Уæрæсейы Уæлдæфон-десантон æфсады сырæзтыл 90 азы сæххæсты цытæн нæ горæты Хъайтарты Аллейы Æнусон Арты раз уагъд æрцыд бæрæгбонон мадзал. Официалонæй ацы æфсады бон нысан цæуы 2 августы. 1930 азы уыцы бон уагъд æрцыд Воронежы бын Мæскуыйаг æфсæддон зылды Æфсæддон-уæлдæфон тыхты ахуыртæ. Уым фыццаг хатт парашюттæй тактикон хæстæ æххæст кæныны нысанæн хайад райстой æфсæддонты чысыл дæлхай.

Уыцы бон Кады Аллейы традицимæ гæсгæ æрæмбырд сты алы азты Уæлдæфон-десантон æфсады чи службæ кодта, нæ уыцы æмбæстæгтæ, Рязаны Æфсæддон-десантон ахуыргæнæндоны рауагъдонтæ æмæ курсанттæ.

Республикæйы десантон æфсады службæгæнджытæн арфæ кæнынмæ æрбацыдысты бæстæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй. Ацы бæрæгбон уы-мæн йæ зæрдæмæ уæлдай æввахс у, уымæн æмæ уый дæр службæ кодта ацы æфсады рæнхъыты.

Бæстæйы сæргълæууæг бузныг загъта Уæлдæфон-десантон æфсады ветерантæн. Банысан кодта, уыдон кæй сты хорз дæнцæг рæзгæ фæлтæрæн, уымæн æмæ уым службæгæнгæйæ, уыдон мысинаг фæд ныууагътой, куыд ирон хæстонтæ, афтæ.

«Уæлдæфон-десантон æфсады ветерантæ æмæ Рязаны десантон ахуыргæнæндоны курсанттæн æз зæрдиаг арфæ кæнын æфсады юбилейон боны цытæн, кæцытæ ныртæккæ сты иууыл мобилон, кæцытæй сæрыстыр у æгас Уæрæсе. Мæнæн æхсызгон у, ныртæккæ дæр Рязаны десантон ахуыргæнæндоны кæй ахуыр кæнынц нæ минæвæрттæ, уымæй дæр æвдисынц аккаг фæстиуджытæ – цы дисциплинæйы хъуыддаджы, цы физикон цæттæдзинады. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уый махмæ æвзæрын кæны сæрыстырдзинад. Ныфс мæ ис, æмæ сымах дарддæр дæр араздзыстут æппæт дæр, цæмæй кадджын уа ирон хæстоны ном, уæлдæ-фондесантон æфсады ном», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Мах, зæгъгæ, не ‘ппæт дæр хъуыды кæнæм Васили Маргеловы ныхæстæ, кæцытæ нын царды дывæр кæнынц нæ тыхтæ: «Сбили с ног – сражайся, идти не можешь – лежа наступай!». Уымæ гæсгæ размæ цæудзыстæм, æмæ араз-дзыстæм æппæт дæр, цæмæй нæ Ирыстон дидин æфтауа.

Йæ раныхасы ма Бибылты Анатоли банысан кодта, десантон æфсады службæгæнæг кæм-фæнды ма куса, уæддæр уый дарддæр службæ хæссы йæ адæмы хæрзæбонæн, паддзахадæн, уæлдæфон-десантон æфсадæн – «размæ æмæ æрмæстдæр размæ», – зæгъгæ.

Уæлдæфон-десантон æфсады ирон лæгдзинад дæр хъуысы

Десантон æфсады службæгæнджытæн ма сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн арфæ ра-кодта хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим. Æрвылаз дæр, зæгъгæ, Уæлдæфон-десантон æфсады академимæ мах æрвитæм нæ æвзонг фæлтæры минæвæртты, кæцытæ уым хæссынц аккаг службæ. Уымæ гæсгæ æрвылаз десантонтæ кæнынц фылдæрæй-фылдæр. Министры цæст бæрæгбоны хайадисджытæн бауарзта фидар удыхъæд æмæ æнæниздзинад.

Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь дæр арфæ ракодта ацы нысаниуæгджын боны цытæн. Сымах, зæгъгæ, стут стыр дæлхæйтты минæвæрттæ æмæ нæ фидæны фæлтæртæн хорз дæнцæг.

Уæрæсейы Федерацийы Уæлдæфон-десантон æфсадыл командæгæнæг Андрей Сердюковы номæй Уæлдæфон-десантон æфсады юбилейы цытæн курсанттæ æмæ ветеранты номыл хорзæхтæ сæ хицæуттæн цытджын уавæрты радта Президент Бибылты Анатоли. Йæ ныхæстæм гæсгæ Сердюков телефоны æрдзырдта æмæ сын ракодта бæрæгбонон арфæтæ дæр. Уымæй дарддæр ма, зæгъгæ, уый сæрыстæй æрымысы уыцы ирон лæппуты нæмттæ, кæцытæ службæ кодтой йæ къухдариуæгады бын.

Мадзалы фæстæ йæ хайадисджытæ бæрæгбоны цытæн Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй сорганизаци кодтой традицион автозгъорд Хуссар Ирыстон æмæ Уæлдæфон-десантон æфсады тырысатимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.