Грознæйы уагъд æрцыд Советон Цæдисы спорты сгуыхт дæсны, УФ-йы сгуыхт тренер Адлан Вараевы номарæн турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты хайад райстой ирон богалтæ дæр. 48 кг уæзы категорийы фыццаг бынат бацахста Коцты Алан. Æвзист призертæ систы: Бекъойты Давид (60 кг), Токаты Сослан (80 кг) æмæ Дзеранты Арик (92 кг). Бронзæйон хорзæхтæ та бафтыдысты – Уататы Аслан (51 кг) æмæ Суанты Валерийы (80 кг) къухты.

 

ДЗЮДО

Цæцæны столицæйы ма уагъд цыд дзюдойæ Уæрæсейы Кубокыл ерыстæ дæр. Йæ уæлахиздзау ссис Джиоты Аслан (+100 кг). Дыккаг бынат бацахста Зураты Залинæ. Плиты Азæмæт (100 кг) æмæ Дзуццаты Александр та систы бронзæйон призертæ.

ТЕННИС

Профессионалон теннисистты ассоциаци йæ официалон сайты ныммыхуыр кодта 2021 азы фондз иууыл хуыздæр хъæзтыты рейтинг. Цыппæрæм бынатыл ацыд Хъæрæцаты Аслан æмæ дунейы иууыл хуыздæр теннисист Новак Джоковичы хъазт. Уыдон фембæлдысты Белграды турниры æрдæгфиналы. Уæд уæлахиз бафтыд ирон спортсмены къухты (7:5, 4:6, 6:4).

Банысан кæнын ма хъæуы уый, æмæ дунейы 18-æм ракеткæ Хъæрæцаты Аслан нымад кæй æрцыд «Прогресс года»-йы номинацийы уæлахиздзауыл.

 

ФУТБОЛ

Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани»-йы сæрæзтыл ацы аз сæххæст 100 азы. Командæйы историйы хуыздæр хъазджыты тыххæй йæ хъуыды дзыллон информацион фæрæзтæн загъта раздæры зындгонд футболист Гуццаты Владимир. «Алани» у стыр клуб. Алкæмæн йæ бон нæу бæстæйы чемпион суæвын. Ирыстоны бирæ хорз футболисттæ хъазыдысты. Уæрæсейы чемпионтæ куы систы, уæд уæлдай фылдæр уыдысты. Уыцы уæлахизы стыр нысаниуæг уыд Омари Тетрадзейæн. Фæлæ мæ сæрмагондæй фæнды рахицæн кæнын Джиоты Инал, Тедеты Бахва æмæ Заур Хаповы. Уыдон стыр хайбавæрд бахастой Ирыстоны футболы размæцыдмæ», – банысан кодта Гуццаты Нодар.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.