Украинæйы раздæры регионтæ Донецк, Луганск, Херсон æмæ Запорожейы облæсттæ Уæрæсейы скондмæ бацæуыны тыххæй сæ фæндон референдумы кæй равдыстой, уыцы бæрæггæнæнтæ нымайгæйæ, амынд территориты Сæргълæуджытæ æмæ Уæрæсейы Президент Владимир Путин бафыстой бадзырдтæ Уæрæсейы скондмæ сæ бахæссыны тыххæй. Растдæр зæгъгæйæ, нæ бæстæмæ йæ раздæры территоритæ æрбаздæхтысты. Уый фæдыл Владимир Путины раныхасмæ хъуыста æнæхъæн дуне:

«Уæрæсе егъау æмæ цытджын бæстæ у, æмæ Ныгуылæны куыд фæнды, ахæм уагæвæрдыл нæ цæрдзæн. Раздæры хуызæн нал уыдзæн. Мах абон цы хæсты быдырмæ цæуæм, уый у нæ адæмы, Стыр Уæрæсейы сæраппонд тохы быдыр. Афтæ мачи хъуыды кæнæд æмæ нын нæ адæмы, нæ культурæйы ахахх кæнæн ис. Махæн нæ хæзнатæ сты адæймагуарзондзинад, хæрзаудæн æмæ хæлардзинад.  Донецкы, Луганскы, Запорожейы æмæ Херсоны хъысмæт æнгом баст уыд кæддæриддæр Уæрæсеимæ. Уый та ноджы ирддæрæй рабæрæг референдумы бæрæггæнæнтæй. Æгас цæуæд сæ историон бæстæмæ!».

Уыцы цауы фæдыл, сæ фарс рахæцыны нысанимæ, майрæмбоны, Дзæуджыхъæуы, ирон театры фæзы, арæзт æрцыд концерт-митинг. Йæ организатортæ уыдысты Цæгат Ирыстоны Адæмон фронт, йæ Сæргълæууæг Гæлиты Климы разамындæй æмæ Калоты Георгийы номыл волонтерты организаци «Боевое братство», йæ Сæргълæууæг Басаты Валерийы разамындæй. Йæ нысан уыд, Ирыстоны адæмы цин равдисын, Ногуæрæсейы республикæтæ фæстæмæ не стыр бæстæйы бирæнацион бинонтимæ кæй баиу сты, ууыл.

Митингмæ æрбацыд 300 адæймаджы бæрц: æхсæнадон организацитæ, Æппæтуæрæсейон æфсæддон-патриотон змæлд «Юнармия»-йы разамынд æмæ ахуырдзаутæ, студенттæ, горæты цæрджытæ… Ардæм æрбацыдысты Донбассæй рæстæгмæ Ирыстоны чи ‘рцард, уыдон дæр. Лигъдæттæн сæ цин зынд сæ цæсгæмттыл. Тæмисчы санаторийы цæрæг Аннæ мын дзырдта: «Мах 2014 азы фæфæлдæхт нæ хъуыд, ничи дæр нæ фæрсгæ кодта. Махæн бандеровонты политикæ æцæгæлон кæй у, нацизмыл æй кæй нымайæм, уый нын нæ хатыр кодтой æмæ аст азы дæргъы нæмгуыты бын фæцардыстæм. Ныр нæ Уæрæсе йæ базыры бын бакодта. Мах ногæй уæрæсейæгтæ стæм».

Митингы адæмы сæрмæ фæйлыдтой Ирыстоны æмæ Уæрæсейы тырысатæ, лозунгтæ, транспаранттæ…

Стыр историон цауы фæдыл сæ хъуыды загътой Гæлиты Клим, «Юнармия»-йы хицауы хæдивæг Руслан Чемисов, Ветеранты советы сæрдар Фриаты Хъазыбег, медицинон колледжы директор Реуазты Таймураз æмæ иннæтæ. Се ‘ппæтæн дæр сæ ныхас арæзт уыд иу нысанмæ: разыдзинад æмæ иудзинад нæ бæстæйы Президенты уынаффæимæ, ныртæккæ тохы быдыры нæ сабыр цард чи хъахъхъæны, уыдонимæ.

Митинджы организатортæ арвыстой арфæйы фыстæджытæ амынд регионты разамонджытæм сæ равзæрст фæндаджы тыххæй.

Митинг сæ аивадæй срæсугъд кодтой Цæгат Ирыстоны Адæмон артисттæ Дзæхаты Зæлинæ æмæ Хадыхъаты Аллæ.

                                                                               Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.