Фыццаг сорт ссадæй конд 600 граммы дзулы аргъы фæфылдæр

кæныны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады 2018 азы 25 июны «Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон куыстуаты уагъдцæуæг цы фыццаг сорт ссадæй конд 600 граммы дзулы аргъ бæстон кæныны фæтк сфидар кæныны тыххæй» №36 Уынаффæмæ гæсгæ РХИ-йы Хицауад уынаффæ кæны:

1.Паддзахадон дзулфыцæн комбинат цы фыццаг сорт ссадæй конд 600 граммы дзулы уадзы, ууыл бафтаугæ аргъы уæлæмхасæн фиддон хынцгæйæ дзулы аргъ фидаргонд æрцæуæд 18 сомы.

2.  Йæ тыхы мауал уæд РХИ-йы Хицауады 2015 азы 31 марты «Фыццаг сорт ссадæй конд дзулы аргъ фæфылдæр кæныны тыххæй» №33 Уынаффæ.

3. Ацы Уынаффæ йæ тыхы цæуы официалонæй йæ ныммыхуыр кæныны фæстæ.

РХИ-йы Хицауады Сæрдар ПУХАТЫ Эрик

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.