Ныры рæстæджы ныййарджытæ уæлдай тынгдæр тыхсынц сæ чысыл хурты цардыл, кæм вæййынц, уыцы сабидоны сæ рæстæг куыд æрвитынц, ууыл. Зæгъæн ис æмæ сывæллæттæн сабидон кæй у сæ дыккаг хæдзар. Уым хъазынц, зарынц, сæхицæн ссарынц хæлæрттæ, иумæ фæтезгъо кæнынц, кæрæдзийæн фæдзурынц сæ чысыл бæллицтæ.

Сабидоны цард алыбон дæр у цымыдисон æмæ уникалон. Уый дзаг вæййы алыгъуызон цаутæ æмæ эмоцитæй. Цасдæр рæстæг мæ хъус дарын иу хъуыддагмæ: мæ чысыл чызгыл кæд æртæ аз æмæ æрдæг йедтæмæ нæ цæуы, уæддæр йæ ныхасы фæпайда кæны, хæдзары не ‘рвылбонон царды кæмæй нæ фæпайда кæнæм, ахæм ирон ныхæстæй. Зæгъæм, «каша» æмæ «суп»-ы бæсты алыхатт дæр зæгъы кас æмæ хъæрмхуыпп. Кæнæ «до свидания» æмæ «пока»-йы бæсты – хæрзбон, «магазины» бæсты – дукани æмæ афтæ дарддæр. Азы афонтæ, хуызтæ кæд се ‘ппæты нæ бахъуыды кæны, уæддæр сæ фæзæгъы иронау, стæй уырыссагау, уыимæ иумæ мын афæлвары мæхи дæр, ома, алæма, æндæра йæ ды дæр зоныс. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый ныййарджытæн дæр стыр циндзинад хæссы.

Ацы хъуыддагмæ егъау хайбавæрд бахастой нæ зынаргъ ахуыргæндтæ. Филологон зонæдты кандидат, профессор Битарты Зоя Александры чызджы сæргълæудæй уыдон бакодтой стыр æмæ хъаруджын куыст, активон æмæ æмхуызонæй сдзырдтой мадæлон æвзаджы рæзт æмæ размæцыдыл æмæ уæдæй фæстæмæ республикæйы æппæт сабидæттæ дæр кусынц программæ «Малусæг»-мæ гæсгæ. Хъомылгæнджыты сæйраг хæс у, цæмæй æмбæлон æгъдауæй бакусой ууыл, цæмæй сабитæ хъомыл кæной куыстуарзонæй, хъаруджын æмæ ныфсджынæй, уæзданæй æмæ сæ алфæмблай æрдзыл аудгæйæ.

Саби фыццаг йæ мадæлон æвзагыл куы сдзура, йæ хъуыдытæ равдисын йæ бон куы уа мадæлон æвзагыл, уæд уыцы саби æнцондæрæй фæцайдагъ уыдзæн æндæр æвзæгтыл дзурыныл дæр, йæ хъуыдыкæнынад та уыдзæн бирæ хуыздæр. Стыр катайдзинад æвзарын кæны иу хъуыддаг: иуæй-иу ныййарджыты нæразыдзинад æмæ цæстæнгас мадæлон æвзагмæ. Саби хæдзары, бинонты æхсæн мадæлон æвзагыл ныхас куы нæ хъуса, йемæ куы нæ дзурой йæ ныййарджытæ, уæд æрмæст сабидоны хъомылгæнджытæ фаг зонындзинæдтæ нæ ратдзысты уыцы сабийæн. Сабидæтты практикæ куыд уынын кæны афтæ, кæстæр къорды сабитæн кæд чысыл зын кæны, уæддæр цайдагъ кæнынц мадæлон æвзагыл. Уый бæрæг у мæхи цæвиттонæй дæр.  Хистæр æмæ цæттæгæнæн къорды сабитæ æнцон-дæрæй фæхæст вæййынц æрмæгыл æмæ йæ хуыздæр бамбарынц, уымæ гæсгæ ахуы-ры азы фæудмæ хистæр къорды сабитæ цæттæ вæййынц скъоламæ бацæуынмæ. Уый та стыр ахъаз фæуыдзæн мадæлон æв-заджы рæзт æмæ райтынг кæныны хъуыддагæн. Ныфс мæ ис æмæ нæ сабидæтты хъомылгæнджытæ программæ «Малусæг»-мæ гæсгæ райсгæ зонындзинæдтæй кæй пайда кæндзысты сæ дарддæры куысты, рæзгæ фæлтæр схъомыл кæныны хъуыддаджы сын кæй уыдзæн хорз фæстиуджытæ.

Стыр бузныг зæгъын мæ фæнды нæ горæты 7-æм сабидоны къухдариуæггæнæг Харебаты Наталья æмæ иннæ хъомылгæнджытæн се ‘ппæтæн дæр ирон æвзаджы рæзты хъуыддагмæ сæ хайбавæрды тыххæй. Сæ хæсыл нымайынц, ирон æвзаджы хъысмæтæн сæ бон цы у, уымæй баххуыс кæнын, цæмæй хъахъхъæд æрцæуа нæ мадæлон æвзаг.

Уæлдай бузныг мæ фæнды зæгъын сабидоны 2-аг къорды хъомылгæнинæгтæн Дзабиты Маринæ æмæ Хуыджеты Юзæйæн, нæ чысыл хуртæн нын сæ зонындзинæдтæ æнæвгъау кæй лæвар кæнынц, уый тыххæй.

Стыр бузныг уын, ирон æвзаг бахъахъхъæныны тыххæй æппæт тыхтæй кæй архайут, фидæны фæлтæрыл кæй хъуыды кæнут, уый абон ирдæй бæрæг у уæ зын, фæлæ фæрныг куысты.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.