Дзæуджыхъæуы уагъд æрцыд РЦИ-Аланийы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты æвзист призер ссис цхинвайлаг богал Зассеты Арсæмæг. Тренер Коцты Тамерланы хъомылгæнинагæн йæ къухты ахæм æнтыст бафтыд 97 кг уæзы категорийы. Ерысты сæйраг тохыл банымайæн ис Олимпион чемпион Сидахъты Зауырбег æмæ 2022 азы «Гран-при Иван Ярыгин»-ы уæлахиздзау Уалыты Чермены фембæлд. Уыдон фембæлдысты финалы. Ацы тох стыр цымыдисдзинад сывзæрын кодта спортуарзджытæм. Фембæлд рауад æндыгъд. Хуыздæр цæттæдзинад равдыста фæлтæрдджындæр богал – Сидахъты Зауырбег.

Бон раздæр та фæцис 18 азы онг кæуыл цыд, уыцы хъæбысæйхæцджыты ‘хсæн РЦИ-Аланийы чемпионат. Ерысты бронзæйон призертæ систы хуссарирыстойнаг æвзонг богалтæ Æлборты Сæрмæт (65 кг) æмæ Джиоты Артур (80 кг).

ФУТБОЛ

Национ футболон къорды чемпионаты уыдысты 30-æм туры хъæзтытæ. Дзæуджыхъæуы «Алани» Липецкы хъазыд бынæттон «Металлург»-имæ. Фембæлды фыццаг минутыл хыгъд байгом кæнын бантыст Гуырцъыты Батразæн. 44-æм минутыл алайнæгтæн бантыст хыгъд 2:0 скæнын. Расгуыхт Ислам Машуков. Уазджыты æртыккаг пуртийы автор та уыд Хуыбылты Владимир. Уый та ныхмæлæууæг командæйы кулдуары пурти бакъуырдта хъазты 67-æм минутыл.

Ныр «Алани» æрæмбырд кодта 52 очкойы æмæ турнирон таблицæйы цæуы 4-æм бынатыл.

Ирыстоны сæйраг футболон командæ радон хъазт акæндзæн 6-æм апрелы Калининграды «Балтика»-имæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.