3-æм декабрь — Инвалидты дунеон бон

Æрвылаз дæр инвалидты дунеон бон банысан кæнынц дунейы бирæ бæстæты.

Традицион æгъдауæй уыцы бон хæстон архайдтыты рæстæджы инвалидтæ æмæ фæцæфуæвджытæн æххуысы фонд хатдзæгтæ саразы йæ архайдæн. Фонды сæргълæууæг та у Плиты Мадинæ. Рауад афтæ æмæ Инвалидты дунеон бон нысан фæцæуы азы кæрон.

Хæрзаудындзинад æмæ æмбалы трагикон амæлæт

Плиты Мадинæ куыд банысан кодта, афтæмæй коронавирусы пандеми бандæвдта фонды куыстыл дæр. Куыддæр уый æрнымæг, афтæ райдыдта сæрмагонд æфсæддон операции. «Мах æй тынг хорз æмбарæм, Уæрæсейы кæй бахъуыд ахæм ахсджиаг къахдзæф саразын Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæтæ йæм æххуысмæ куы бахатыдысты, уæд. Хуссар Ирыстон фыццаг банымадта ацы дыууæ республикæйы хæдбардзинад æмæ нæ адæм хъуамæ равдисой æмзæрдæдзинад æмæ рахæца донецкаг æмæ луганскаг адæмы фарс сæ сæрибардзинады тохы», — банысан кодта Плиты Мадинæ.

Абон сæрмагонд æфсæддон операцийы хайад исынц тынг бирæ ирон бархионтæ. Инвалидты фонд цалдæр хатты Донбассмæ æрласта гуманитарон æххуыс, кæцы организаци æрцыд нæ паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Аланы комкоммæ æххуысы фæрцы. Гуманитарон æххуыс æрæмбырд кæныны тыххæй ма фондæн баххуыс кодтой иуæй-иу министрадтæ æмæ ведомствотæ, республикæйы хицæн æмбæстæгтæ. Афтæ ма фонд Хуссар Ирыстоны хæсты инвалидты номæй мемориалон цыртытæ сæвæрдта Донецк æмæ Луганскы фæмардуæвæг хъайтартæн.

«Уый фæдыл мах хъуамæ æрæмысæм инвалидты фонды стыр хæлар Сергей Горенкойы ном. Уымæн йæ цард трагкион æгъдауæй аскъуыд ацы аз сентябры мæйы. Сергей æгæрон уарзт кодта Хуссар Ирыстоны, республикæйы алы цæрæджы дæр нымадта æввахс адæймагыл, алы цæрæджы рыст дæр йæ зæрдæмæ иста, куыд йæхи рыст, афтæ. Æппынæдзух телефоны дзырдта æмæ фарста, зæгъгæ, уын цæмæй баххуыс кæнæм. Хицæн бынаты йын уыдысты инвалидтæ.

Мемориалон цырт куы æрластам, уæд Горенко бахатыд Луганскы администрацийы сæргълæууæгмæ, цæмæй цырт сæвæрдтаиккой фидæны мемориалон комплексы бынаты, кæцыйы план кæнынц Луганскы территорийыл саразын. Æмæ дыууæ къуыримæ ацы фарст æвæрццагæй скъуыддзаг æрцыд. Цыбыр рæстæгмæ цырт сæвæрыны фарст аскъуыддзаг кодта, цыма йæ æнкъардта а-дунейæ йæ ацыды хабар…», — радзырдта Плиты чызг.

Луганскы Адæмон республикæйы генералон прокуратурæйы кусджытæ Анастасия Алешина æмæ Александр Верещагийы сæргълæудæй æмбæлдысты нæ фонды минæвæрттыл таможнæйы. Уыдон нын баныфс æвæрдтой гуманитарон æххуыс хæсты иууыл вазыгджындæр фадгуыты хайад чи исы, уыцы хъахъхъæнджыты ‘хсæн адих кæнынæй.

Хъайтарты мысынадмæ зæрдæрисгæ ахаст дарын

Плиты Мадинæйы ныхæстæм гæсгæ, фондæн тынг хъарм ахастытæ ис Ветерантæ-афгайнæгты цæдисимæ. «Мах алыхатт дæр æххуыс кæнæм кæрæдзийæн. Лæппутæн тынг ахсджиаг сты нысаниуæгджын бонтæ — 23-æм февраль, Ереды, Цъинагары æмæ Зары трагедитæ, 8-æм август… Нæ республикæйы алы цæрæджы хæс дæр у фæмардуæвæг хъайтарты мысынадмæ зæрдæрисгæ ахаст дарын», — банысан кодта Плиты Мадинæ.

Æнæ хъусдардæй нæ баззайы Стыр Уæлахизы бон — 9-æм май дæр. Хæларадон республикæты хæсты инвалидты æмгуыстады фæлгæтты, Республикæйы бонмæ ацы аз хуынд æрцыдысты Донецк æмæ Луганскы Адæмон республикæты, Абхазы инвалидтæ. Уыдон хуссарирыстойнаг лæппутæ-инвалидтимæ, сæ тырысатимæ парады цытджын маршы рацыдысты Цхинвалы Театралон фæзуаты. Ахæм скондæй парады лæппуты хайадист уыд фыццаг хатт, реализаци цыд номхуындæй президент Гаглойты Аланы хъæппæрисæй. «Афтæ ма мах æдзухон бастдзинады стæм Донецкаг æмæ Луганскаг коллегæтимæ. Мах сын æмбарæм сæ уæззау уавæр, æрвылбон дæр фæдзурæм æмæ бацымыдис кæнæм ацы республикæты цæуæг цаутæм, лæппуты-инвалидты уавæрмæ. Алыхатт дæр кæрæдзийæн фæдзурæм: «Æфсымæр æфсымæрæй у тыхджын!», — сæрыстырдзинады æнкъарæнтимæ радзырдта фонды сæргълæууæг.

Инвалидтæ сæхицæн схос кæнынц æмæ баулæфынц санаториты

Æрвылаз дæр фонды лæппутæ сæхи дзæбæх кæнынц санаториты æмæ курортты. Ацы аз дæс адæймаджы се ‘нæниздзинад фæхуыздæр кодтой Цæгат Ирыстоны санаториты, сæрмагондæй, Урсдоны пансионаты æмæ Тамискы санаторийы. Плиты Мадинæйы ныхæстæм гæсгæ, фондæн рагæй фæстæмæ хорз ахастытæ ис Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министрадимæ. Организацимæ аккаг хъусдард ис ацы министрады ‘рдыгæй, уымæй уæлдай ма, бæстæйы разамынд æмæ Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад лæппутæн бакæнынц æнæмæнгхъæуæг æххуыс. Плиты Мадинæ куыд банысан кодта, афтæмæй нæ уыд иу ахæм цау дæр æмæ уыдон бахатыдысты Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадмæ æмæ сын ма баххуыс кæной. Министрады фæрцы октябрь-ноябры мæйты инвалидтæ рацыдысты диспансеризаци.

«Æнæхъæн мæйы дæргъы Республикон бирæпрофилон медицинон центры æрвылбон дæр диспансеризаци цыдысты авд адæймаджы бæрц. Поликлиникæйы разамынд, медперсонал инвалидтæм дардтой максималон хъусдард, сарæзтой сын æппæт уавæртæ дæрмедицинон басгæрсты æххæст спектрæн», — бамбарын кодта фонды сæргълæууæг.

Плиты чызг ма куыд банысан кодта, афтæмæй ацы аз инвалидтæй æртæйæ баисты фатерты хицæуттæ.

Хъайтардзинады уроктæ

Фонды лæппутæ цалдæр азы дæргъы хъайтардзинады уроктæ ауадзынц республикæйы ахуырадон уагдæтты. Æрæджы та фембæлдысты Хуссар Ирыстоны кадетон скъолайы ахуыргæнинæгтимæ. Ныр уыдон æрвылмæй дæр хъайтардзинады уроктæ уадздзысты ацы скъолайы. Ахæм уынаффæ ист æрцыд РХИ-йы Хъахъхъæнынады министр Марат Павлов æмæ фонды сæргълæууæг Плиты Мадинæйы фембæлды рæстæджы.

«Министр фæндон бахаста кадетон скъолайы хъайтардзинад æмæ патриотизмы уроктæ уадзыны тыххæй. Фыццаг кадеттитмæ фембæлдис иууыл уæззаудæр цæф чи фæцис, уый — Колыты Инал. Иууылдæр æй зонынц, Инал Хуссар Ирыстоны территорийыл цалдæр теракты кæй аиуварс кодта. Зонынц, теракттæ ауадзын кæй план кодтой гуырдзиаг спецслужбæтæ, уый дæр», — банысан кодта фонды сæргълæууæг.

Колыты Инал сывæллæттæн радзырдта йæ историйы тыххæй æмæ загъта: «Алы адæймаг дæр хæсджын у, цæмæй бахъахъхъæна йæ Фыдыбæстæ. Дæсгай азты дæргъы, хуссарирыстойнаг лæппутæ æвдыстой бæрзонд патриотизм, гуырдзиаг фашизмæй сæ адæм æмæ республикæ хъахъхъæнгæйæ. Бирæтæ сæ бафыстой стыр аргъ хæдбардзинады сæраппонд — бирæтæ радтой сæ цард, иннæтæ та — се ‘нæниздзинад. Бирæтæн, æгæрыстæмæй, нæ бантыст цардæмбæлттæ æркæнын, хъæбулы ад банкъарын», — банысан кодта Колыты Инал.

Колыйы фырт 2008 азы марты мæйы теракты фæстиуæгæн баззад æнæ къæхтæй æмæ æнæ цæстæй дæр, йæ буар иууылдæр уыдис цæфтæ. Уæдæй фæстæмæ йын сарæзтой цалдæр операцийы, периодикон æгъдауæй вæйы Уæрæсейы алыгъуызон специалон медицинон центрты. Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты фыццаг урок баст уыд 1989 азы 23-æм ноябры цаутимæ. Ахуырдзаутæн лæмбынæг радзырдтой лæппуты хъайтардзинады тыххæй, куыд бауæрдтой бирæминон гуырдзиаг «митинггæнджыты», банысан кодтой знаджы ныхмæ æппæт хуссарирыстойнаг адæм æхсардзинад кæй равдыста, уый тыххæй дæр.

«Нæ хъæуы рох кæнын ивгъуыды уроктæ. Рæзгæ фæлтæр хъуамæ зоной Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы цауты тыххæй, хъуамæ сæ зæрдыл дарой Фыдыбæстæйы алы хъахъхъæнæджы дæр. Æмæ абон мах — хистæр фæлтæр, куынæ дзурæм нæ зæхмæ нын сабырдзинад чи æрхаста, уыцы лæппуты тыххæй, куынæ кад кæнæм хæдбардзинады сæрвæлтау сæ цард чи радта, уыцы хъайтартæн, уæд сæ сомбоны ничиуал æрхъуыды кæндзæн», — загъта Плиты Мадинæ.

Фонды сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, уыдон хуымæтæджы мыййаг куынæ бабастой фыццаг урок Хъайтардзинад æмæ адæмы иудзинады бонимæ. Уыцы бонæй райдыдта ирон адæмы тох сæрибардзинад æмæ суверенитеты тыххæй. Плиты Мадинæйы ныхæстæм гæсгæ, сæ кадетон скъолайы коллектив Баликъоты Фатимæйы сæргълæудæй райстой тынг хорз æмæ фембæлдæн сарæзтой æппæт уавæртæ дæр.

2023 азæн фонд ныридæгæн цæттæ кæны мадзæлтты план.

Джиоты Екатеринæ