Горæт Орелы уагъд æрцыд, 18 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богалты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Уым хуссаирыстойнаг спортсмен Пухаты Роланд 92 кг уæзы категорийы бацахста дыккаг бынат. Уый нырма квалификацион тохы 12:0 хыгъдæй рамбылдта Краснодары крайы минæвар Андраник Альбертяны. Æрдæгфиналы Роланды ныхмæлæууæг уыд иннæ ирон богал Габуты Сослан. Рауад сын тынг карз спортивон тох. Фæлæ та ам дæр тренер Коцты Тамерланы хъомылгæнинагæн бантыст рамбулын. Финалы дæр йæ ныхмæлæууæг уыд ирон спортсмен – Санахъоты Родион. Ам дæр та уыд æндыгъд фембæлд. Хыгъд фæцис 1:1. Фæлæ фæстаг фæстиуæгджын архайд Родион кæй сарæзта, уымæ гæсгæ уæлахиз лæвæрд æрцыд уымæн.

Хуссарирыстойнаг спортсментæй ма майдан рамбулынмæ æввахс уыд Санахъоты Алан. Уый хæцыд 80 кг уæзы категорийы. Уымæн дæр йæ тренер  у Коцты Тамерлан.

Ерысты ма ирон спортсментæй дыккаг бынат бацахста Хъесаты Алдат. Æртыккæгтæ та систы Дзаттиаты Альберт æмæ Габуты Сослан.

 

ШАХМАТТÆ

Абхазы горæт Гаграйы уагъд æрцыд дунеон турнир шахматтæй «Черное и Белое», зæгъгæ.  Хайад дзы райстой Хуссар Ирыстон, Уæрæсе æмæ Абхазы спортсментæ. Лæппуты ‘хсæн ерысты уæлахиздзау ссис Хуссар Ирыстоны минæвар Михаил Логачев. Уый йæ хъæзтытæ иууылдæр рамбылдта. Æртыккаг бынат та бацахста Джыгкайты Артур, кæцы уыд ерысты иууыл кæстæр хайадисджытæй сæ иу.

Тынг хорз сæхи равдыстой Хуссар Ирыстоны чызджыты командæйы уæнгтæ. Фыццаг бынат бацахста Тыбылты Аннæ, дыккаг ссис Уанеты Валерия æмæ æртыккагыл та ацыд Тыбылты Аланæ.

«РХИ-йы шахматты федераци»-йы президент Саулохты Георги куыд фехъусын кодта, афтæмæй сын ерыстæм ацæуынæн баххуыс кодта РХИ-йы Æфснайæн банг.

Хуриты Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.