УФ-йы Президент Владимир Путин Æдасдзинады советы уæнгтимæ рабадты фехъусын кодта, зæгъгæ, коронавирусы эпидемийы тыххæй Сырх Фæзуаты Уæлахизы парад хаст  æрцыд фæстæдæр æмгъуыдмæ.

«9-æм майы Уæлахизы парадмæ цæттæ кæнын хъуамæ райдайой ныридæгæн. Фæлæ эпидемиимæ баст тæссагдзинæдтæ нырма егъау сты. Хæс кæнын Хъахъхъæнынады министрæн, тыхон структурæты, æппæт æмвæзадты хицауиуæгады органты къухдариуæггæнджытæн, цæмæй ивд æрцæуа график æмæ Сырх Фæзуаты æмæ регионты парадтæ хаст æрцæуой фæстæдæр æмгъуыдмæ. Хаст æрцæуæд æппæт дзыллон мадзæлттæ, кæцытæ план цыдысты Стыр Уæлахизы 75 азы цытæн», – банысан кодта Путин.

Президент ма банысан кодта, зæгъгæ, парад фæстæдæр æмгъуыдмæ хаст кæй æрцыд, уымæ нæ кæсгæйæ, Уæлахизы бон нысан цæудзæн 9-æм майы, уыцы бонæн аивæн нæй. «Алкæцы бинонты дæр уыцы бон мысдзысты æмæ кад кæндзысты сæ хъайтартæн. Мах æппæт дæр сараздзыстæм, цæмæй ветерантæ æнкъарой нæ аудындзинад, æппæт гæнæнтæй дæр спайда кæндзыстæм», – загъта Владимир Путин.

Уæрæсейы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, æппæт цытджын мадзæлттæ, уыцы нымæцы Уæлахизы парад æмæ акци «Æнæмæлгæ полк» уагъд æрцæудзысты 2020 азы фæстæдæр. 2020 аз Уæрæсейы расидт æрцыд Мысынады æмæ кады азæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.