Къуайсайы боны цытæн уагъд æрцыд Ирыстоны хъайтар Тедеты Владимиры (Вла) номыл дунеон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерыстæ уагъд цыдысты дыууæ боны дæргъы. Сæ тыхтæ дзы фæлвæрдтой, 14 азы онг кæуыл цæуы, ахæм спортсментæ.

Турниры призтыл кодтой 100 богалæй фылдæр. Уыдон уыдысты Беслæн, Алагир, Дзæуджыхъæу, Цхинвал, Æрыдон, Дзау æмæ Къуайсайæ. Дыууæ боны дæргъы гауызыл цыдысты карз спортивон тохтæ.

«Турниры кад айхъуыст дардыл. Æрмæст Ирыстоны алы районтæй нæм нæ дзурынц, фæлæ ма нæм-иу Цæгат Кавказы республикæтæй дæр фæдзырдтой æмæ-иу фарстой, кæд та, зæгъ, уыдзæн ацы турнир», – загъта ерысты сæйраг тæрхонгæнæг Битеты Сæрмæт.

Ерысты хайадисджытæн раарфæ кодта Президент Тыбылты Леонид. Паддзахады сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйы къухдариуæгад æппæтдæр аразы спорты размæцыдæн. Уый тыххæй кусы программæ «Спорт в шаговой доступности», зæгъгæ.

«Тынг æхсызгон мын у фæстаг азты фæсивæд тынгæй тынгдæр кæй цымыдис кæнынц спортмæ. Ныр дæр дыууæ боны дæргъы сымах æвдыстат уæ цæттæдзинад. Уе ‘хсæн ис дунейы æмæ олимпион хъæзтыты фидæны чемпионтæ. Æмæ уæ кæд абон чидæртæ фæхæрд сты, уæд уæ уыцы хъуыддаг ма æрлæууын кæнæт æмæ цæут уæлахизтæм», – банысан кодта Президент Тыбылты Леонид.

Паддзахады сæргълæууæг  турниры чемпионты схорзæхджын кодта æвзист монетæтæй. Радон хатт та ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæн лæвæрд æрцыдысты æхцайы премитæ. Афтæ ма райстой майдантæ, кубоктæ æмæ Кады грамотæтæ.

Зæгъæн ис афтæ, æмæ ерысты хайад  райстой ацы кары Ирыстоны иууыл хуыздæр спортсментæ. Ныр 3-аг хатт ацы ерыстæм йæ хъомылгæнинæгты æркодта дзæуджыхъæуккаг тренер Биазырты Марик.

«Турниры æмвæзад кæны бæрзондæй бæрзонддæр. Цæгат Ирыстонæй цы командæтæ æрцыдысты, уыдон æркодтой сæ иууыл тыхджындæр богалты. Зæгъын ма мæ фæнды уый дæр, æмæ хуссарирыстойнаг хъæбысæйхæцджыты цæттæдзинад дæр   кæны хуыздæрæй хуыздæр. Ууыл та æндавы уыцы хъуыддаг, æмæ Ирыстоны хуссары æвзонг богалтæн уагъд цæуынц фылдæр ерыстæ», – банысан кодта Биазырты Марик.

Дыууæ боны дæргъы цымыдисон тохты фæстæ ерысты уæлахиздзаутæ систы: Зæнджиаты Иссæ, Келиты Азæмæт, Джиоты Артур, Багаты Руслан, Коцты Амур, Гæззаты Азæмæт, Туаты Руслан, Бестауты Дмитри, Бестауты Сæрмæт, Уалыты Максим æмæ Дзæгъиаты Сослан.

Хуыздæр техникæйы тыххæй призæй хорзæхджын æрцыд Зæнджиаты Муссæ, уæлахиздзинадмæ тырнындзинады приз райста Хуыгаты Руслан. Приз ма райста турниры иууыл æвзонгдæр богал Хуыгаты Роберт. Афтæ ма хорзæхджын æрцыд ерысты хуыздæр тæрхонгæнæг Зассеты Константин.

Ерыстæ уагъд æрцыдысты æртыккаг хатт. Сæ организатор, кæй номыл уыдысты, уыцы зынгхуыст хъайтар Тедеты Владимиры лæппу Роберт стыр бузныгæй баззад, чи йын баххуыс кодта ерыстæ ауадзынæн, уыдонæй.

БОКС

Зындгонд ирон боксер Козаты Асланбег ссис Дунеон боксы организацийы (IBO) версимæ гæсгæ дунейы чемпион. Уый ацы титул рамбылдта хуссарафрикæйаг спортсмен Пол Камангуимæ тохы. Уый цыд 12 раунды. Йæ фæстиуджытæм гæсгæ тæрхонгæнджытæ иууылдæр уæлахиздзауыл банымадтой Асланбегы 117:111, 116:112 æмæ 116:112.

Козайы фырт йæ профессионалон карьерæйы акодта 33 тохы. Уыдонæй 30 тохы фæуæлхиз, дыууæ хатты фæхæрд æмæ иу хатт та йæ тох фæцис æмдыхæй.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.