Алы паддзахадæн дæр йæ сæйраг хъæздыгад сты йæ адæм. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ уыдонæй алкæцыйы къухдариуæгадæн дæр йæ сæйраг хæс у йæ адæмыл аудын, сæ фæрныгад сын бæрзонддæр кæнын, цæрынæн сын æмбæлон уавæртæ аразын.

Нæ паддзахад нырма æрыгон у. Уæззау, хæццæ дуджы райгуырд. Нæ адæмы стыр хъизæмæртты фæндагыл рацæуын бахъуыд. Æбæлвырд уыд нæ хъысмæт, фæлæ нын стыр Уæрæсе нæ хæдбардзинад куы банымадта, йæ хæдфæстæ дыууæ бæстæйы ‘хсæн Æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуыс кæныны тыххæй бадзырдыл къухтæ фыст куы ‘рцыдысты, уæд реалон фадæттæ фæзындысты нæ цард ногæй сæндидзын кæнынæн. Уæрæсе йе ‘ххуыс нæ царды æппæт къабæзты дæр зынгæ фæфылдæр кодта, фæлæ, хъыгагæн, уыцы æххуысы зынгæ хайæ нысанмæздæхтæй пайда нæ цыдис æмæ адæм се ‘нæразыдзинад æвдыстой.

Уавæр фæивта 2012 азы президентон æвзæрстыты Тыбылты Леонид куы фæуæлахиз æмæ республикæйы президент куы ссис, уæдæй фæстæмæ. Ног президент, фыццаджыдæр, йæ разы цы хæс æрæвæрдта, уый уыдис, уыцы рæстæгмæ чи ныддихтæ, кæрæдзиæмбарынад кæм нал уыд, уыцы æхсæнады æрбангом кæнын æмæ йæ, нæ разы цы ахсджиаг проблемæтæ лæууыд, уыдоны скъуыддзаг кæнынмæ аздахын. Президент æвзаргæйæ, æвзарджытæ иууылдæр сæ хъæлæс иу кандидатæн нæ раттынц. Уыдис, Тыбылты Леониды ныхмæ чи схъæлæс кодтой, ахæмтæ дæр, фæлæ æвзæрстыты фæстиуджытæ куы фехъусын кодтой, уæд уый загъта, адæмы кæй нæ дих кæндзæн, йæ ныхмæ чи схъæлæс кодта æмæ йын сæ хъæлæстæ чи радтой, уыдоныл, кæй кусдзæн Хуссар Ирыстоны адæмы æрбангом кæныныл. Уый ссис йæ сæйраг принцип Президенты бынаты кусгæйæ æмæ адæм федтой, йæ ныхасы хицау кæй у. Абоны онг уый у æрмæст символ нæ, фæлæ æхсæнады æмразыдзинады æмæ мидполитикон стабилондзинады гарант.

Æмразыдзинад æмæ стабилондзинад та уæд, президентон æвзæрстыты агъоммæ, адæмæн уыдысты сæ бæллиц. Æгæрыстæмæй сæ тынг не ‘ндæвтой кандидатты экономикон программæтæ дæр. Уыдонæн ахсджиагдæр уыдысты æмæ сæ ныфс уыдис, кæй сæвзарой, уыцы Президентæн йæ бон кæй суыдзæн æхсæнады мидныхмæлæуды уавæрæй ракæнын. Уыцы ныфс, фыццаджыдæр, æвæрдтой Тыбылты Леонидæй. Йæ ном ын æвзарджытæ бастой йæ хæрзæгъдаудзинадимæ, йæ растхъуыдыкæнынадимæ, йæ бакæнгæ хъуыддæгтимæ. Паддзахадон æдасдзинады комитеты бирæ азты дæргъы кæй куыста, уымæ гæсгæ æвзарджыты фылдæр хайы уырныдта, уынаффæтæ исыны фæдфæдылондзинад æмæ фидардзинад кæй æвдисдзæн, уый.

Æмæ æвзарджытæ, адæм разындысты раст, сарæзтой раст равзæрст. Паддзахады уæлдæр бæрнон бынаты кусын райдайгæйæ, æрмæст политикон стабилондзинад къухты нæ бафтыд, фæлæ ма къахдзæфтæ арæзт цыдысты социалон æмæ экономикон къабæзты дæр.

Цæсты сæйраджыдæр цы хауы, уый у арæзтад, куыд хъæууон бынæтты, афтæ республикæйы столицæйы дæр. Асфальт фæндæгтæ арæзт æрцыдысты Ленингормæ, Знауырмæ, Гуфтайæ Хъемултамæ. Хæрзарæзт æрцыд Синагур-Карзманы фæндаг, бирæ хъæутæм фæндæгтæ. Сырæзтысты бирæ хидтæ. Донцух цы хъæуты цæрджытæ æййæфтой, уыдонмæ рауагъдæуыд доны хæххытæ. Электроэнерги цы хæххон хъæутæм уагъд нæ уыд, уыдонмæ та сырæзтысты электрохæххытæ. Æндидзыд æмæ ногæй арæзт æрцыдысты бирæ цæрæн хæдзæрттæ. Нæ цæстыты раз йæ хуыз ивта æмæ рæсугъддæр кодта уыцы азты дæргъы нæ республикæйы сæйраг горæт Цхинвал. Ахæм ивындзинæдтæ нæ цыдис, æгæрыстæмæй, советон дуджы дæр.

Ныр æндидзынады процесс хæццæ кæны йæ кæронмæ æмæ республикæ æрлæууыд йæ экономикон рæзты фæндагыл. Цхинвалы ногæй байгом хуыйæн фабрикæ, кæцы нал куыста 20 азы дæргъы. Ам куыстæй ифтонг æрцыдысты 500 адæймагæй фылдæр. Реализаци цæуынц ног проекттæ, ахæмтæ, куыд дзидзакуыстгæнæг комплекс «Растдон», æхсыр-товарон фермæ Знауыры районы Аунеуы хъæуы, интенсивон дыргъдæттæ 67 гектары фæзуатыл 3 500 тоннæйы дыргъæфснайæнимæ, сæудæджерадон масштабы базальт къахыны куыст кæнын æмæ æндæртæ.

Президенты бынаты Тыбылты Леониды куысты азты хъæууон цæрджытæ паддзахады ‘рдыгæй уæлдай аудындзинад банкъардтой энергетикæйы, нуазыны донифтонгады æмæ фæндæгты хæрзарæзтады къабæзты. Йæ хæдзары дæсгай азты рухс кæмæн нæ сыгъд, нуазыны дон амал кæнын проблемæ кæмæн уыд, рæстмæ фæндаг кæй хъæумæ нæ уыд æмæ ныр уыцы проблемæтæй чи фервæзтысты, уыдон ныр райгонд куыннæ хъуамæ уой республикæйы разамынады, сæрмагондæй Тыбылты Леониды архайдæй. Уыдæттæ дзурæг сты паддзахадон разамынады системæйы эффективон куыстыл.

Президент йæ рæстæджы энергетикты раз хæс æрæвæрдта, цæмæй республикæйы алы хъæумæ дæр электрохахх арæзт æрцæуа æмæ сæ цæрджытæ ифтонг æрцæуой электроэнергийæ. Уыцы хæс æнтысгæйæ æххæст æрцыдис –  æгæрыстæмæй бæрзонд, дæрддаг хæххон хъæуты цæрджытæ дæр хайджын сты электроэнергийæ. Ахæмтæм хауынц Згъуыбир, Едыс, Ерман, Бихъар æмæ Чеселты кæмтты хъæутæ. Перспективæйы Зонкъары донæмбырдгæнæны хъуамæ арæзт æрцæуа нæхи электростанц, кæцы фадат ратдзæн Уæрæсейæ электроэнергийы гуырахст фæкъаддæр кæнын æмæ йын йæ аргъ фæасламдæр кæнынæн.

Цъинагары зонæйы бирæ хъæуты доны проблемæ уыдис сæ сырæзтæй фæстæмæ. Фæлæ ныр ам ахæм хъæу нал баззад нуазыны дон кæдæм нæ хæццæ кæны. Фæрæзты кадавардзинадмæ нæ кæсгæйæ, æппæт дæр арæзт æрцыд, цæмæй ацы хъуыддаджы цæрджытæ ма тыхсой.

Сæрмагонд хъусдард здæхт цæуы республикæйы цæрджыты социалон фарстытæ   скъуыддзаг кæнынмæ. Бюджетон къабазы кусджытæн сæ куыстмыздтæ фæфылдæр сты 10 процентæй 40 процентмæ. Уыдон фæстаг хатт фæфылдæр сты ивгъуыд азы кæрон. Зынгæ фæфылдæр сты пенситæ дæр. РХИ-йы Президенты Барамындæй æрвылаз дæр марты мæйы фидар æрцыдысты компенсацион бафыстытæ бынæттон пенсиисджытæн. Астæуккаг нымадæй уыдон фæфылдæр сты æртæ хатты æмæ хорзæрдæм бандæвта бирæ бинонты фæрныгадыл. Сæ пенситæ ногæй арæзт цæуынц мид  хъуыддæгты министрады кусджытæн æмæ сын уыдзысты, Уæрæсейы цас сты, уыйбæрц. Сæ куыстмыздтæ сæмхуызон сты РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады комитеты Арæнгæрон управленийы кусджытæн. Скъуыддзаг æрцыд республикæйы æфсæддон службæгæнджыты æмæ сæ бинонты пенсион ифтонгады фарст дæр.

Бæстæйы Гарзджын тыхтыл куы дзурæм, уæд банысан кæнын хъæуы, кæй æрбæстон сæйрагдæр фарст – нæ æфсады бахъахъхъæнын. Тыбылты Леониды принципиалон позицийы руаджы Гарзджын тыхты ис кадрон службæгæнджыты, æмбæстагон персоналы æмæ æрсидтон сконды æмбæлон бæрц. Æфсад ифтонг цæуы нырыккон техникæйæ. Уыдонæй дарддæр ма нæ республикæйы уæвæг уæрæсейаг æфсæддон базæйы сконды контрактон бындурыл æфсæддон службæ сæ бон у рацæуын нæ цæрджытæн. Æппæт уыдæттæн хъæуы финансон фæрæзтæ æмæ уыдон та хицæн цæуынц, бæстæйы разамынад нæ уæрæсейаг партнертимæ цы стыр куыст кæнынц, уый руаджы.

Уыцы æвæрццаг ивындзинæдты тыххæй дзургæйæ, бæстæйы сæргълæууæг загъта, зæгъгæ, æппæт уыдæттæ арæзт цæуынц паддзахадон политикæйы фæлгæтты, цæмæй нæ цæрджыты царды æмвæзад бæрзонддæр кæна æмæ, зæгъгæ, уый тыххæй та æз дзурын, паддзахады сæргълæууæджы бынаты кусын куы райдыдтон, уæдæй фæстæмæ.

Президент æрмæст иумæйаг нысаниуæджы фарстытæ не скъуыддзаг кæны, фæлæ йæ æндавынц хицæн адæймæгты проблемæтæ дæр. Уыцы нысанæн уый йæхимæ райсы æмбæстæгты, байхъусы сын сæ проблемæтæм æмæ сын баххуыс кæны сæ аскъуыддзаг кæныны. Иу æмæ дыууæ хатты нæ бахъуыд нæ республикæйы æндæр æмæ æндæр кары адæймæгты хос кæнынмæ арвитыны сæр æмæ иу ахæмтæн хатт баххуыс кодта йæхи фæрæзтæй дæр.

Стыр куыст цæуы, гуырдзыйы агрессийы рæстæджы Гуырдзыстоны ахæстæттæм æнæаххосæй чи бахаудысты, уыдоны ссæрибар кæныны æмæ æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдоны хъысмæт рабæрæг кæныны фæдыл. Ивгъуыд азы 11 марты сæрибар æрцыдысты, сфальсификацигонд азымтæм гæсгæ Гуырдзыстоны кæуыл стæрхон чындæуыд цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадын, ахæм цыппар æмбæстаджы. Уыдон ахæстоны фæбадтысты иуæндæсгай азтæ. Се ссæрибар кæныны активон хайад райста паддзахады сæргълæууæг.

Нæ горæты уынгты æмæ республикæйы фæндæгтыл бонæй бонмæ фылдæр машинæ-тæ кæй змæлынц, уый дæр дзурæг у, нæ цæрджыты царды æмвæзад кæй бæрзонддæр кæны. Сæ хицæуттæн æхсызгон хабар уыд Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн базарады режимы тыххæй Сразыдзинадмæ гæсгæ æртаг-сæрдæн æрмæджыты аргъ цас-дæрбæрцæй кæй фæкъаддæр æмæ уыдонæй хъуагдзинад республикæ кæй нал æййафы.

Финансон къабазы фæтк æрæвæрыны ахсджиаг нысаниуæг уыдис Казначейство саразын. Бæстонгонд æрцыд бæстæйы бангом системæ дæр. Адæмæн сæ бон у фæлхасадон кредиттæ райсын, ивгъуыд азы чи фæкъаддæр сты, уыцы ствкæтæм гæсгæ.

Аивгъуыйгæ фондз азы дæргъы æрмæст паддзахадон секторы нæ цыдысты æвæрццаг ивындзинæдтæ. Рæзт амалиуæгадон архайд дæр. Уыцы нысанæн сæрмагондæй арæзт æрцыдис Инвестицион агентад, кæцы хуссарирыстойнаг бизнесментæн дæтты реалон проекттæ сæххæст кæныны фадат.

Афтæ ма фадат фæзынд, Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æдзух кæнæ фылдæр рæстæг чи цæрынц, уыцы уæрæсейаг æмбæстæгтæн мады (бинонты) капиталы тыххæй сæртификат райсын. Раздæр та Хуссар Ирыстоны цæрджытæ цæмæй мады капиталы тыххæй сертификат райстаиккой, уый тыххæй сæ цæуын хъуыдис Уæрæсемæ æмæ æвзæрстой зындзинæдтæ.

Нырыккон домæнтæм гæсгæ рацарæзт цæуы ахуырады къабаз. Ахуырадон æмæ ахуыры агъоммæ уагдæттæ æндидзын æмæ капиталон цалцæг кæныны æмрæнхъ ифтонг цæуынц ахуыры нырыккон техникон фæрæзтæй, хуыздæрæй хуыздæр кæнынц ахуыры фадæттæ. Нæ рауагъдонтæй бирæтæ сæ ахуыр адарддæр кæнынц Уæрæсейы престижон уæлдæр ахуыргæнæндæтты, æрыздæхынц цæттæ специалисттæй æмæ сæ раттæг адæмæн лæггад кæнынц æндæр æмæ æндæр къабæзты. Автономон статус райстой нæ паддзахадон университет æмæ зонад-иртасæн институт.

Зынгæ ивындзинæдтæ æрцыд æхсæнады царды. Сырæзтис цæрджыты æхсæнадон активондзинад, ис сын сæ хъуыды æргомæй зæгъыны фадат. Республикæйы разамынад хынцы æмбæстæгты хъуыды. Растдæр æхсæнады активон позицийы руаджы нæ горæты историон центры нæ бауагъдæуыд бирæуæладзыгон хæдзары арæзтад. Æхсæнад æмæ хицауиуæгады ‘хсæн диалогнæ бæстæйы ногæй ссис реалондзинад.

Тыбылты Леониды инициативæйæ стыр куыст бачындæуыд Конституци хуыздæр кæныны фæдыл. Йæхæдæг слæууыд конституцион Закъондæттынад хуыздæр кæныны фæдыл къамисы сæргъ, кæцыйæн йе скондмæ бацыдысты юристтæ, Парламенты депутаттæ, конституцион барады къабазы специалисттæ. 2013 азы марты, закъондæттынадон инициативæйы барæй спайда кæнгæйæ, Президент фæндон бахаста Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцимæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй, тæрхондæттæ аразыны фæдыл конституцион æххæстбарты иу хай республикæйы Парламентмæ адæтгæйæ. Æппæт уыдæттæн сæ нысан уыд конституцион къабазы æмбæлон уагмæ æркæнын.

Æвзæрстыты агъоммæ ныфсæвæрдтытæй сæ иу уыд æвзарæн системæйы пропорционалонæй хæццæ – пропорционалон-можоритарон системæмæ рахизын, кæцы фадат радтаид Пралментмæ хæдбар кандидаттæ æвзарынæн. Ацы ныфсæвæрд дæр æххæст æрцыд.

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ стыр политикон активондзинады рæстæджы æхсæ-нады хъахъхъæд кæй цæуы мидæггагон стабилондзинад. Æмæ уыцы хъуыддаджы уæзгæ у йæ бавæрд Тыбылты Леонидæн. Уый, æххæсткæнынадон хицауиуæгады системæ аразгæйæ, бацархайдта куыстмæ бæстæйы æппæт политикон тыхты бакæныныл, æгæры-стæмæй раздæр кæрæдзийы ныхмæ чи уыдысты, уыдоны дæр.

Хатт афтæ фехъусæн дæр вæййы, зæгъгæ, аивгъуыйгæ азты махæн зынгæ æнтыстытæ нæ уыдис æдтагон политикæйы. Цæмæдæр гæсгæ æддагполитикон здæхтыл нымадæуы æрмæстдæр дард фæсарæнтæ. Æмæ Уæрæсеимæ кæрæдзиимæ ахастыты цы æнтыстытæ ис, уыдон æддагон политикæйы æнтыстытыл нымад нæ цæуынц? Геополитикон планы нын Уæрæсейæ ахсджиагдæр чи ис? Æмæ ам та æнтыстытæ, æнæмæнгдæр, ис. Уымæн ирд бæлвырдгæнæн – РХИ-йы æмæ УФ-йы ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырд, кæцы дыууæ бæстæйы ‘хсæн ахастыты ракодта ног гъæдон æмвæ-задмæ. Банысан кæнын хъæуы Донецкы Адæмон Республикæ æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы хæдбардзинад банымайын дæр, куыд æддагполитикон архайды хи фæн-даг æвзарыны цæвиттон, афтæ.

Кусæгон æмæ кæрæдзийыл æууæндыны ахастытæ æрбиноныг сты Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны разамынадты ‘хсæн. Уыимæ ахастытæ сты партнерон, дыууæ хæдбар, æмбар паддзахадты сæргълæуджыты æмвæзадыл..

Тыбылты Леонид республикæйы сæргъ лæууы фондз азы. Уыцы рæстæджы уый Владимир Путинимæ фембæлд дæс хаттæй фылдæр. Ахæм арæх фембæлдтытæ дзурæг сты æрмæст ууыл нæ æмæ уæрæсейаг лидер стыр хъусдард кæй здахы Хуссар Ирыстонмæ, фæлæ ма йын сæрмагонд ахаст кæй ис йæ хуссарирыстойнаг коллегæмæ. Владимир Путин къорд хæттыты банысан кодта, Тыбылты Леониды кæй уыны, ныфс æвæрæн кæмæй ис, ахæм партнеры, кæцы фæдфæдылонæй æххæст кæны Кавказы регионы Уæрæсейы æндæвдад фидардардæр кæныны фæдыл политикæ. Хуссар Ирыстоны проблемæтæм Уæрæсейы ‘рдыгæй лæмбынæг хъусдард здæхт кæй цæуы, ууыл дзурæг у уый дæр æмæ Уæрæсейы бюджеты хæрдзтæ 10-20 проценты фæкъаддæр кæныны уавæрты дæр Хуссар Ирыстонæн нæ фæкъаддæр сты Инвестицион программæ æмæ бюджеты финанскæнынад. Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æмахастытæ абон рахызтысты ног, ноджы бæрзонддæр æмвæзадмæ. Уыдон æрмæст сæ къухдариуæггæнджыты хæлар ахастытыл нæ бындуриуæг кæнынц. Уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг специалистты æнæлаз куысты руаджы хуыздæр кæны паддзахадон разамынды системæ, финансон къабазы зынынц конкретон фæстиуджытæ, кæцытæ дзуапп дæттынц Уæрæсейы Федерацийы райсгæ домæнтæн.

Уæрæсейы Федерацийы контролгæнæг органты минæвæрттæм претензитæ нæй æндидзынад æмæ рæзтæн рахицæнгонд фæрæзтæ хардз кæныны фæдыл. Алы азы райдианы дæр УФ-йы Нымайæн палатæйы хайадистæй цы басгæрстытæ ауагъд æрцæ-уы, уыдон нæ раргом кæнынц æнæнысанмæздæхтæй хардз кæныны цаутæ.

Нæ экономикæйæн зынгæ фæахъаз УФ-йы Хицауады уынаффæ, кæцымæ гæсгæ нæ республикæйæн электроэнерги лæвæрд цæуы, Цæгат Кавказы регионтæн цахæм аргъыл лæвæрд цæуы, ахæм аргъыл. Уыимæ ма хъæууон цæрджытæн фæкъаддæр сты тарифтæ.

Арфдæр кæны Цæгат Ирыстонимæ интеграци дæр. Къухтæ фыст æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Хицауады ‘хсæн социалон-экономикон, зонадон-техникон æмæ культурон æмгуысткæнынады тыххæй Сразыдзинадыл. Баиу сты Ирыстоны дыууæ хайы фысджыты цæдистæ.

Райст æрцыд РХИ-йы Национ æдасдзина-ды концепци, кæцыйы бæрæг æрцыдысты паддзахады хæстæ паддзахадон разамынды æмæ æхсæнадон царды æппæт къабæзты дæр. национ æдасдзинады концепци ссис бæстæйы историйы фыццаг ахæм документ.

Тыбылты Леонид республикæйæн цы азты разамынд кæны, уыцы рæстæджы къухты би-рæ цыдæртæ бафтыдис: Æхсæнады æмразыдзинад, финансон æмæ социалон къабæзты стабилондзинад, хæдзарадон архайды системæйы рахызт нырыккон стандарттæм гæсгæ.

Фæсарæнты нæ бæстæйы нал исынц цавæрдæр ахæм бынатæй, цыран сæфынц миллиардгай сомтæ. Фундаменталон, бындурон ивындзинæдтæ æрцыдысты паддзахады системæйы.

Ныртæккæ ахсджиаг у, цæмæй æхсæнады бахъахъхъæд æрцæуа стабилондзинад, кæцы фадат ратдзæн рацаразындзинæдты снысангонд плæнттæ нæ адæмы хæрзиуæгæн царды сæххæст кæнын.

Газет «Хурзæрин»-ы аналитикон хайад

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.