Дунеон æнæхицауадон организацитæ Human Rights Foundation æмæ UN Watch Гуырдзыстоны адæймаджы бартæ цы уавæры сты, уый тыххæй хыгъд радон хатт кæй раразмæ кодтой, уымæй ногæй дис бафтыдтой сæ ангажирдзинадæй æмæ сын æцæгдзинадимæ иумиагæй кæй ницы ис, уымæй. Уый тыххæй фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Адæймаджы барты фæдыл РХИ-йы Президенты Æххæстбарджын минæвар Тасойты Инал, 2016 азы 20 октябры ИА «Росбалт»-ы сайтыл мыхуыр цы хъусинаг уыд ахæм сæримæ «Правозащитники обвинили Россию в нарушении прав грузин в Южной Осетии», уымæн комментари аразгæйæ.

«Æппындæр æмбæрстгонд нæу, Хуссар Ирыстон цы бар дары Гуырдзыстоны адæймаджы барты æцæг проблемæтæм, барадхъахъхъæнджытæ цæмæн пайда кæнынц, гуырдзиаг пропагандæ цы терминологийæ пайда кæны, уымæй? Уымæй дæр 2008 азæй фæстæмæ хыгъды автортæн фадат уыд раст информаци райсынæн æмæ дзы сæ хыгъды спайда кæнынæн. Уыимæ иумæ ма сын ахæм фадат ис ныр дæр», – банысан кодта уый.

Дунеон «барадхъахъхъæнджытæн» пропагандистон штамптæй пайда кæнын æнцондæр кæй у, уый Тасойты Инал рахуыдта цæстуынгæ факт.

«Ивгъуыд æнусы 80-æм азтæй фæстæмæ ныддаргъуæвæг гуырдзиаг-ирон конфликты агрессоры, кæцы у Гуырдзыстон, юридиконæй фæазымджын кæныны бæсты, мах уынæм факттæ сзыгъуыммæ кæныны, сау урсы бæстæ равдисыны бафæлвæрдтытæ», – загъта хуссарирыстойнаг омбудсмен.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстон цæттæ у уыцы дунеон организацитимæ кусынмæ, кæцытæ сæ архайды бындуриуæг кæнынц историон реалитæ бахынцгæйæ, сæ куыст æххæст кæнынц цæсгомджынæй æмæ нæ зилынц политикон нысаны фæстæ.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ сты Республикæ Хуссар Ирыстоны сæйраг Закъон – йæ Конституцийы хъахъхъæды бын, кæцы гаранти дæтты, уым чи цæры, йæ уыцы æмбæстæгты, уыцы нымæцы гуырдзиаг нацийы минæвæртты бартæ хъахъхъæнынæн. Куыд Ленингоры районы, афтæ Хуссар Ирыстоны иннæ районты дæр цæрынц бирæнымæц гуырдзиæгтæ, районты иуы дæр этникондзинадмæ гæсгæ дискриминаци нæ цæуынц адæймаджы бартæ», – фехъусын кодта Тасойты Инал.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ИА «Росбалт» скъуыддзæгтæ æрхаста уыцы хыгъдæй, цыран дзырд цæуы, зæгъгæ, «2008 азы гуырдзиаг-ирон конфликты рæстæджы Уæрæсе бацыд Хуссар Ирыстоны территоримæ, регионы этникон æгъдауæй сыгъдæг æрцыдысты гуырдзиаг цæрджытæ æмæ, зæгъгæ, уæрæсейаг æфсадæн йæ бон нæ баци сæ хæстæ сæххæст кæнын, гуырдзиаг хъæуты адавын æмæ ныппырх кæнын фыдгæнджыты ма бауадзыны хъуыддаджы», афтæ ма, зæгъгæ, «ныртæккæ дæр ацы территоритыл адæймаджы барты хъахъхъæны-нæ уавæр хуыздæрæрдæм нæ фæивта æмæ æдзух æвзæрæй-æвзæрдæр кæны».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.