АЦЫ БОНТЫ ЦОЦИТЫ АЛАНЫЛ СÆХХÆСТ УЫДАИД 76 АЗЫ

2005 азы Алан фæстаг хатт æрцыдис йæ райгуырæн Цхинвалмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны 15 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонмæ æрхонгæ адæмимæ. Газет «Южная Осетия» дзы райста интервью. Уыцы интервью дæр уыдис фæстаг. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый фæстæ дæсгай, сæдæгай интервьютæ радта алыхуызон информацион фæрæзтæн, фæлæ Хуссар Ирыстоны зæххыл никуыуал.

Цымыдисаг у ацы интервью. Ирон æвзагмæ йæ ратæлмац кодтам, уадз æмæ Аланы тæмæссаг арф хъуыдытæ иронау адæм бакæсæнт. Уæлдай диссаг та нæм уый фæкаст, Цоциты Алан пехуымпар дæр кæй уыдис. Кæцæй йæ зыдта, 2008 аз Хуссар Ирыстонæн йе стыр рыст æмæ уыимæ йе стыр цин æмæ æнтыстыты аз кæй суыдзæн? Интервьюер Цхуырбаты Залинæ йæ æрмæджы сæргонд скодта Цоциты Аланы ныхæстæй: «Республикæ Хуссар Ирыстон 2007-2008 азтæм суыдзæн ИНО-йы уæнг». Нæ, ИНО-йы уæнг не ссис республикæ, фæлæ 2008 аз бындурон ивындзинæдтæ кæй æрхаста, уый дызæрдыккаг нæу. Бирæ цæмæйдæртæй цымыдисаг у ацы интервью.

— Дæ ном фехъусгæйæ, газеткæсæг фыццаджыдæр æрымысы политикон змæлд «Адæмон Ныхас»-ы. Абоны цæстæнгасæй организацийы архайды тыххæй цы хъуыды кæныс?

— Æз хорз зонгæ дæн Прибалтикæ æмæ Украинæйы, æндæр регионты (абон регионтæ нал сты-ред.) аналогон национ змæлдтытимæ. Фæлæ политикон-барадон æмæ моралон æгъдауæй «Адæмон Ныхас»-ы æмвæзадыл лæууæг организацитæ се хсæн нæ зонын. 80 азты кæрон «Адæмон Ныхас»-ы уæнгтæ цы статьятæ æмæ брошюрæтæ мыхуыр кодтой, уыдон æз кæсын стыр æхцондзинадимæ. Уым нæй ахæм прогнозтæ, кæцытæ иу, дыууæ кæнæ фондз азы фæстæ ма сæххæст уой. Æххæст не ’рцыд æрмæстдæр иу прогноз — Хуссар Ирыстон хæдбар паддзахадыл нымад не ’рцыд, æмæ уый та реализаци не ’рцыд 1992 азы фæстæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады аххосæй, хæдбардзинад райсынæн махæн уыд æппæт политикон æмæ барадон æмæ экономикон бындуртæ.

— Уæдæ къухты цæуылнæ æфты?

— Уый у сæйраг фарст. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ «Адæмон Ныхас» цы политикон æмæ юридикон ресурстæ сарæзта, уыдон Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад документтыл нæ банымадтой. Мах Коцты Леонидимæ фæнд кæнæм президент Кокойты Эдуардимæ фембæлын æмæ ацы фарстыл æруынаффæ кæнын, уымæн æмæ нын нæ позици ныры онг нымад не ’рцыд. Хуссар Ирыстоны позици документацигонд куы уыдаид, уæд Гуырдзыстонæн бындур нæ уыдаид мах сепаратизмы аххосджын кæнын, нæ гарзджын институттæ — æфсад, милици æмæ æндæртæ та æнæзакъонон гарзджын арæзтадтыл нымайын.

1990 азы æз дзырдтон, Хуссар Ирыстон 1995 азмæ кæй суыдзæн ИНО-йы уæнг. Кæд æмæ абон мах раст ауадзæм нæ æддагон политикæ, уæд 2007-2008 азтæм РХИ суыдзæн ИНО-йы уæнг.

— Табуафси, бамбарын æй кæн, цы нысан кæны æддагон политикæ раст уадзын?

— ССРЦ-йы ныппырхы фæстæ 1992 азмæ æрмæст дæр ССРЦ уыд æхсæнадæмон барты субъект. ССРЦ-йы Конституцийы дзырдæуы, зæгъгæ, зæхх у, чи йыл цæры, уыцы адæмы, æмæ афтæ дарддæр. Закъонмæ гæсгæ, ССРЦ-йы скондæй искæцы субъект куы хызт, уæд уый скъуыддзаг цыд референдумы фæрцы.

Нæ адæм ауагътой дыууæ референдумы. 1991 азы 17 марты ССРЦ-йы Уæлдæр Советы уæлдæр закъондæттæн органы уынаффæмæ гæсгæ уагъд æрцыд ССРЦ бахъахъхъæныны тыххæй референдум. Уыцы референдумы фæстиуджытæ нымад сты æхсæнадæмон бартæй æмæ архайынц ныры онг дæр, ничи сæ аивта æмæ сæ нæдæр аивдзæн, уымæн æмæ ССРЦ ныппырх ис. ССРЦ-йы бартææрбайсæг та у Уæрæсейы Федераци æмæ уымæн хæсджын у — хъуамæ æххæст кæна уынаффæтæ куыд 1991 азы референдумы хатдзæгтæ.

Гуырдзыстоны хицауад, ССРЦ-йы закъон халгæйæ, не сразы сты референдум ауадзыныл, æмæ уыимæ иумæ Гуырдзыстоны адæмæй байстой сæ закъонон, ахсджиаг бар — сæ хъуыды зæгъыны бар.

Хуссар Ирыстон уыцы референдумы хайад райста. 80 процентæй фылдæр (уыцы нымæцы гуырдзиæгтæ) дзы райстой хайад æмæ загътой сæ хъуыды. Ахъуыды ма кæн: хуссарирыстойнаг областон совет нæ райста уынаффæ автономи бахъахъæныны фæдыл, фæлæ ССРЦ-йы уæлдæр закъондæттæн орган — Уæлдæр Совет ауагъта референдум, кæцыйы хайад райстой Хуссар Ирыстоны цæрджытæ æмæ схъæлæс кодтой Цæдис бахъахъхъæныны тыххæй! Абон ацы факт ничи аивдзæн. ГССР референдумы хайад кæй нæ райста, уый фæдыл уыд автономийы референдум. Афтæмæй, 1991 азы мартъийы мæйæ мах стæм УФ-йы сконды, уымæн æмæ уый у ССРЦ-йы бартææрбайсæг. Кæнæ Уæрæсе хъуамæ сæххæст кæна йæ хæстæ, кæннод публикон æгъдауæй хъуамæ басæтта ССРЦ-йы бартææрбайсæг кæй нал у, ууыл.

Уыцы азты «Адæмон ныхас» архайдта куырдиаты текстыл, кæцы хъуамæ арвыстаиккам Мæскуымæ хъæугæ органтæм. Фæлæ уый уыд хуымæтæг куырдиат. Уæлдæр Советы уынаффæ нæ уыд, хъыгагæн.

1992 азы сентябры æз отставкæйы рацыдтæн, Цыбырты Людвигы рæстæджы та саразæн ницæмæн уыд. Дарддæр нæ аххосджын кодтой сепаратизмы, афтæмæй та ССРЦ-йы рæстæджы Гуырдзыстон уыд æцæг сепаратист. 1991 азы декабры ССРЦ-йы ныппырхы фæстæ мах рахаудыстæм Советон Цæдисæй.

1991 азы 17 марты Гуырдзыстон схъæлæс кодта Цæдисы скондæй рахизыныл. Хуссар Ирыстоны сепаратизмы аххосджын кæнын уыд æнæбындурон. Уымæн æмæ, цæмæй сепаратист уай, уый тыххæй хъуамæ закъон фехалай, мах та уый нæ сарæзтам. Фæлæ уыцы факт документмæ хаст не ’рцыд æмæ æппæт дунейы мах аххосджын кæнынц сепаратизмы, уый та у Хъуылымбегты Торез æмæ Цыбырты Людвигы «сгуыхтдзинад».

— Дыккаг референдумæн та цы нысаниуæг уыд?

— 1992 азы 19 январы мах ауагътам референдум, уымæн æмæ мах рахаудыстæм ныппырхгонд Цæдисæй. Мах сепаратисттæ нæ уыдыстæм æмæ нæ адæмы бафæрсын хъуыдис (мах Гуырдзыстон не стæм): цы сæ фæнды? Кæд æмæ Ельцины рæстæджы Уæрæсе иуварс кодта УФ-йы скондмæ Хуссар Ирыстоны бахызт 17 марты референдумы фæстæ, уæд мах фæндон бахастам, цæмæй адæмы раз сæвæрой фарст УФ-йы скондмæ бахизыны тыххæй.

— Ацы фарстæн дзуапп адæм сæхæдæг хъуамæ радтаиккой…

— Хъуылымбегты Торезы æмæ Цыбырты Людвигы фыдракæндон æнæархайды аххосæй нæ хъуыды документмæ хаст не ‘рцыд. Нæ разамонджытæ уæрæсейаг къухдариуæгадмæ ацы фарст нæ фæхæццæ кодтой, уыдис ын йæхи цæлхдуртæ, фæлæ сæ аиварсгæнæг нæ разынд.

Ахæм уавæрты «Адæмон Ныхас» УФ-йы скондмæ бахизыны фарстæй дарддæр ма архайдта 1992 азы 19 январы референдумы бюллетенты сæйраг фарст бахæссын — Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады тыххæй.

Референдумы хатдзæгты фæстæ æз уыдтæн шокы, уымæн æмæ ахæм фæстиуæгмæ ничи æнхъæлмæ каст: адæмæн сæ фылдæр схъæлæс кодтой хæдбардзинады тыххæй. Фæуæлахиз ис республикæйы хæдбардзинады тыххæй фарст. Гуырдзыстонимæ абаргæйæ, мах та ногæй дунейæн равдыстам кæй хæцæм барадон, демократон принциптыл.

— Мах ныхас кодтам проблематикæйы барадон аспектыл, æмæ ды куыд хъуыды кæныс, политикон æгъдауæй йæ куыд хъæуы аскъуыддзаг кæнын?

— Политикæ у тынг циникон, фæлæ барадон æмбæстагон æхсæнад кæм ис, уым бирæ нæ хæссы. Ныгуылæны ис æмбæстагон æхсæнад. Постсоветон тыгъдады уый нæй. Гуырдзыстоны абон ис германон фашизм. Фæлæ фашизмы миниуджытæ Германийы дæр æххæстæй нæ уыд. Нюрнбергы процессы фæдыл документтæм хъусдард здахгæйæ, мах не ссардтам се хсæн, фюрер славянæгты, дзуттæгты æмæ æндæрты скуынæг кæныны фæдыл къухфыстытæ. Нæдæр Германы уæлдæр паддзахадон органты уынаффæтæ нæй бæрæг, адæмы хатты скуынæг кæныны тыххæй.

Гуырдзиаг фюрер Звиад Гамсахурдиа алыран æмæ алыхатт дзырдта, ирæтты кæй хъæуы уисойæ амæрзын. «Чи нæ ацæуа, уый та маргæ». Ацы фашизм квалификаци кæнын хъæуы куыд гуырдзиаг хуызы гермайнаг фашизм. Цæмæй гермайнаг фашизм гуырдзиагимæ æмрæнхъ слæууа, уый тыххæй йын нæ фаг кæны дыууæ миниуæджы: нæй нацизмы бæлвырдгæнæнтæ, йæ лидертæ нæ сидтысты бæрæг этностæ скуынæг кæнынмæ, æмæ нæй рейхы уынаффæтæ ахæм фарстыты фæдыл. Гуырдзыстоны та ис ахæм уынаффæтæ, фюрер Звиад Гамсахурдийы хæслæвæрдтæ. Нæ позицийы политикон хай Хуссар Ирыстоны цаутæ ма хъуамæ квалификаци кæна куыд æхсæннацион конфликт, фæлæ хъуамæ снысан кæна фашизмы ныхмæ тохы факт.

Æмбарынад «æхсæннацион конфликт» домы дыууæ фарсы бæрндзинад. Уыимæ иумæ ирæтты æрдыгæй ничи басыгъта гуырдзиаг хъæутæй иу дæр, йæ территорийыл никуы ничи уагъта этниконкуынæгтæ, никуы нæ райхъуыстис уацайрæгты хъизæмæрттæй марыны цаутæ. Афтæ ма гуырдзиæгтæ, кæцытæн æхцатæ фидынц куыд Хуссар Ирыстонæй лигъдæттæн, — ахæмтæ никуы уыдысты. 1992 азы 6 январы æхсæвы гуырдзиаг милицион бандæйы æрбабырсты размæ, уыдон бархионæй ныууагъдтой сæ хæдзæрттæ æмæ сæ сыхæгты, хиуæтты, хæлæртты ныууагъдтой хъысмæты къухты. Уыдон лигъдæдтæ не сты, уыдон сты уæйгæнджытæ. Цхинвалы цæрæг гуырдзиæгтæ æрлæууыдысты сæ фюрер Гамсахурдиайы фарс.

Республикæ Хуссар Ирыстоны позици бафидар кæнын хъæуы документтæй æнæмæнгхъæуындзинад политикон æмæ барадон фадгуыты.

Расттдæр ахæм уавæры мах ныфс уыдзæн, 2007-2008 азты Хуссар Ирыстон кæй суыдзæн ИНО-йы уæнг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.