28 мартæй 4 апрелмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл фыдракæнд не ‘рцыдис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис æхсæз фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой æртæ адæймаджы.

Алыгъуызон бархалынæдты фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдис иу æмбæстаг.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 332 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 6 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

30 марты горæт Цхинвалы милицийы управленийы кусджытæ оперативон-сгарæн мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн иу магазины ссардтой энергетикон нозтытæ 24 иуæджы бæрц æмæ конфискаци æрцыдысты. Магазингæс, 47-аздзыд бынæттон цæрæг, конд æрцæудзæнис админстративон бæрндзинадмæ.

3 апрелы изæрырдæм Цхинвалы иу хисæрмагонд хæдзары срæмыгъта гранат. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы хæдзары цыдис цалцæггæнæн куыстытæ æмæ кусджытыл ныккæнды срæмыгъта гранат, кæцыйы фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудта 32-аздзыд Узбекистаны æмбæстаг. Ныридæгæн уагъд цæуынц слестгæнæн куыстытæ, цæмæй рабæрæг кæной фыдбылыз æрцæуыны аххосæгтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.