Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд мыл кæд иуæндæс азы йедтæмæ нæма цыдис, уæддæр уыцы уæззау бонтæй бахъуыды  кодтон бирæ цыдæртæ. Абон дæр ма хорз хъуыды кæнын, хæстонтæ хæстмæ заргæ куыд цыдысты, уый. Бинонтæ ныууадзын сæ кæй фæндыд, фæлæ уымæй æвдыстой, цæмæй, цы бинонты уагътой, уыдон къаддæр мæт кодтаиккой, къаддæр сæм уыдаид тасы æнкъарæнтæ  æмæ хъуыдытæ.

Абон кæрæдзимæ нæ ахаст цасдæр-бæрцæй кæй фæивта, уый дызæрдыггаг нæу. Ныр дæр тыхст рæстæджы куыд нæ балæууæм кæрæдзийы фарсмæ, фæлæ уæд кæрæдзийæн хорзæй цы арæзтой, уый иууылдæр цыдис зæрдæйæ, стыр фæндон æмæ тырнындзинæдтимæ. Хæстмæ-иу кæй дарæг ацыд, уыцы бинонтæ-иу нæ комбæстæйы цæрæг адæмæн систы сæ сæйрагдæр аудинæгтæ. Адджын æмæ семæ фæлмæн ныхас кæнынæй дарддæр ма сæ фарсмæ уыдысты бирæ хъуыддæгты. Сыхæгтæ сын æххуыс уыдысты æппæт хъæууонхæдзарадон куыстыты. Æххуыс истой хойраджы продукттæй дæр. Иу дзырдæй, алчи дæр архайдта ууыл, цæмæй хæстмæ кæй бинонтæй ацыд, уыдон сагъæс фæкъаддæр уа.

Тынг ма бахъуыды кодтон уый дæр æмæ-иу хæстонтæй исчи йæ бинонтæм фыстæг куынæ æрырвыста, уæд-иу уый хъæуы цæрджытæй алкæмæн дæр хаста цин æмæ хъæлдзæгдзинад. Мæ цахъхъæнтæиу æй раскъæф-баскъæф кодтой. Куы-иу æй кæмæ баскъæфтам æмæ кастыстæм, куы та – кæмæ. Хорз хабары тыххæй-иу ныл алчи дæр бацин кодта, чи-иу нæ цæмæй арæвдыдта, чи та – цæмæй.

Мæхи бинонтæй дæр хæстмæ ацыдысты æртæйæ, мæ фыды æфсымæры лæппутæ Хуриты Лаврент, Гриша æмæ Дзамболат. Æнæниз, хъæддых æмæ æлвæст лæппутæ уыдысты. Гришæйæн уыд цардæмбал æмæ дыууæ чысыл кæстæры. Кæд абон уыдон дæр нал сты, уæддæр сæ кæстæрты кæстæртæ, уыдоны кæстæртæ кæнынц фылдæр æмæ  дарддæр кæнынц сæ цард. Дзамболат хæстæй бæргæ æрыздæхт, фæлæ цас æмбæлд, уый бæрц ыл бацин кодтаиккам, уый нæ цæст уарзгæ дæр нæ кодта. Уымæн æмæ уæдмæ чи нæма æрцыдис, уыцы хæстонты номхыгъды уыдысты мæ фыды æфсымæры иннæ дыууæ лæппуйы Лаврент æмæ Гришæ. Бæргæ сæм бирæ фенхъæлмæ кастыстæм, фæлæ куы æмæ куы нæ зындысты, уæд ма нын æндæр цы гæнæн уыдис, бауырныдта нæ се ‘намонды хабар.

Бинонтæй сæ алчи дæр мысыд, алчи дæр нæ бæллыдис, цæмæй сæ иу уæддæр  æрыздæхид, фæлæ … Уæлдай тынгдæр нæ хæстонты тыххæй тад æмæ руад сæ фыд Пауле. Бæргæ йын æвæрдтам алыгъуызон ныфсытæ, бæргæ архайдтам йæ уыцы уæззау хъуыдытæй йæ фæиппæрд кæнæм, фæлæ уый махæй никæй бон бацис. Фыны дæр-иу кодта сæ кой, бонæй-бонмæ ихсыдис йæ уд æмæ хæсты фæудæй цалдæр мæйы куы рацыд, уæд йæ тыхст зæрдæ ныллæууыд йæ куыстæй.

                                                                                              Гæззаты Иван

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.