Хуыцауæн, тугкалд урæд æрцыд Уæрæсейы фæрцы. 9 ноябры Уæрæсе, Азербайджаны президенттæ Владимир Путин, Ильхам Алиев æмæ Сомихстоны премьер-министр Никол Пашинян сæ къухтæ æрфыстой Сразыдзинадыл хæстон архайдтытæ æруромыны  æмæ регионмæ уæрæсейаг фидауынгæнджыты æрбакæныны тыххæй. Хуссар Ирыстоны историон хъысмæт мæм Къарабахы хъысмæты хуызæн фæкæсы. Раст цыма уыдон дæр Хуссар Ирыстоны хъысмæт фæлхатт кæнынц, уыйау дæргъвæтин азты дæргъы тох кæнынц сæ хæдбардзинады сæрыл. Æцæг уыдонæн абоны онг дæр сæ къухты нæма бафтыд сæ цæрæнбонты бæллиц сæххæст кæнын. Фидауынгæнджытæ хæствæллад Къарабахмæ куы цыдысты, уæд мæ цæстытыл ауадысты 1992 азы июлы мæйы дæргъвæтин хæстон архайдтыты фæстæ Хуссар Ирыстонмæ уæрæсейаг фидауынгæнджытæ куы цыдысты æмæ сыл хæствæллад адæм цины цæссыгтимæ куыд æмбæлдысты, уыцы нывтæ.

УФ-ЙЫ МИНÆВАРДЖЫН ДЕЛЕГАЦИ УЫД КОНФЛИКТЫ ЗОНÆЙЫ

21 ноябры Уæрæсейы минæварджын, егъау æхсæнведомствойон делегаци ацыд Сомихстон æмæ Азербайджанмæ Владимир Путины бахæсмæ гæсгæ. Делегацийы сконды уыдысты дыууæ вице-премьеры Александр Новак æмæ Алексей Оверчук, Хъахъхъæнынады, Фæсарæйнаг хъуыддæгты, Уæлвæткон уавæрты, Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадты  сæргълæуджытæ Сергей Шойгу, Сергей Лавров æмæ Евгений Зиничев, Михаил Мурашко æмæ Роспотребнадзоры сæргълæууæг Анна Попова. Делегацийы уæнгтæ уал фембæлдысты Сомихстоны премьер-министр Никол Пашинянимæ. Къухтæ фыст æрцыдысты документты пакетыл, кæцы хауы уæрæсейаг  фидауынгæнæг тыхты архайдмæ. Уымæй цалдæр сахаты фæстæ та уæрæсейаг делегаци фембæлд Азербайджаны президент Ильхам Алиевимæ. «Нæ цæстæнгасмæ гæсгæ, Сразыдзинады уагæвæрдтæ æххæст цæуынц æнтыстджынæй, кæцы æвдисæг у фæрсты кæй фæнды бирæазон конфликтæн кæрон скæнын æмæ политикон бæстонкæнынадмæ рахизын», – загъта Ильхам Алиев. Алиевимæ фембæлды фæстиуджытæм гæсгæ Сергей Лавров æрсидт дунеон æмæхсæнадмæ, цæмæй гуманитарон æххуыс бакæной Къарабахæн. «Мах цымыдис кæнæм, цæмæй дунеон организацитæ, ИНО-йы системæтæ, Дунеон Сырх Дзуары комитет активонæй баххуыс кæной Къарабахæн гуманитарон проблемæтæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй уæрæсейаг фидауынгæнджытимæ иумæ кусгæйæ». Уыимæ Степанакертмæ æрцыдысты Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрады колоннæтæ. Гуманитарон конвойтæ Къарабахмæ æрластой 350 тоннæйы уæзтæ, цыран уыдысты арæзтадон æрмæг, æвгтæ, кæцытæ ныртæккæ зымæджы къæсæрыл æнæмæнгхъæуæг  сты цæрæнуат сæндидзын кæнынæн.

ФÆЛВАРЫНЦ РЕГИОНЫ УАВÆР ФÆКАРЗДÆР КÆНЫНМÆ

УФ-йы Æддагон развæдсгæрсты службæйы директор Сергей  Нарышкин фæаххосджын кодта иуæй-иу ныгуы-лæйнаг бæстæты, кæцытæн ис сæхи каналтæ, зæгъгæ, уыдон фæлварынц ногæй Хæххон Къарабахы конфликт сцырын кæнынмæ æмæ Фæскавказæй Уæрæсейыл æддæмæ ахæцынмæ. Уыдон ардауынц Сомихстоны æмæ Азербайджаны националистты уавæр фæкарздæр кæнынмæ. «Сомихæгтæн уырнын кæнынц, зæгъгæ, Хæххон Къарабахы сабырады æрлæууыд нысан кæны Ереван састы бынаты кæй баззад, уый. Дзурынц сын, зæгъгæ, хæцын хъæуы кæронмæ, уæлахизы онг. Азербайджай-нæгтæн та дзурынц, зæгъгæ, уын Кремль адавта уæ уæлахиз, уымæн æмæ, зæгъ, азербайджайнаг æфсад уыд Степанакерт байсынмæ хæрз æввахс», – фехъусын кодта Нарышкин. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Цæгататлантикон альянсы иуæй-иу бæстæтæ æвдисынц се ‘нæразыдзинад Хæххон Къарабахы хæст æруромыны тыххæй сразыдзинад Азербайджан æмæ Сомихстоны къухты Уæрæсе-йы активон хайадистæй кæй бафтыд, уый фæдыл. «АИШ æмæ се ‘мцæдисонтæ катайы бахаудтой хæст Мæскуыйы фæрцы урæд кæй æрцыд, уый тыххæй. Уымæн æмæ уыдонæн сæ бирæазон куыст æнæхъуаджы фæцис Фæскавказæй Уæрæсейыл æддæмæ ахæцыны тыххæй. Афтæмæй АИШ æмæ сæ европæйаг хæлæрттæ куыд алыхатт афтæ ныр дæр сæ интерестæ æххæст кæнынц хуымæтæджы адæмы интересты руаджы. Ацы хатт та сомихæгты æмæ азербайджайнæгтæй спайда кæнгæйæ. Америкæйæгтæ æмæ европæйæгтæ бынтондæр нæ тыхсынц сæ провокацион архайдтытæ ног тугкалд кæй расайдзысты, уый тыххæй», – банысан кодта Сергей Нарышкин.

ХÆХХОН КЪАРАБАХЫ СТАТУСЫ ТЫХХÆЙ

УФ-йы Президент Владимр Путин йæ интервьюйы банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы бон  ссис тугкалд æруромын æмæ уый та у иууыл сæйрагдæр фæстиуæг. «Къарабахы кæройнаг статус бæстон не ‘рцыд. Мах бадзырдтам, зæгъгæ, бахъахъхъæндзыстæм статус-кво. Дарддæр цы уыдзæн, уый хъæуы фидæны аскъуыддзаг кæнын. Къарабахы хæдбардзинад  Сомихстон йæхæдæг дæр кæй нæ банымадта, уый æндæвта цаутыл. Йæ рæстæджы гуырдзиаг къухдариуæгады фыдракæндон архайдтыты фæстæ Уæрæсе банымадта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад. Къарабахы ахасты уый арæзт не ‘рцыд. Мæ цæстæнгасмæ гæсгæ, нормалон цардæн, Сомихстон æмæ Азербайджаны ‘хсæн ахастытæ сæндидзын кæнынæн уавæртæ арæзт куы æрцæуой, уæлдайдæр конфликты зонæйы, уæд уый уавæртæ сараздзæн Къарабахы статус сбæрæг кæнынæн», – загъта Путин.

ЦЫ РАН ИС ХÆХХОН КЪАРАБАХ

Хæххон Къарабах у быцæуаг регион Сомихстон æмæ Азербайджаны арæныл. Республикæйы хæдбардзинадæн бындур æвæрд æрцыд 1991 азы 2 сентябры. 2013 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ республикæйы цæрджыты нымæц у 146000 адæймаджы. Цæрджыты фылдæр хай сты чырыстон диныл хæст. Йæ столицæ у егъаудæр горæт Степанакерт.

КУЫД РАЙДЫДТА НЫХМÆЛÆУД?

Къарабах дих у быдырон æмæ хæххон хæйттыл. Быдырон Къарабахы историон æгъдауæй фылдæр цæрынц азербайджайнаг цæрджытæ, Хæххон хайы та – сомихæгтæ. Статистикон бæрæггæнæнтæм гæсгæ регионы азербайджайнæг цæрджыты нымæц у 20 проценты, сомихаг цæрджыты нымæц та – 80 проценты. 1917 азы революцийы æмæ Уæрæсейы империйы ныппырхы фæстæ Фæскавказы расидтæуыд æртæ хæдбар паддзахады, уыцы нымæцы Азербайджаны республикæ, кæцыйы сконды уыд Къарабахы регион дæр. Фæлæ сомихаг цæрджытæ не сразы сты ног хицауады дæлбар уæвыныл. Уыцы аз Къарабахы сомихæгты фыццаг съезд сæвзæрста хисæрмагонд хицауад – сомихаг национ совет. 1918-1920 азты регионы дарддæр цыдысты сомихаг-азербайджайнаг æгъатыр ныхмæлæудтытæ. Ныхмæлæуд иуварсгонд æрцыд Азербайджаны советон хицауад сфидар кæныны фæстæ. 1920 азы Къарабахы цæрджытæн  радтой хæдуагæвæрды бар, фæлæ территори де-юре  уыд Азербайджаны хицауады дæлбар. 1921 азы ист æрцыд уынаф-фæ Хæххон Къарабахы Азербайджаны сконды ныууадзыны тыххæй уæрæх областон автономи йын ратгæйæ. 1937 азы Хæххон Къарабахы автономон область йæхи банымадта Советон Азербайджаны хайыл нæ, фæлæ Советон Цæдисы хайыл. Уыимæ ныхмæлæудтытæ æмæ æхсæннацион конфликттæ регионы урæд не ‘рцыдысты.

КУЫД ÆМÆ КÆД СЫРÆЗТ ХÆДБАРДЗИНАД РАСИДÆГ РЕСПУБЛИКÆ?

1987 азы регионы Азербайджаны социалон-экономикон политикæйы фæдыл сомихаг цæрджыты æнæразыдзинад цæхгæр сырæзт. Советон Азербайджаны къухдариуæгад цы мадзæлттæ райстой, уыдон уавæрыл нæ бандæвтой. Райдыдтой дзыллон куыстурæдтæ, егъау горæт Степанакерты та уагъд æрцыдысты бирæминон национ митингтæ. Азербайджайнæгтæй бирæтæ ацыдысты регионæй. Уыцы иурæстæджы Азербайджаны райдыдтой сомихæгты хъыгдарын, кæцыйы фæстиуæгæн фæзынд бирæнымæц лигъдæттæ. Хæххон Къарабахы областон совет райста уынаффæ Азербайджаны скондæй рахизыны тыххæй. 1988 азы сомихæгтæ æмæ азербайджайнæгты ‘хсæн райдыдта гарзджын конфликт. Территори рахызт Азербайджаны контролы бынæй,  фæлæ йе статусы фæдыл уынаффæ æргъæвд æрцыд æбæрæг æмгъуыдмæ. 1991 азы районы райдыдтой хæстон архайдтытæ, кæцыйы фæстиуæгæн дыууæ фарсыл дæр æрцыд бирæ удзиæнттæ. Хæст æххæстæй æруромын æмæ уавæр æрбæстон кæныны тыххæй бадзырдтæ райсын къухы бафтыд  Бишкекы 1994 азы Уæрæсейы, Хъыргъызтаны æмæ Хæдбар Паддза-хадты Æмхæларады æхсæнпарламентон Ассамблеяйы æххуысы фæрцы. 1992 азы бадзырдты фæзуатæн арæзт æрцыд ЕÆÆО-йы минскаг къорд æртæ æмсæрдаримæ – Уæрæсе, АИШ æмæ Францы сæргълæудæй.

КÆД ФÆКАРЗДÆР КОНФЛИКТ?

2014 азы августы Хæххон Къарабахы æрæппæрстой сомихаг вертолет. Уæд райдыдтой ныхмæлæудтытæ сомихаг-азербайджайнаг арæныл. Дыууæ фарсы ‘рдыгæй фæмард сты 20 адæймаджы. Иннæ хатт та конфликт фæкарздæр 2016 азы апрелы. Конфликт æрбæстон кæнын къухты бафтыд июны кæрон УФ-йы президент Путин æмæ уæрæсейаг дипломатты активон хайадистæй. Уый фæстæ та уавæр фæкарздæр 2020 азы 12 июлы. Цалдæр боны фæстæ конфликт урæд æрцыд бадзырдты серийы фæстæ. Фæлæ та сабырдзинад бирæ нæ ахаста æмæ та хæстон архайдтытæ райдыдтой 27 сентябры.

Ныртæккæ Къарабахы равæрд æрцыдысты уæрæсейаг фидауынгæнджыты 23 посты. Уыдоны фæрцы сæ цæрæн бынæттæм æрбаздæхтысты 7 мин адæймагæй фылдæр. Фидауынгæнджытæ семæ æрхастой сабырдзинад. Регионы уавæр дарддæр  куыд уыдзæн, уый та рæстæг фенын кæндзæн.

Мыхуырмӕ йӕ бацӕттӕ кодта

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.